IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

Ӕргомад 19 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Уый фӕстӕ ӕз уӕларвы фехъуыстон, бирӕ адӕм цыма хъӕрӕй дзырдтой, ахӕм хъӕлӕс: «Аллилуйа! Нӕ Хуыцау ирвӕзынгӕнӕг у; Уый намысджын ӕмӕ тыхджын у;   2  Уымӕн ӕмӕ Йӕ тӕрхӕттӕ раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты! Уый бафхӕрдта, йӕ хъахбайдзинадӕй зӕхх чи фехӕлдта, уыцы стыр хъахбайы ӕмӕ дзы райста Йӕ цагъарты туг».   3  Дыккаг хатт загъдӕуыд: «Аллилуйа! Йӕ фӕздӕг кӕлдзӕн мыггагӕй-мыггагмӕ».   4  Уӕд цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ӕмӕ цыппар уӕларвон удгоймаджы адӕлгом сты ӕмӕ бакуывтой Йӕ бадӕны бадӕг Хуыцаумӕ: «Амен! Аллилуйа!»   5  Уӕд паддзахы бадӕнӕй райхъуысти хъӕлӕс: «Ӕппӕлут нӕ Хуыцауӕй, Йӕ цагъартӕ иууылдӕр ӕмӕ Дзы чи тӕрсы, уыдон – номдзыдтӕ ӕмӕ хуымӕтӕгтӕ».   6  Ӕз фехъуыстон, бирӕ адӕм цыма хъӕрӕй дзырдтой, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс: «Аллилуйа! Дунедарӕг Хицау Хуыцау сси паддзах!   7  Уӕдӕ цин кӕнӕм, хъӕлдзӕг уӕм ӕмӕ Йын скӕнӕм кад. Уымӕн ӕмӕ ӕрцыд Уӕрыччы чындзӕхсӕвы рӕстӕг, ӕмӕ Йӕ Усаг йӕхи ӕрцӕттӕ кодта.   8  Радтой йын сыгъдӕг ӕмӕ ӕрттиваг кӕттагӕй дарӕс скӕныны бар». Уыцы кӕттаг та у сыгъдӕджыты рӕстад.   9  Зӕд мын загъта: «Ныффысс: тӕхудиаг сты Уӕрыччы чындзӕхсӕвмӕ хуындтытӕ». Ноджы мын загъта: «Уыдон ӕцӕгӕй Хуыцауы ныхӕстӕ сты».   10  Ӕз бакувынмӕ адӕлгом дӕн зӕды къӕхты раз. Фӕлӕ мын уый загъта: «Афтӕ ма бакӕн; ӕз дӕуӕн, стӕй Йесойӕн ӕвдисӕн чи у, дӕ уыцы ӕфсымӕртӕн ӕмкусӕг дӕн. Хуыцаумӕ бакув, уымӕн ӕмӕ Йесойӕн ӕвдисӕн чи у, уыдонмӕ пехуымпарады уд ис».   11  Ӕз федтон арвы дуар гомӕй ӕмӕ Барӕджы урс бӕхыл. Барӕджы хонынц Иузӕрдион ӕмӕ Ӕцӕг, уымӕн ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Йӕ тӕрхон ӕмӕ Йӕ тох.   12  Барӕджы цӕстытӕ сты пиллон артау, Йӕ сӕрыл – бирӕ кадыхудтӕ. Фыст Ыл ис, ӕрмӕстдӕр Йӕхӕдӕг кӕй зоны, ахӕм ном.   13  Ис Ыл тугӕйдзаг пӕлӕз; Йӕ ном: Хуыцауы Дзырд.   14  Уӕларвон ӕфсад сыгъдӕг ӕмӕ уӕздан кӕттагӕй урс-урсид дарӕсы урс бӕхтыл цыди Йӕ фӕстӕ.   15  Йӕ дзыхӕй зыны цыргъ цирхъ адӕмты цӕгъдынӕн. Уый сӕ здахдзӕн ӕфсӕн лӕдзӕгӕй; сӕндуцӕны къӕхтӕй дуцы Дунедарӕг Хуыцауы стыр фыдӕхы сӕн.   16  Йӕ пӕлӕзыл, Йӕ синыл фыст у Йӕ ном: «Паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау».   17  Ӕз федтон, хурыл чи лӕууыд, уыцы зӕды. Уӕлиӕутты цы мӕргътӕ тӕхы, уыдонмӕ сеппӕтмӕ дӕр зӕд ныхъхъӕр кодта: «Ратӕхут, ӕрӕмбырд ут Хуыцауы стыр куывдмӕ,   18  Ӕмӕ бахӕрут паддзӕхты мӕрдтӕ, ӕфсӕддон разамонджыты мӕрдтӕ, тыхджынты мӕрдтӕ, бӕхты ӕмӕ барджыты мӕрдтӕ, ӕппӕт сӕрибар ӕмӕ цагъар, хуымӕтӕг ӕмӕ номдзыд адӕмы мӕрдтӕ».   19  Ӕз федтон сырды ӕмӕ зӕххон паддзӕхты се 'фсӕдтимӕ. Уыдон ӕрӕмбырд сты Барӕгимӕ ӕмӕ Йе 'фсадимӕ хӕст самайынмӕ.   20  Ӕмӕ ӕрцахстӕуыд сырды, стӕй сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыд судзгӕ сондоны цадмӕ.   21  Иннӕтӕ та цагъды фесты, Барӕджы дзыхӕй цы цирхъ зынди, уымӕй, ӕмӕ мӕргътӕ иууылдӕр бафсӕстысты сӕ фыдӕй.