1 Уый фӕстӕ ӕз федтон, стыр бартӕ кӕмӕ уыдис, ахӕм ӕндӕр зӕды уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ. Зӕхх ныррухс йӕ намысӕй. 2 Уый хъӕрӕй загъта: «Бабын, бабын стыр Вавилон, сси дӕлимонтӕн цӕрӕнуат ӕмӕ алы ӕнӕзӕгъинагӕн фысымуат, алы чъизи ӕмӕ ӕлгъаг маргъӕн фысымуат. Уымӕн ӕмӕ йӕ хъахбайдзинады тыххӕй баййӕфта Хуыцауы фыдӕх, ӕмӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй бадардта ӕппӕт адӕмтӕн. 3 Зӕххон паддзӕхтӕ хӕтыдысты йемӕ, зӕххон сӕудӕджертӕ схъӕздыг сты йе стыр исбонӕй». 4 Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуыст ӕндӕр хъӕлӕс: «Рацӕут уырдыгӕй, Мӕ адӕм, йӕ тӕригъӕдтӕй хайджын куыд нӕ уат ӕмӕ йемӕ ӕфхӕрд куыд нӕ баййафат, афтӕ. 5 Уымӕн ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ схӕццӕ сты уӕларвмӕ, Хуыцауӕй нӕ ферох сты йе 'взӕр митӕ. 6 Йӕхӕдӕг куыд ӕфхӕрдта, афтӕ йӕ бафхӕрут. Цытӕ кодта, уыдӕтты тыххӕй йын бафидут дывӕрӕй. Сӕн цы кӕхцы цӕттӕ кодта, уым ын ӕрцӕттӕ кӕнут дыууӕ хатты карздӕр сӕн. 7 Цас хъал уыд ӕмӕ цас парахатӕй царди, уыйас ын бавзарын кӕнут хъизӕмар ӕмӕ хъыгтӕ. Уымӕн ӕмӕ хинымӕр зӕгъы: „Ӕз ус-паддзахау бадын, идӕдз нӕ дӕн ӕмӕ хъыгтӕ нӕ бавзардзынӕн!" 8 Уый тыххӕй йыл иунӕг бонмӕ ӕрцӕудзысты рынтӕ, мӕлӕт, хъыгтӕ, стонг рӕстӕг; ӕмӕ басудздзӕн арты, уымӕн ӕмӕ йын тӕрхон Чи хӕссы, уыцы Хицау Хуыцау тыхджын у». 9 Йемӕ чи хӕтыд ӕмӕ йемӕ бухъцард чи кодта, уыцы зӕххон паддзӕхтӕ йын йӕ арты фӕздӕг куы феной, уӕд ыл скӕудзысты ӕмӕ ныдздзыназдзысты, 10 Йӕ хъизӕмӕртты тасӕй лӕудзысты дӕрддзӕф ӕмӕ дзурдзысты: «Додоййаг фӕдӕ, додоййаг, стыр сахар, Вавилоны тыхджын сахар! Уымӕн ӕмӕ дын цы тӕрхон рахастӕуыд, уый дӕ баййӕфта иунӕг сахатмӕ». 11 Кӕуынц ӕмӕ йыл дзыназынц зӕххон сӕудӕджертӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ сын ничиуал ӕлхӕны сӕ уӕййӕгтӕ: 12 Сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист дзаумӕттӕ, налхъуыт-налмас, уӕздан кӕттаг, сырх, сӕнтсырх ӕмӕ зӕлдаг хъуымӕцтӕ, алыхуызон хӕрздӕф хъӕдӕрмӕг ӕмӕ пылыстӕгӕй, зынаргъ хъӕдӕй, ӕрхуыйӕ, ӕфсӕйнаг ӕмӕ мраморӕй алыхуызон дзаумӕттӕ, 13 Корицӕ, судзагхал, буд ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, сӕн ӕмӕ зети, ссад ӕмӕ мӕнӕу, стуртӕ ӕмӕ фыстӕ, бӕхтӕ ӕмӕ уӕрдӕттӕ, цагъартӕ – адӕймаджы буӕрттӕ ӕмӕ удтӕ. 14 Дӕ зӕрдӕйӕн адджын цы уыд, уый фӕлыгъди дӕуӕй, ӕнӕхай фӕдӕ деппӕт мулк ӕмӕ бӕллиццагӕй, ӕмӕ сӕ нал ссардзынӕ. 15 Ӕппӕт уыдӕттӕй чи сӕудӕджер кодта, йӕ фӕрцы чи схъӕздыг, уыдон дзы йӕ хъизӕмӕртты тасӕй лӕудзысты дӕрддзӕф, кӕудзысты ӕмӕ дзыназдзысты: 16 «Додоййаг фӕдӕ, додоййаг, уӕздан кӕттагӕй, сырх ӕмӕ сӕнтсырх хъуымӕцтӕй дарӕс кӕуыл ис, сызгъӕринӕй ӕмӕ налхъуыт-налмасӕй фӕлыст чи у, уыцы стыр сахар! 17 Уымӕн ӕмӕ ахӕм мулк фесӕфт иунӕг сахатмӕ!» Науты ӕппӕт хистӕртӕ ӕмӕ бӕлццӕттӕ иууылдӕр, наудзаутӕ, денджызыл цӕуӕг ӕппӕт сӕудӕджертӕ лӕууынц дӕрддзӕф, 18 Уынынц ын йӕ арты фӕздӕг ӕмӕ хъӕр кӕнынц: «Ацы стыр сахарӕн ӕмбал нӕй!» 19 Сӕ сӕртыл зӕрынц рыг, хъӕр кӕнынц, кӕуынц ӕмӕ дзыназынц: «Додоййаг фӕдӕ, додоййаг, денджызы наутӕ кӕмӕ ис, уыдон иууылдӕр кӕй исбонӕй схъӕздыг сты, уыцы стыр сахар! Уымӕн ӕмӕ ды иунӕг сахатмӕ царӕфтыд фӕдӕ». 20 Цин кӕнут уый тыххӕй, уӕларв, сыгъдӕджытӕ, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ, уымӕн ӕмӕ уын уый цы тӕрхон рахаста, ахӕм тӕрхон ын рахаста Хуыцау. 21 Иу тыхджын зӕд райста стыр куыройыфыдыйас дур, нывзылдта йӕ денджызмӕ ӕмӕ загъта: «Афтӕ тагъд дӕлӕмӕ ныххаудзӕн Вавилоны стыр сахар ӕмӕ нал уыдзӕн. 22 Ды нал фехъусдзынӕ фӕндыртыл цӕгъдджыты ӕмӕ зарӕггӕнджыты, уадындзтыл ӕмӕ сыкъауадындзтыл цӕгъдджыты; нал дӕм уыдзӕн иу ӕрмгуысты ӕрмдӕсны дӕр, нал дӕ хъуысдзӕн куыройыфыды уынӕр; 23 Нал ссудздзысты дӕ рухсгӕнӕнтӕ, нал дӕ хъуысдзӕн сиахсаджы ӕмӕ усаджы хъӕлӕс. Дӕ сӕудӕджертӕ бӕсты гуыппырсартӕ уыдысты, дӕ кӕлӕнтӕй асайдтай ӕппӕт адӕмты. 24 Ацы сахары ныккалдӕуыд пехуымпарты ӕмӕ сыгъдӕджыты, стӕй зӕххыл кӕй амардӕуыд, уыдонӕн сеппӕты туг дӕр».
