1 Уӕд паддзахы бадӕны Бадӕджы рахиз къухы ӕз федтон дыууӕрдыгӕй дӕр фыст чиныг-тыхтон; ӕхгӕд уыдис авд мыхуырӕй. 2 Ӕз федтон тыхджын зӕды. Уый хъӕрӕй бафарста: «Чи у ацы чиныджы мыхуыртӕ асӕттыны ӕмӕ йӕ байгом кӕныны аккаг?» 3 Ӕмӕ нӕдӕр уӕларвы, нӕдӕр зӕххыл, нӕдӕр зӕххы бын никӕй бон уыди чиныг байгом кӕнын ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый фенын. 4 Ӕмӕ ӕз бирӕ фӕкуыдтон, уыцы чиныг байгом кӕныны ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый феныны аккаг кӕй ничи разынд, ууыл. 5 Уӕд мын цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕрӕй иу загъта: «Ма ку, мӕнӕ фӕуӕлахиз Домбай Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй, Давиды Ӕвзар. Уый асӕтдзӕн авд мыхуыры ӕмӕ байгом кӕндзӕн чиныг». 6 Ӕз федтон: Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу лӕууыд Уӕрыкк, Йӕ алыварс та – цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры; ӕдде бакӕсгӕйӕ Уӕрыкк уыди, цыма Йӕ нывондӕн ӕрхастӕуыд, афтӕ. Уыдис Ын авд сыкъайы ӕмӕ авд цӕсты – ӕппӕт зӕхмӕ кӕй рарвыстӕуыд, Хуыцауы уыцы авд уды. 7 Уӕрыкк ӕрбацыд ӕмӕ паддзахы бадӕны Бадӕджы рахиз къухӕй райста чиныг. 8 Чиныг куы райста, уӕд цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры адӕлгом сты Уӕрыччы раз. Алкӕмӕ дӕр дзы уыди фӕндыр, стӕй будӕй дзаг сызгъӕрин будсудзӕнтӕ – сыгъдӕджыты куывдтытӕ. 9 Уыдон зарыдысты ног зарӕг: «Ды чиныг райсыны ӕмӕ йын йӕ мыхуыртӕ асӕттыны аккаг дӕ, уымӕн ӕмӕ Дӕу ӕрхастӕуыд нывондӕн, ӕмӕ Дӕ Тугӕй Хуыцауӕн балхӕдтай адӕм алы мыггаджы ӕмӕ ӕвзаджы, алы адӕмы ӕмӕ адӕмыхатты ӕхсӕнӕй, 10 Скодтай сӕ паддзӕхтӕ, нӕ Хуыцауӕн лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты зӕххыл». 11 Ӕз акастӕн ӕмӕ фехъуыстон, паддзахы бадӕны, цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры алыварс цы бирӕ зӕдтӕ уыди, уыдоны хъӕлӕс. Уыдон уыдысты ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ, ӕнӕнымӕц, 12 Ӕмӕ дзырдтой хъӕрӕй: «Нывондӕн Кӕй ӕрхастӕуыд, уыцы Уӕрыкк у кады, намысы ӕмӕ арфӕйы аккаг; Уый у тыхджын ӕмӕ хъӕздыг, зондджын ӕмӕ хъомысджын!» 13 Ӕз фехъуыстон, Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдон сеппӕт дӕр уӕларвы, зӕххыл, зӕххы бын, денджызы – дун-дунейы чидӕриддӕр ис, уыдон цы дзырдтой, уый: «Паддзахы бадӕны Бадӕгӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн – арфӕ, кад, намыс ӕмӕ ӕппӕт бартӕ мыггагӕй-мыггагмӕ!» 14 Цыппар уӕларвон удгоймаджы загътой: «Амен». Цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры дӕр адӕлгом сты ӕмӕ бакуывтой, мыггагмӕ Цардӕгас Чи у, Уымӕн.
