IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

Ӕргомад 22 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Зӕд мын фенын кодта, Хуыцауы ӕмӕ Уӕрыччы бадӕнӕй дзӕнхъайау цы ӕрттивгӕ царддӕттӕг цӕугӕдон калди, уый.   2  Уый калди сахары уынджы хӕдастӕуты, йӕ иу фарс дӕр ӕмӕ йӕ иннӕ фарс дӕр рӕзыд, афӕдз дыууадӕс хатты, ӕрвылмӕй, дыргъ чи дӕтты, уыцы царды бӕлас. Бӕласы сыфтӕртӕ адӕмтӕн уыдысты ӕвдадзыхос.   3  Сахары ӕлгъыстагӕй ницыуал уыдзӕн. Уым уыдзӕн Хуыцауы ӕмӕ Уӕрыччы бадӕн, ӕмӕ Йын лӕггад кӕндзысты Йӕ цагъартӕ.   4  Фендзысты Йын Йӕ цӕсгом, ӕмӕ Йӕ ном фыст уыдзӕн сӕ тӕрныхтыл.   5  Уым ӕхсӕв нӕ уыдзӕн, нӕ дзы хъӕудзӕн нӕдӕр рухсгӕнӕн, нӕдӕр хуры рухс, уымӕн ӕмӕ сын рухс кӕндзӕн Хицау Хуыцау; ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.   6  Зӕд мын загъта: «Ацы дзырдтӕ ӕцӕг сты ӕмӕ сыл ис ӕууӕндӕн. Ӕмӕ пехуымпарты Йӕ Удӕй разӕнгардгӕнӕг Хицау Хуыцау Йӕ зӕды рарвыста, рӕхджы цы уыдзӕн, уый Йӕ цагъартӕн равдисынмӕ».   7  «Рӕхджы ӕрцӕудзынӕн». Ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕ кӕмӕ хъарынц, уый тӕхудиаг у.   8  Ӕз, Иоанн, федтон ӕмӕ фехъуыстон ӕппӕт уыдӕттӕ. Куы сӕ фехъуыстон ӕмӕ сӕ куы федтон, уӕд бакувынмӕ адӕлгом дӕн, уыдӕттӕ мын чи ӕвдыста, уыцы зӕды къӕхты раз.   9  Фӕлӕ мын уый загъта: «Афтӕ ма бакӕн; ӕз дӕуӕн, де 'фсымӕр пехуымпартӕн, стӕй ацы чиныджы ныхӕстӕ кӕмӕ хъарынц, уыдонӕн се 'мкусӕг дӕн. Хуыцаумӕ бакув».   10  Ноджы мын загъта: «Ма басусӕг кӕн ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕ. Уымӕн ӕмӕ рӕстӕг ӕрӕввахс.   11  Ӕвзӕргӕнӕг дарддӕр кӕнӕд ӕвзӕр митӕ. Чъизи адӕймаг дарддӕр чъизи кӕнӕд йӕхи. Рӕстгӕнӕг дарддӕр кӕнӕд раст хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сыгъдӕг дарддӕр цӕрӕд сыгъдӕгӕй».   12  «Рӕхджы ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ мызд Мемӕ ис – алкӕмӕн дӕр ратдзынӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.   13  Ӕз дӕн Алфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон, фыццаг ӕмӕ фӕстаг».   14  Йӕ дарӕс чи ӕхсы, уыдон тӕхудиаг сты – уыдзӕн сын царды бӕласы дыргъӕй бахӕрыны ӕмӕ сахармӕ дуарыл бацӕуыны бар.   15  Куыйтӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕ, хӕлд адӕм ӕмӕ лӕгмартӕ, мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, стӕй гӕды митыл хӕст чи у ӕмӕ сӕ чи уарзы, уыдон та баззайдзысты ӕдде.   16  «Ӕз, Йесо, Мӕ зӕды арвыстон ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сымахӕн аргъуанты зӕгъынмӕ. Ӕз дӕн Давиды Ӕвзар ӕмӕ Байзӕддаг, тӕмӕнкалгӕ Бонвӕрнон».   17  Уд ӕмӕ Усаг зӕгъынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!» Дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ кӕй фӕнды, уый царды дон айсӕд лӕвар.   18  Ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕ чидӕриддӕр хъусы, уыдонӕн ӕз зӕгъын: исты ма сӕм чи бафтауа, ууыл Хуыцау бафтаудзӕн, ацы чиныджы кӕй тыххӕй фыст ис, уыцы рынтӕ.   19  Ӕмӕ ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕй чи аппара, уый Хуыцау ӕнӕхай фӕкӕндзӕн ацы чиныджы фыст кӕй тыххӕй ис, уыцы царды бӕласӕй ӕмӕ сыгъдӕг сахарӕй.   20  Ӕппӕт уыдӕттӕн ӕвдисӕн Чи у, Уый зӕгъы: «О, рӕхджы ӕрцӕудзынӕн!» Амен. Ӕрцу, Хицау Йесо!   21  Нӕ Хицау Йесойы хорзӕх уӕд алкӕимӕ дӕр.