1 Уӕдӕ Йесо Чырыстиимӕ чи ис, уыдон тӕрхонгонд никуы уыдзысты. 2 Сыгъдӕг Уды царддӕттӕг ӕгъдау Йесо Чырыстийы руаджы дӕу ссӕрибар кодта тӕригъӕды ӕмӕ мӕлӕты ӕгъдауӕй. 3 Адӕймаджы ӕрдзыхъӕд ӕй кӕй слӕмӕгъ кодта, уый аххосӕй Ӕгъдауӕн цы нӕ бантыст, уый сарӕзта Хуыцау – рарвыста Йӕ Фырты. Фырт райста адӕймаджы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хуызӕн ӕрдзыхъӕд; ӕмӕ Йӕ ӕрхастӕуыд нывондӕн тӕригъӕды тыххӕй. Афтӕмӕй Хуыцау тӕрхон рахаста, адӕймаджы ӕрдзыхъӕды цы тӕригъӕд цӕры, уымӕн, 4 Цӕмӕй Ӕгъдау цы рӕстдзинад домы, уый сӕххӕст уа нӕ царды – мах цӕрӕм тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕсӕй нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕн коммӕгӕсӕй. 5 Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕстӕ тырнынц, сӕ ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ; Удӕн коммӕгӕстӕ та тырнынц, Уды цы фӕнды, уымӕ. 6 Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ тырнын мӕлӕт у; Уды цы фӕнды, уымӕ тырнын та – цард ӕмӕ фарн. 7 Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ тырнӕг Хуыцауӕн знаг у, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ӕгъдауӕн нӕ сӕтты, стӕй йӕ бон басӕттын дӕр нӕу. 8 Уӕдӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕстӕн Хуыцауы зӕрдӕ балхӕнын сӕ бон нӕу. 9 Сымах та уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕс не стут, фӕлӕ – Удӕн, кӕд Хуыцауы Уд уӕ зӕрдӕты цӕры, уӕд. Кӕд искӕмӕ Чырыстийы Уд нӕй, уӕд уый та Чырыстийы нӕу. 10 Фӕлӕ кӕд Чырысти уӕ зӕрдӕты ис, уӕд уын Уд дӕтты цард, Хуыцауимӕ фидыд кӕй стут, уый тыххӕй, кӕд уӕ буар тӕригъӕды аххосӕй мӕлӕтон у, уӕддӕр. 11 Йесойы мӕрдтӕй Райгасгӕнӕджы Уд кӕд уӕ зӕрдӕты цӕры, уӕд Чырыстийы мӕрдтӕй Райгасгӕнӕг райгас кӕндзӕн уӕ мӕлӕтон буӕрттӕ дӕр, уӕ зӕрдӕты Чи цӕры, Йӕ уыцы Уды руаджы. 12 Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, мах нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй хӕс нӕ дарӕм, ӕмӕ йын коммӕгӕсӕй хъуамӕ ма цӕрӕм. 13 Кӕд тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕсӕй цӕрут, уӕд амӕлдзыстут; фӕлӕ кӕд Уды хъаруйӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ марут, уӕд цӕрдзыстут. 14 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Уды коммӕ чи кӕсы, уыдон иууылдӕр Хуыцауы хъӕбултӕ сты. 15 Цы Удӕй схайджын стут, уый ахӕм нӕу, ӕмӕ цагъартӕ уат ӕмӕ та ногӕй тасы цӕрат. Сымах схайджын стут, Хуыцауы хъӕбултӕ Кӕй руаджы систӕм, ахӕм Удӕй, ӕмӕ Йӕ фӕрцы хъӕлӕсыдзагӕй фӕзӕгъӕм: «Аввӕ, нӕ Фыд!» 16 Уыцы Уд нӕ удимӕ ӕвдисӕн лӕууы, мах Хуыцауы хъӕбултӕ кӕй стӕм, уымӕн. 17 Ӕмӕ кӕд Йӕ хъӕбултӕ стӕм, уӕд Хуыцаумӕ цы хорзӕхтӕ ис, уыдонӕй райсдзыстӕм, исгӕ та сӕ Чырыстиимӕ ракӕндзыстӕм. Ӕмӕ кӕд иугӕр Йемӕ тухӕн ӕвзарӕм, уӕд нын хай уыдзӕн Йӕ намысӕй. 18 Ӕз фидарӕй ӕууӕндын: цы намысӕй схайджын уыдзыстӕм, уымӕн йӕ разы ницы сты абоны тухӕнтӕ. 19 Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ӕппӕт уыцы дуне зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыцы намысимӕ Йӕ хъӕбулты Хуыцау кӕд равдисдзӕн, уымӕ. 20 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыцы дуне бафтыд ӕнӕпайда цардыл; барвӕндонӕй йӕ нӕ равзӕрста, фӕлӕ йӕ ахӕм цардыл бафтауын Хуыцауы бафӕндыд. Уӕддӕр бауынаффӕ кодта, 21 Кӕй сфӕлдыста, уыцы дуне кӕй фервӕздзӕн мӕлӕты ӕфсондзӕй ӕмӕ схайджын уыдзӕн, Хуыцау Йӕ хъӕбултӕн цы намыс ратдзӕн, уымӕй. 22 Мах зонӕм: Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ӕппӕт уыцы дуне абон дӕр ма хъӕрзы ӕмӕ хъизӕмар кӕны арӕг сылгоймагау. 23 Ӕмӕ ӕрмӕст дуне нӕ, фӕлӕ мах нӕхӕдӕг дӕр хъӕрзӕм хинымӕр. Мах райстам Хуыцауы хорзӕхтӕн сӕ фыццаг – Сыгъдӕг Уд, ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау нӕ Йӕхицӕн хъӕбултӕ кӕд сараздзӕн ӕмӕ нӕ буар мӕлӕтӕй кӕд фервӕздзӕн, уымӕ. 24 Мах уыцы зӕрдӕдарӕнимӕ фервӕзтыстӕм. Зӕрдӕ цӕуыл дарӕм, уый куы уынӕм, уӕд зӕрдӕдарӕн нал у. Адӕймаг цы уына, ууыл ма йӕ зӕрдӕ куыд хъуамӕ дара? 25 Фӕлӕ цы нӕма федтам, ууыл нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм фӕразонӕй. 26 Ӕмӕ нӕм Сыгъдӕг Уд дӕр ӕрцӕуы ӕххуысмӕ, уымӕн ӕмӕ мах стӕм лӕмӕгъ ӕмӕ нӕ зонӕм, цӕй тыххӕй ӕмӕ куыд кувын хъӕуы, уый. Уӕд Уд мах тыххӕй фӕкуры Хуыцауӕй, ӕвзагыл чи нӕ бады, ахӕм уынӕргъынӕй. 27 Нӕ зӕрдӕтӕ Чи уыны, Уымӕн та зындгонд сты Уды хъуыдытӕ, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕджыты тыххӕй фӕкуры, Хуыцауӕн фӕндон куыд у, афтӕ. 28 Ӕмӕ мах зонӕм, Хуыцауы чи уарзы, Йӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ кӕй ӕрхуындӕуыд, уыдонӕн алцыдӕр фӕкӕны сӕ хорзӕхӕн. 29 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау рагагъоммӕ кӕй базыдта, уыдонӕн снысан кодта Йӕ Фырты хуызӕн уӕвын, цӕмӕй бирӕ ӕфсымӕрты ӕхсӕн Йӕ Фырт уа фыццаггуырд. 30 Ӕмӕ рагацау кӕй снысан кодта, уыдоны ӕрхуыдта, ӕмӕ кӕй ӕрхуыдта, уыдоны сраст кодта, ӕмӕ кӕй сраст кодта, уыдонӕн радта намыс. 31 Уымӕ ма цы бафтауӕм? Кӕд Хуыцау нӕ фарс у, уӕд нын кӕй бон цы у? 32 Йӕ Фырты Чи нӕ бавгъау кодта, фӕлӕ Йӕ неппӕты сӕрвӕлтау нывондӕн Чи ӕрхаста, Уый нын Йемӕ ӕппӕт дӕр нӕ ратдзӕн, ӕви? 33 Чи фӕзылын кӕндзӕн Хуыцауы ӕвзӕрстыты? Хуыцау сӕ раст кӕны. 34 Чи сын стӕрхон кӕндзӕн? Чи амард, фӕлӕ ма мӕрдтӕй дӕр Чи райгас, уыцы Йесо Чырысти бады Хуыцауы рахиз фарс ӕмӕ куры мах тыххӕй. 35 Чырыстийы уарзтӕй мах ӕнӕхай чи фӕкӕндзӕн? Хъыг ӕви зынтӕ, ӕфхӕрд ӕви стонг, быгъдӕг-бӕгънӕг, тас ӕви цирхъ? Афтӕ зӕгъы Сыгъдӕг Фыст дӕр: 36 «Дӕу кӕй стӕм, уый тыххӕй иудадзыг кӕсӕм мӕлӕты цӕстытӕм, нымайынц нӕ ӕргӕвдинаг фыстыл». 37 Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттыл уӕлахиз кӕнӕм нӕ Бауарзӕджы хъаруйӕ. 38 Уымӕн ӕмӕ ӕз ӕууӕндын: нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр цард, нӕдӕр зӕдтӕ, нӕдӕр ӕнӕбуар ӕлдӕрттӕ ӕмӕ тыхджынтӕ, нӕдӕр абон, нӕдӕр фидӕн, 39 Нӕдӕр уӕле цы ис, нӕдӕр бынӕй цы ис, кӕй сфӕлдыстӕуыди, нӕдӕр уыдонӕй исчи бафӕраздзӕни, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцауӕй кӕй райстам, уыцы уарзтӕй мах ӕнӕхай фӕкӕнын.
