IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

Ромӕгтӕм 6 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Уӕдӕ цы зӕгъӕм? Цӕмӕй Хуыцауы хорзӕхыл бафта, уый тыххӕй тӕригъӕдджынтӕй хъуамӕ баззайӕм? Ницы хуызы!   2  Мах амардыстӕм тӕригъӕдӕн, уӕд ма тӕригъӕдимӕ куыд хъуамӕ цӕрӕм?   3  Ӕви ныл Йесо Чырыстиимӕ баиуы охыл куы саргъуыдӕуыд, уӕд Йемӕ кӕй амардыстӕм, уый нӕ зонут?   4  Уӕдӕ аргъауыны рӕстӕг мах амардыстӕм ӕмӕ ныгӕд ӕрцыдыстӕм Йемӕ, цӕмӕй Чырысти Йӕ Фыды намысджын хъаруйӕ мӕрдтӕй куыд райгас, афтӕ мах дӕр райгас уӕм ӕмӕ цӕрӕм ног цардӕй.   5  Ӕмӕ кӕд мах Чырыстийау амардыстӕм ӕмӕ афтӕмӕй баиу стӕм Йемӕ, уӕд мӕрдтӕй дӕр райгас уыдзыстӕм, Уый куыд райгас, афтӕ, ӕмӕ баиу уыдзыстӕм Йемӕ.   6  Мах зонӕм, раздӕр цы уыдыстӕм, уыцы адӕймаджы Йемӕ байтыгъдӕуыд нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд басӕттынӕн ӕмӕ тӕригъӕды цагъарӕй фервӕзынӕн.   7  Уымӕн ӕмӕ чи амард, уый ссӕрибар тӕригъӕдӕй.   8  Ӕмӕ кӕд иугӕр Чырыстиимӕ амардыстӕм, уӕд ӕууӕндӕм, цӕргӕ дӕр Йемӕ кӕй кӕндзыстӕм, ууыл.   9  Мах зонӕм, мӕрдтӕй райгасы фӕстӕ Чырысти кӕй нал амӕлдзӕн, уый: мӕлӕты бон Ыл нал цӕуы.   10  Уымӕн ӕмӕ куы амард, уӕд амард тӕригъӕдӕн иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ. Ныр та удӕгас у, ӕмӕ цӕры Хуыцауӕн.   11  Афтӕ сымах дӕр тӕригъӕдӕн уӕхи нымайут мардыл, Хуыцауӕн та удӕгасыл, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стут, уый фӕрцы.   12  Уӕдӕ тӕригъӕд уӕ мӕлӕтон буарӕн паддзах ма уӕд, цӕмӕй буары чъизи мондӕгты коммӕ ма кӕсат.   13  Ӕмӕ уӕ буары уӕнгтӕ ма раттут тӕригъӕдӕн – ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразыны хотыхӕн, фӕлӕ сымах мӕрдтӕй кӕй райгас стут, уымӕ гӕсгӕ уӕхи бакӕнут Хуыцауы ӕвджид ӕмӕ Йын рӕстады хотыхӕн раттут уӕ уӕнгтӕ.   14  Тӕригъӕд уын ӕлдар ма уӕд, уымӕн ӕмӕ сымах ӕгъдауы дӕлбар не стут, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхы дӕлбар.   15  Уӕдӕ цы кӕнӕм? Ӕгъдауы дӕлбар нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхы дӕлбар кӕй стӕм, уый тыххӕй хъуамӕ тӕригъӕды бафтӕм? Ницы хуызы!   16  Цагъарау кӕй коммӕ бакастыстут, уымӕн йӕ цагъартӕ кӕй стут, уый нӕ зонут, ӕви? Тӕригъӕдӕн цагъартӕ куы уат, уӕд амӕлдзыстут, Хуыцауӕн коммӕгӕс цагъартӕ куы уат, уӕд уӕ сраст кӕндзӕн.   17  Бузныг Хуыцауӕй, сымах тӕригъӕдӕн уыдыстут цагъартӕ, фӕлӕ ныр зӕрдиагӕй коммӕгӕс стут, уӕ зӕрдӕйы уын цы ахуырад нывӕрдӕуыд, уымӕн.   18  Сымах суӕгъд стут тӕригъӕдӕй ӕмӕ систут рӕстады цагъартӕ.   19  Адӕймаджы хуымӕтӕг ӕвзагӕй пайда кӕнын, уымӕн ӕмӕ сымах лӕмӕгъ стут нырма. Уӕ буары уӕнгтӕ тӕригъӕдӕн кӕддӕр цагъартӕ куыд скодтат, цӕмӕй ӕнӕуаг ӕмӕ чъизи митӕ кӕнат, афтӕ ныр та уӕ буары уӕнгтӕ рӕстадӕн скӕнут цагъартӕ, цӕмӕй цӕрат сыгъдӕг цардӕй.   20  Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕды цагъартӕ куы уыдыстут, уӕд сымахыл рӕстады бар нӕ цыд.   21  Ӕмӕ уын уый цы ӕрхаста? Сымах ӕмхиц уыдыстут, ныртӕккӕ ӕфсӕрмы кӕй тыххӕй кӕнут, ӕппынфӕстаг мӕлӕт чи ӕрхӕссы, ахӕм митӕм.   22  Фӕлӕ тӕригъӕдӕй суӕгъд стут ӕмӕ систут Хуыцауы цагъартӕ; ныртӕккӕ уӕ хӕрзиуӕг у сыгъдӕг цард, ӕппынфӕстаг та райсдзыстут мыггагмӕйы цард.   23  Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдӕн йӕ мызд у мӕлӕт, Хуыцауы лӕвар та – мыггагмӕйы цард нӕ Хицау Йесо Чырыстиимӕ удӕнгомӕй.