1 Залиаг калм ӕрлӕууыд денджызы былгӕрон змисыл, ӕмӕ федтон сырды денджызӕй рацӕйцӕугӕ; уыдис ын дӕс сыкъайы ӕмӕ авд сӕры, йӕ сыкъатыл – дӕс кадыхуды, йӕ сӕртыл та – Хуыцауы фауӕн нӕмттӕ. 2 Ӕз кӕй федтон, уыцы сырд уыди фыранчы хуызӕн, йӕ дзӕмбытӕ – арсы дзӕмбытау, йӕ дзых – домбайы дзыхау. Залиаг калм ын радта йӕ тых, йӕ паддзахы бынат ӕмӕ стыр бартӕ. 3 Йӕ сӕртӕй иу мӕлӕтдзаг цӕфы хуызӕнӕй зынди, фӕлӕ уыцы мӕлӕтдзаг цӕф байгас. Ӕппӕт зӕххон адӕмтӕ дис кодтой сырдыл, ацыдысты йӕ фӕдыл ӕмӕ бакуывтой залиаг калмӕн, сырдӕн бартӕ кӕй радта, уый тыххӕй. 4 Бакуывтой сырдӕн дӕр ӕмӕ дзырдтой: «Ацы сырдӕн ӕмбал нӕй, кӕй бон бауыдзӕн йемӕ тохы бацӕуын!» 5 Сырдӕн лӕвӕрд ӕрцыд ӕвзаг схъӕл ныхӕстӕ кӕнынӕн ӕмӕ Хуыцауы фауынӕн, лӕвӕрд ын ӕрцыди дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз мӕйы дӕргъы ӕлдариуӕгады бар. 6 Сырд байгом кодта йӕ дзых Хуыцауы бафауынмӕ, фаудта Йын Йӕ ном, Йӕ цӕрӕн бынат ӕмӕ уӕларвон цӕрджыты. 7 Лӕвӕрд ын уыди сыгъдӕджытимӕ схӕцыны ӕмӕ уыдоны басӕттыны тых. Ноджы ма йын лӕвӕрд ӕрцыд алы мыггаг ӕмӕ адӕмыл, алы ӕвзаг ӕмӕ адӕмыхаттыл ӕлдариуӕг кӕныны бар. 8 Ӕмӕ йӕм кувдзысты, дуне сфӕлдисыны размӕ нывондӕн нысангонд Чи уыди, уыцы Уӕрыкмӕ царды чиныджы сӕ нӕмттӕ фыст кӕмӕн не сты, уыцы зӕххон цӕрджытӕ иууылдӕр. 9 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд. 10 Уацары цӕугӕ кӕмӕн у, уый ацӕудзӕн уацары. Цирхъӕй амӕлгӕ кӕмӕн у, уый амӕлдзӕн цирхъӕй. Уый афтӕ амоны: сыгъдӕджытӕ фӕразон ӕмӕ иузӕрдион хъуамӕ уой. 11 Ӕз федтон ӕндӕр сырды зӕххӕй рацӕйцӕугӕ. Уыдис ын уӕрыччы сыкъаты хуызӕн дыууӕ сыкъайы ӕмӕ дзырдта залиаг калмау. 12 Фыццаг сырды раз уый архайы, фыццаг сырдмӕ цы бартӕ ис, ахӕм бартӕй, ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрджыты кувын кӕны, йӕ мӕлӕтдзаг цӕф кӕмӕн байгас, уыцы сырдмӕ. 13 Ӕвдисы ахӕм диссӕгтӕ, ӕмӕ адӕмы цӕсты раз арвӕй зӕхмӕ ӕруадзы арт. 14 Фыццаг сырды раз ын цы диссӕгтӕ ӕвдисыны бар лӕвӕрд ӕрцыд, уыдонӕй фӕливы зӕххон цӕрджыты, дзуры сын, цӕмӕй цирхъӕй цӕф чи уыд ӕмӕ ныр удӕгас чи у, уыцы сырды кадӕн саразой йӕ сурӕт. 15 Ӕмӕ йын лӕвӕрд уыди фыццаг сырды сурӕты цард бауадзыны тых, сырды сурӕт дзыхӕй куыд сдзура ӕмӕ йӕм чи нӕ кувы, уыдоны иууылдӕр куыд марын кӕна, афтӕ. 16 Дыккаг сырд домдзӕн, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр – хуымӕтӕг адӕм ӕмӕ номдзыдтӕн, хъӕздгуытӕ ӕмӕ мӕгуыртӕн, сӕрибартӕ ӕмӕ цагъартӕн – йӕ рахиз къухыл кӕнӕ тӕрныхыл ӕвӕрд ӕрцӕуа нысан. 17 Уыцы нысан у сырды ном кӕнӕ сырды ном ӕвдисӕг нымӕц. Уый кӕуыл уа, уыдоны йеддӕмӕ нӕдӕр ӕлхӕныны, нӕдӕр уӕй кӕныны бар никӕмӕн уыдзӕн. 18 Ам уӕлзонд хъӕуы. Зонд кӕмӕ ис, уый раиртасӕд сырды нымӕц, уымӕн ӕмӕ уый ӕвдисы адӕймаджы ном. Уыцы нымӕц у ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай ӕхсӕз.
