1 Радтой мӕм хъилы хуызӕн барӕн лӕдзӕг ӕмӕ мын загъдӕуыд: «Марадз, сбар Хуыцауы Кувӕндон ӕмӕ нывондхӕссӕн, ӕмӕ банымай, чи дзы кувы, уыдоны нымӕц. 2 Йе 'ддаг кӕрт та ныууадз, ма йӕ сбар, уымӕн ӕмӕ муртаттӕн лӕвӕрд у: уыдон сыгъдӕг сахар ссӕнддзысты дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз мӕйы. 3 Арвитдзынӕн Мӕ дыууӕ ӕвдисӕны, ӕмӕ уыдон хъисын дарӕсы пехуымпариуӕг кӕндзысты мин дыууӕсӕдӕ ӕхсай боны». 4 Уыдон сты, ӕппӕт зӕххы Хицауы раз чи лӕууы, уыцы дыууӕ зетибӕласы ӕмӕ дыууӕ цырагъдарӕны. 5 Искӕй уыдонӕн фыдбылыз ракӕнын куы бафӕнда, уӕд сӕ комӕй рацӕудзӕн арт ӕмӕ сын се знӕгты аныхъуырдзӕн. Афтӕ амӕлдзӕн, уыдонӕн фыдбылыз ракӕнын кӕй бафӕнда, уый. 6 Уыдонмӕ ис арвы дуар сӕхгӕныны бар, цӕмӕй сӕ пехуымпар ныхасы рӕстӕг уарын ма уа. Иугӕр сӕ куы бафӕнда, уӕд сӕм ис дӕттӕ туг фестын кӕныны ӕмӕ зӕххыл алы рын бафтауыны тых. 7 Се 'вдисӕнад куы фӕуой, уӕд семӕ стох кӕндзӕн дӕлдзӕхӕй рацӕуӕг сырд, фӕтых сыл уыдзӕн ӕмӕ сӕ амардзӕн. 8 Сӕ мӕрдтӕ баззайдзысты, сӕ Хицауы сын кӕм байтыгътой, фӕсномыгӕй Содом ӕмӕ Мысыр чи хуыйны, уыцы стыр сахары уынджы. 9 Сӕ мӕрдтӕм сын ӕртӕ боны ӕмӕ ӕрдӕг кӕсдзысты адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, ӕвзӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй бирӕтӕ, ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ зӕппадзы бавӕрын нӕ бауадздзысты. 10 Зӕххыл цӕрджытӕн уый уыдзӕн цины бӕрӕгбон, кӕрӕдзийӕн ӕрвитдзысты лӕвӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы дыууӕ пехуымпары удхарӕй мардтой зӕххыл цӕрджыты. 11 Фӕлӕ сӕ ӕртӕ боны ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ Хуыцау бауагъта цард, ӕмӕ слӕууыдысты сӕ къӕхтыл. Чи сӕ федта, уыдон баисты стыр тасы амӕддаг. 12 Сӕ дыууӕ дӕр фехъуыстой, уӕларвӕй сын хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Ссӕут ардӕм». Уыдон ӕврагъы фӕцыдысты уӕларвмӕ, ӕмӕ уый федтой се знӕгтӕ. 13 Ӕмӕ уайтӕккӕ зӕхх тынг нынкъуысти, сахары дӕсӕймаг хай ныппырх. Зӕххӕнкъуысты фӕмард авд мин адӕймаджы. Иннӕты бацыд тас ӕмӕ кад кодтой Уӕларвон Хуыцауӕн. 14 Дыккаг бӕллӕх ахицӕн. Рӕхджы ӕрбахӕццӕ уыдзӕн ӕртыккаг бӕллӕх. 15 Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Хицауы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад, ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕн мыггагӕй-мыггагмӕ». 16 Хуыцауы раз сӕ паддзахы бадӕнты чи бады, уыцы цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры адӕлгом сты ӕмӕ бакуывтой Хуыцаумӕ: 17 «Ды Дӕхимӕ ӕппӕт бартӕ дӕр кӕй райстай ӕмӕ Паддзах кӕй сдӕ, уый тыххӕй арфӕ кӕнӕм Дӕуӕн, Чи ис ӕмӕ Чи уыди, уыцы Дунедарӕг Хицау Хуыцау. 18 Муртатты маст рафыхт, ӕмӕ ралӕууыд Дӕ азар, мӕрдтӕн тӕрхон хӕссыны, Дӕ цагъар пехуымпартӕн, сыгъдӕджытӕн, Дӕуӕй тӕрсджытӕн – хуымӕтӕгтӕн ӕмӕ номдзыдтӕн – мызд раттыны, бӕстӕ сафджыты фесафыны рӕстӕг». 19 Ӕмӕ уӕларвы байгом Хуыцауы Кувӕндон, ӕмӕ дзы разынд Йӕ фидыды Чырын. Арв нырттывта ӕмӕ райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, зӕхх нынкъуыст ӕмӕ ныууарыди стыр их.
