1 Ӕфсымӕртӕ, зӕрдиагӕй мӕ фӕнды ӕмӕ кувын Хуыцаумӕ, цӕмӕй израилӕгтӕ фервӕзой. 2 Ӕз ӕвдисӕн дӕн: Хуыцауыл ӕнувыд сты, фӕлӕ сӕ ӕнувыддзинад у ӕнӕфенд. 3 Уыдон нӕ зыдтой, Хуыцау адӕймаджы куыд раст кӕны, уый, ӕмӕ архайдтой сӕхи сраст кӕнынӕн сӕхи фӕндаг ссарыныл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ басастысты Хуыцауы рӕстадӕн. 4 Чырысти та кӕрон скодта Ӕгъдауӕн, цӕмӕй алы уырнӕг дӕр Хуыцауы раз сраст уа. 5 Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ адӕймаг куыд раст кӕны, уый тыххӕй Моисей афтӕ фыссы: «Йӕ домӕнтӕ йын чи сӕххӕст кӕна, уыцы адӕймаг цӕрдзӕн уыдоны фӕрцы». 6 Уырнындзинады фӕрцы адӕймаг куыд раст кӕны, уый тыххӕй Сыгъдӕг Фыст афтӕ зӕгъы: «Дӕхи макуы бафӕрс: „Чи ссӕудзӕн уӕларвмӕ?"» (ома, Чырыстийы зӕхмӕ ӕркӕнынмӕ). 7 «Кӕнӕ: „Чи ныххиздзӕн дӕлдзӕхмӕ?"» (ома, Чырыстийы мӕрдтӕй сыстын кӕнынмӕ). 8 Фӕлӕ Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы? «Хуыцауы ныхас дӕм хӕстӕг у, де 'взагыл ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы ис». Уый у, уырнындзинады тыххӕй мах кӕй хъусын кӕнӕм, уыцы ныхас: 9 Йесо Хицау кӕй у, уый тыххӕй ӕргомӕй куы дзурай, ӕмӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, ууыл зӕрдӕйӕ куы ӕууӕндай, уӕд фервӕздзынӕ. 10 Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйӕ ӕууӕндын адӕймаджы раст кӕны, уырныны тыххӕй ӕргомӕй дзурын та ирвӕзындзинад дӕтты. 11 Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Чидӕриддӕр Ыл ӕууӕнды, уый нӕ фӕхудинаг уыдзӕн». 12 Ам иудейы ӕмӕ муртаты ӕхсӕн хъауджы нӕй – сеппӕтӕн дӕр иу Хицау ис, ӕмӕ рӕдауӕй дӕтты, Йӕ ном Ын чидӕриддӕр ссара, уыдонӕн. 13 Уымӕн ӕмӕ «Хицауы ном чидӕриддӕр ссара, уый фервӕздзӕн». 14 Фӕлӕ Кӕуыл нӕ баууӕндыдысты, Уый ном куыд ссарой? Кӕй тыххӕй нӕ фехъуыстой, Ууыл куыд баууӕндой? Куыд фехъусой, куы ничи сын хъусын кӕна, уӕд? 15 Ӕмӕ куыд фехъусын кӕной, фехъусын кӕнынмӕ сӕ куы нӕ арвыстӕуа, уӕд? Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Куыд ӕхцон у фарны уац хӕсджыты ӕрцыд!» 16 Фӕлӕ сеппӕт фарны уацыл нӕ баууӕндыдысты. Уый тыххӕй Исай зӕгъы: «Хицау, махӕй цы фехъуыстой, ууыл чи баууӕндыд?» 17 Уӕдӕ уырнындзинад у фехъусынӕй, хъусгӕ та хъуамӕ фӕкӕнай ныхас Чырыстийы тыххӕй 18 Фӕлӕ фӕрсын: нӕ йӕ фехъуыстой? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фехъуыстой йӕ. Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Ӕппӕт зӕххыл айхъуыст сӕ хъӕлӕс, ӕмӕ сӕ ныхас анхъӕвзта дунейы иу кӕронӕй иннӕмӕ». 19 Ноджы ма фӕрсын: Израил уый нӕ зыдта? Фыццаг ӕй Моисей куы зӕгъы: «Ӕз сараздзынӕн афтӕ, ӕмӕ хӕлӕг кӕндзыстут, Мӕ адӕм чи нӕу, уыдонмӕ; смӕсты уӕ кӕндзынӕн ӕнӕфенд адӕмы фӕрцы». 20 Исай та ныфсджындӕрӕй зӕгъы: «Чи нӕ Мӕ агуырдта, уыдон Мӕ ссардтой; Ӕз раргом дӕн, Мӕ базонынмӕ чи нӕ бӕллыд, уыдонӕн». 21 Израилы тыххӕй та зӕгъы: «Ӕнӕхъӕн бон, мӕ цӕнгтӕ сӕм даргӕйӕ, сидтӕн ӕгоммӕгӕс ӕмӕ хивӕнд адӕммӕ».
