1 Ӕз федтон: мӕнӕ Сионы хохыл лӕууы Уӕрыкк; Йемӕ сты, Йӕ ном ӕмӕ Йӕ Фыды ном кӕй тӕрныхтыл фыст ис, уыцы сӕдӕ цыппор цыппар мины. 2 Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуысти, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс. Ӕз цы хъӕлӕс фехъуыстон, уый уыди, фӕндырдзӕгъдджытӕ цыма сӕ фӕндыртыл цагътой, ахӕм. 3 Уыдон паддзахы бадӕны раз, цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры раз зарынц ног зарӕг. Зӕххон адӕмы ӕхсӕнӕй цы сӕдӕ цыппор цыппар мины балхӕдӕуыд, уыдоны йеддӕмӕ уыцы зарӕг сахуыр кӕнын никӕй бон уыд. 4 Уыдон сӕхи нӕ фӕчъизи кодтой сылгоймӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ сылгоймаджы хъӕстӕ нӕ фесты. Уӕрыкк кӕдӕм цӕуы, уыдон дӕр уырдӕм цӕуынц Йӕ фӕдыл. Уыдоны балхӕдӕуыд адӕмы ӕхсӕнӕй, ӕмӕ сӕ Хуыцауӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн снывондчындӕуыд хорысӕрау. 5 Сӕ дзыхӕй мӕнгныхас нӕ рацыд, сты ӕнӕфау. 6 Уый фӕстӕ ӕз федтон ӕндӕр зӕды уӕлиӕутты тӕхгӕ. Уыдис ӕм мыггагмӕйы фарны уац зӕххон цӕрджытӕн – алы адӕмыхатт ӕмӕ мыггагӕн, алы ӕвзаг ӕмӕ адӕмӕн ӕй хъусын кӕныны тыххӕй. 7 Зӕд хъӕрӕй дзырдта: «Тӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ Йын кад скӕнут, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд Йӕ тӕрхоны рӕстӕг. Бакувут арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ суадӕттӕ Сфӕлдисӕгмӕ». 8 Фыццаг зӕды фӕстӕ фӕзынд ӕндӕр зӕд ӕмӕ дзырдта: «Бабын, бабын стыр Вавилон; йӕ хъахбайдзинады тыххӕй йӕ баййӕфта Хуыцауы фыдӕх, ӕмӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй бадардта ӕппӕт адӕмтӕн». 9 Дыууӕ зӕды фӕстӕ фӕзынд ӕртыккаг зӕд дӕр ӕмӕ хъӕрӕй дзырдта: «Сырдмӕ ӕмӕ сырды сурӕтмӕ чи кувы ӕмӕ йӕ тӕрныхыл кӕнӕ йӕ къухыл нысан чи сӕвӕрдта, 10 Уый Хуыцауы азары кӕхцӕй нуаздзӕн, ӕндӕр истӕимӕ хӕццӕ чи нӕу, Йӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй, сыгъдӕг зӕдты ӕмӕ Уӕрыччы раз хъизӕмар кӕндзӕн сондонӕй арты. 11 Сырдмӕ ӕмӕ сырды сурӕтмӕ чи кувы ӕмӕ йын йӕ номы нысан чи сӕвӕрдта, уыдоны хъизӕмарӕй марӕг арты фӕздӕг цӕудзӕн мыггагӕй-мыггагмӕ, ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнцой нӕ зондзысты». 12 Уый афтӕ амоны: Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры ӕмӕ Йесойыл иузӕрдион чи у, уыцы сыгъдӕджытӕ фӕразон хъуамӕ уой. 13 Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуыст хъӕлӕс ӕмӕ мын загъта: «Ныффысс: нырӕй фӕстӕмӕ Хицауыл ӕууӕндгӕйӕ чи мӕлы, уыдон тӕхудиаг сты». «О, уыдон ӕрӕнцайдзысты сӕ фыдӕбӕттӕй, – зӕгъы Уд, – уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ цӕуынц сӕ фӕдыл». 14 Ӕз федтон урс ӕврагъ ӕмӕ ӕврагъыл адӕймаджы фырты Халдихы бадгӕ, Йӕ сӕрыл – сызгъӕрин кадыхуд, Йӕ къухы – цыргъ ӕхсырф. 15 Ӕндӕр зӕд рацыд Кувӕндонӕй ӕмӕ ӕврагъыл Бадӕгӕн хъӕрӕй загъта: «Рауадз Де 'хсырф ӕмӕ ӕркӕрд хуым, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд хуымгӕрдӕн – зӕххыл хуымтӕ сцӕттӕ сты». 16 Уӕд ӕврагъыл Бадӕг Йе 'хсырф рауагъта зӕххыл ӕмӕ ныккарста зӕхх. 17 Уӕларвон Кувӕндонӕй рацыд ӕндӕр зӕд; уымӕ дӕр уыди цыргъ ӕхсырф. 18 Нывондхӕссӕны цурӕй рацыд, артыл кӕй бар цӕуы, уыцы зӕд ӕмӕ цыргъ ӕхсырф цы зӕдмӕ уыди, уымӕн хъӕрӕй загъта: «Рауадз дӕ цыргъ ӕхсырф ӕмӕ зӕххыл бафснай сӕнӕфсир, уымӕн ӕмӕ йӕ гагатӕ срӕгъӕд сты». 19 Зӕд йе 'хсырф рауагъта зӕххыл, ралыг кодта сӕнӕфсиры пуцӕлттӕ ӕмӕ сӕ ныппӕрста Хуыцауы фыдӕхы стыр сӕндуцӕны. 20 Ӕмӕ сӕнӕфсир лӕмӕрст ӕрцыд фӕссахар сӕндуцӕны; ракалди сӕндуцӕнӕй туг ӕмӕ схӕццӕ суанг бӕхы рохтӕм ӕмӕ анхъӕвзта мин ӕхсӕзсӕдӕ стадийы
