IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

Ӕргомад 7 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ ӕз федтон цыппар зӕды. Уыдон лӕууыдысты зӕххы цыппар кӕроны, ӕмӕ хӕцыдысты зӕххон цыппар дымгӕйыл, нӕдӕр зӕххыл, нӕдӕр денджызыл, нӕдӕр бӕлӕстыл куыд нӕ дымой, афтӕ.   2  Ӕз федтон ӕндӕр зӕды дӕр. Уый ссӕйцыд скӕсӕнӕй ӕмӕ йӕм уыди цардӕгас Хуыцауы мыхуыр. Зӕд ныхъхъӕр кодта, зӕххӕн ӕмӕ денджызӕн знаггад ракӕныны бар лӕвӕрд кӕмӕ ӕрцыд, уыцы цыппар зӕдмӕ:   3  «Цалынмӕ нӕ Хуыцауы цагъарты тӕрныхтыл мыхуыр сӕвӕрӕм, уӕдмӕ знаггад ма ракӕнут нӕдӕр зӕххӕн, нӕдӕр денджызӕн, нӕдӕр бӕлӕстӕн».   4  Ӕз фехъуыстон, мыхуыр ӕвӕрд кӕуыл ӕрцыд, уыдоны нымӕц: израилаг адӕмы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕй мыхуыр ӕвӕрд ӕрцыди сӕдӕ цыппор цыппар миныл.   5  Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй мыхуыр ӕвӕрд ӕрцыд дыууадӕс миныл; Рувимы хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл; Гады хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл;   6  Асиры хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл; Неффалимы хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл; Манассийы хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл;   7  Симеоны хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл; Левийы хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл; Иссахары хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл;   8  Завулоны хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл; Иосифы хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл; Вениамины хӕдзарвӕндагӕй – дыууадӕс миныл.   9  Уый фӕстӕ ӕз федтон, нымайын дӕр кӕй ничи бафӕрӕзтаид, уыйбӕрц дзыллӕ алы адӕмыхӕттытӕй, алы мыггагӕй, алы адӕмтӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй – сӕ къухы палмӕйы къалиутимӕ урс-урсид дарӕсы лӕууыдысты паддзахы бадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз.   10  Уыдон хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Паддзахы бадӕны Чи бады, нӕ уыцы Хуыцау ӕмӕ Уӕрыкк сты ирвӕзынгӕнӕг!»   11  Зӕдтӕ иууылдӕр лӕууыдысты паддзахы бадӕны, цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ӕмӕ цыппар уӕларвон удгоймаджы алыварс, стӕй адӕлгом сты паддзахы бадӕны раз ӕмӕ бакуывтой Хуыцаумӕ:   12  «Амен! Табу, намыс ӕмӕ кад мыггагӕй-мыггагмӕ нӕ зондджын, арфӕгонд, тыхджын ӕмӕ хъомысджын Хуыцауӕн! Амен!»   13  Цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕрӕй мӕ иу бафарста: «Уӕртӕ урс-урсид дарӕс кӕуыл ис, уыдон чи сты ӕмӕ кӕцӕй ӕрцыдысты?»   14  Ӕз ын загътон: «Ды йӕ дӕхӕдӕг зоныс, ме 'лдар». Уӕд мын загъта: «Стыр бӕллӕхӕй чи ӕрцыд, уыдон сты; сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ ныуурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй.   15  Уый тыххӕй лӕууынц Хуыцауы бадӕны раз ӕмӕ Йын ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кӕнынц Йӕ Кувӕндоны; ӕмӕ паддзахы бадӕны Бадӕг уыдоны бакӕндзӕн Йӕ дӕлбазыр.   16  Уыдон нал кӕндзысты нӕдӕр стонг, нӕдӕр дойны. Хур дӕр сӕ нал судздзӕн ӕмӕ сӕ ӕнтӕф дӕр нал хъыгдардзӕн.   17  Уымӕн ӕмӕ Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу цы Уӕрыкк ис, Уый сӕ кӕндзӕн хизынмӕ ӕмӕ царддӕттӕг суадӕттӕм, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй асӕрфдзӕн сӕ цӕссыг».