IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

Ромӕгтӕм 5 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Уӕдӕ сраст стӕм уырнындзинады руаджы, ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырысти мах бафидауын кодта Хуыцауимӕ.   2  Нӕ уырнындзинады фӕрцы нын Чырысти фӕндаг байгом кодта, хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы хорзӕхмӕ. Ӕмӕ Хуыцауы намысӕй нӕ хай кӕй райсдзыстӕм, ууыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ цинӕн нал и кӕрон.   3  Ӕмӕ нӕ цин ӕрмӕст ууыл нӕу, фӕлӕ нӕ тухӕнтыл дӕр, уымӕн ӕмӕ зонӕм, тухӕнтӕ бавзаргӕйӕ кӕй свӕййӕм фӕразон,   4  Фӕразонӕй свӕййӕм фӕлвӕрд, фӕлвӕрд куы свӕййӕм, уӕд уый расайы зӕрдӕдарӕн.   5  Зӕрдӕдарӕн та къӕмдзӕстыггаг нӕу, уымӕн ӕмӕ махӕн лӕ- вӕрд Чи у, уыцы Сыгъдӕг Уды фӕрцы Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕ байдзаг кодта Йӕ уарзтӕй.   6  Лӕмӕгъ ма куы уыдыстӕм, уӕд нысангонд ӕмгъуыдыл Чырысти амард тӕригъӕдджынты сӕраппонд.   7  Рӕстгӕнӕджы тыххӕй исчи йӕ цард ратдзӕн, уый дызӕрдыггаг у. Чи зоны, искӕмӕ разына йӕ хӕрзгӕнӕджы сӕраппонд амӕлыны ӕхсар.   8  Фӕлӕ нӕ Хуыцау кӕй уарзы, уый равдыста, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд Чырысти мах сӕраппонд кӕй амард, уымӕй.   9  Кӕд абон Йесойы Туджы фӕрцы сраст стӕм, уӕд нӕ цас фылдӕр ныфс ис, Йӕ фӕрцы Хуыцауы фыдӕхӕй кӕй фервӕздзыстӕм, уымӕй!   10  Уымӕн ӕмӕ кӕд раздӕр Хуыцауы знӕгтӕ уыдыстӕм ӕмӕ Йемӕ бафидыдтам Йӕ Фырты мӕлӕты фӕрцы, уӕд нӕ цас фылдӕр ныфс ис, мах, Хуыцауимӕ фидыд адӕм, кӕй фервӕздзыстӕм Йӕ Фырты царды фӕрцы!   11  Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауимӕ кӕй стӕм, ууыл цин кӕнӕм нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы – Уый нӕ бафидауын кодта Хуыцауимӕ.   12  Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, ӕмӕ уыцы тӕригъӕдимӕ – мӕлӕт. Афтӕмӕй мӕлӕт сбарджын ӕппӕт адӕмыл, уымӕн ӕмӕ сеппӕт дӕр тӕригъӕды бафтыдысты.   13  Тӕригъӕд Ӕгъдауы агъоммӕ дӕр дунейы уыди; фӕлӕ ӕгъдау куы нӕ уа, уӕд тӕригъӕд тӕригъӕдыл нымад нӕ цӕуы.   14  Фӕлӕ мӕлӕт Адамы заманӕй Моисейы заманмӕ дӕр ӕлдариуӕг кодта, Адам кӕй ракодта, уыцы тӕригъӕды чи нӕ бафтыд, уыдоныл дӕр. Адам та у, фидӕны Чи хъуамӕ ӕрцыдаид, Уымӕн Йӕ развӕлгонц.   15  Фӕлӕ тӕригъӕд ӕмӕ хорзӕх иу не сты. Кӕд иу адӕймаджы тӕригъӕд бирӕтӕн мӕлӕт ӕрхаста, уӕд уыцы тӕригъӕды зианӕй цас тыхджындӕр сты Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ, иу Адӕймаджы, Йесо Чырыстийы, хорзӕхмӕ гӕсгӕ бирӕтӕ кӕй райстой, уыцы лӕвар!   16  Ӕмӕ иу адӕймаджы тӕригъӕд цы расайдта, Хуыцауы хорзӕх уый хуызӕн нӕу. Иу тӕригъӕд ӕркодта карз тӕрхонмӕ, Хуыцауы хорзӕх та бирӕ тӕригъӕдтӕй раст кӕны.   17  Кӕд иу адӕймаджы аххосӕй иу тӕригъӕды тыххӕй мӕлӕт паддзах сси, уӕд иу Адӕймаджы, Йесо Чырыстийы, руаджы та цӕрдзысты ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты, Хуыцау йӕ хорзӕх рӕдауӕй кӕмӕн дӕтты ӕмӕ лӕвар кӕй раст кӕны, уыдон.   18  Уӕдӕ иу адӕймаджы тӕригъӕд ӕппӕт адӕмӕн карз тӕрхон куыд расайдта, афтӕ иу Адӕймаджы раст хъуыддаг раст кӕны ӕппӕт адӕмы ӕмӕ сын дӕтты цард.   19  Иу адӕймаджы ӕгоммӕгӕсӕй бирӕтӕ тӕригъӕдджынтӕ куыд систы, афтӕ иу Адӕймаджы коммӕгӕсӕй бирӕтӕ суыдзысты рӕстгӕнджытӕ.   20  Ӕгъдау та ӕрцыди тӕригъӕды бабирӕйӕн, фӕлӕ тӕригъӕд куы бабирӕ, уӕд Хуыцауы хорзӕхӕн ныккӕнӕнтӕ нал уыд,   21  Цӕмӕй, тӕригъӕд куыд паддзахиуӕг кодта ӕмӕ адӕмӕн мӕлӕт куыд хаста, афтӕ паддзахиуӕг кӕна Хуыцауы хорзӕх дӕр, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы раст кӕна адӕймаджы ӕмӕ дӕтта мыггагмӕйы цард.