1 Уӕд Йесо бахызти бӕлӕгъмӕ, ахызт иннӕ фарсмӕ ӕмӕ ӕрцыди Йӕ сахармӕ. 2 Хуыссӕныл Ӕм ӕрбахастой уӕнгмарды. Йесо сын федта сӕ уырнындзинад ӕмӕ уӕнгмардӕн загъта: «Ма тӕрс, Мӕ хъӕбул, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ». 3 Уӕд динамонджытӕй чидӕртӕ хинымӕр загътой: «Уый Хуыцауы фауы». 4 Йесо сын зыдта сӕ хъуыдытӕ, ӕмӕ загъта: «Ахӕм ӕвзӕр хъуыдытӕ уӕм цӕмӕн сӕвзӕрд? 5 Цы ӕнцондӕр у – зӕгъын: „Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ", ӕви: „Рабад ӕмӕ райдай цӕуын"? 6 Фӕлӕ сымах хъуамӕ зонат, Адӕймаджы Фыртӕн кӕй ис зӕххыл тӕригъӕдтӕ хатыр кӕныны бар». Ӕмӕ загъта уӕнгмардӕн: «Рабад, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу дӕ хӕдзармӕ». 7 Уӕнгмард рабадт ӕмӕ ацыд йӕ хӕдзармӕ. 8 Адӕм уый куы федтой, уӕд сӕ тас бацыд, ӕмӕ скад кодтой ахӕм хъару адӕмӕн раттӕг Хуыцауӕн. 9 Йесо уырдыгӕй куы фӕцӕйцыди, уӕд хъалонисӕн бынаты бадгӕ федта иу лӕджы, йӕ ном – Матфей, ӕмӕ йын загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Уый сыстад ӕмӕ ацыд Йӕ фӕдыл. 10 Йесо Матфейы хӕдзары фынгыл куы бадти, уӕд ӕрцыди бирӕ хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ, ӕмӕ ӕрбадтысты Йесоимӕ ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ. 11 Фарисейтӕ уый куы федтой, уӕд Ын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдтой: «Уӕ Ахуыргӕнӕг хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ цӕмӕн хӕры [ӕмӕ нуазы]?» 12 Йесо уый куы фехъуыста, уӕд сын загъта: «Дохтыр ӕнӕнизты нӕ, фӕлӕ рынчынты хъӕуы. 13 Ацӕут ӕмӕ базонут, ацы ныхӕстӕ цы амонынц, уый: „Нывонд Мӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ уарзӕгой зӕрдӕ". Ӕз ӕрцыдтӕн рӕстыты нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынты ӕрхонынмӕ». 14 Уӕд Ӕм ӕрцыдысты Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йын загътой: «Мах ӕмӕ фарисейтӕ бирӕ ком куы дарӕм, уӕд Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕуылнӕ дарынц ком?» 15 Йесо сын загъта: «Чындзхӕсджытимӕ сиахсаг цалынмӕ вӕййы, уӕдмӕ ӕнкъард фӕкӕнынц, мыййаг? Фӕлӕ ралӕудзӕни, сиахсаджы сын куы байсой, уыцы афон, ӕмӕ уӕд дардзысты ком. 16 Ног хъуымацӕй зӕронд дарӕсыл ничи ӕвӕры ӕмпъузӕн, уымӕн ӕмӕ ӕмпъузӕн ратондзӕн дарӕсӕй, ӕмӕ скъуыд фестырдӕр уыдзӕн. 17 Ногдыгъд сӕн дӕр зӕронд лалымты нӕ ныккӕнынц, науӕд лалымтӕ аскъуыйынц, ӕмӕ сӕн дӕр акӕлы, лалымтӕ дӕр фесӕфынц. Ногдыгъд сӕн ныккӕнынц ног лалымты, ӕмӕ уӕд дыууӕ дӕр баззайынц ӕнӕхъӕнӕй». 18 Йесо сын уыцы ныхӕстӕ куы кодта, уӕд Ӕм ӕрбацыди хицӕуттӕй иу, ӕрзоныгыл Йӕ разы ӕмӕ Йын загъта: «Ныртӕккӕ амарди мӕ чызг, фӕлӕ ӕрцу, Дӕ къух ыл ӕрӕвӕр, ӕмӕ райгас уыдзӕн». 19 Йесо сыстад, ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ацыд йӕ фӕдыл. 20 Иу сылгоймагӕн дыууадӕс азы дӕргъы йӕ туг цӕуынӕй не 'нцад. Уый чъылдымырдыгӕй бацыд Йесомӕ ӕмӕ Йын бандзӕвыд Йӕ пӕлӕзы коцорайыл. 21 Уымӕн ӕмӕ хинымӕр дзырдта: «Ӕрмӕст Йӕ дарӕсыл Ын куы бандзӕвон, уӕд дӕр сдзӕбӕх уыдзынӕн». 22 Йесо акаст фӕстӕмӕ, федта йӕ ӕмӕ загъта: «Ма тӕрс, Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». Ӕмӕ сылгоймаг уайтӕккӕ сӕнӕниз. 23 Йесо уыцы хицауы хӕдзармӕ куы ӕрцыд, уадындзӕй цӕгъдджыты ӕмӕ адӕмы тыхстӕй куы федта, 24 Уӕд загъта: «Ацӕут ардыгӕй; чызг мард нӕу, фынӕй у». Ӕмӕ Йыл худтысты. 25 Адӕмы ӕддӕмӕ куы рарвыстӕуыд, уӕд Йесо бацыд, ныххӕцыди чызджы къухыл, ӕмӕ чызг рабадт. 26 Хабар айхъуыст ӕппӕт уыцы бӕстӕйыл. 27 Йесо уырдыгӕй куы араст, уӕд дыууӕ куырмы цыдысты Йӕ фӕдыл ӕмӕ хъӕр кодтой: «Батӕригъӕд нын кӕн, Давиды Фырт!» 28 Хӕдзармӕ куы бацыд, уӕд Ӕм ӕрбацыдысты куырмытӕ. Йесо сӕ бафарста: «Мӕ бон афтӕ саразын кӕй у, уый уӕ уырны?» Уыдон Ын загътой: «О, Хицау!» 29 Уӕд сын бавнӕлдта сӕ цӕстытӕм ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ уын уӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ рардӕуӕд». 30 Ӕмӕ ракастысты сӕ цӕстытӕй. Йесо сын карзӕй бафӕдзӕхста: «Хъусут, уый тыххӕй мачи хъуамӕ базона». 31 Уыдон та ацыдысты, ӕмӕ Йын ӕппӕт уыцы бӕстӕйыл айхъуысын кодтой Йӕ кой. 32 Уыдон куы рацӕйцыдысты, уӕд Йесомӕ ӕрбакодтой ӕгомыг хӕйрӕджджыны. 33 Ӕмӕ Йесо дӕлимоны куы фӕсырдта, уӕд ӕгомыг дзурын райдыдта. Адӕм дисы бафтыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Ахӕм хъуыддаг Израилы никуы ӕрцыди». 34 Фарисейтӕ та дзырдтой: «Уый дӕлимонты суры дӕлимонты ӕлдары хъаруйӕ». 35 Йесо зылди ӕппӕт сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хаста фарны уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, дзӕбӕх кодта ӕппӕт рынчынты ӕмӕ ӕнӕфӕразонты. 36 Адӕмы куы федта, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта, ӕнӕфыййау фыстау фӕлмӕцыд ӕмӕ ӕвӕгӕсӕг кӕй уыдысты, уый тыххӕй. 37 Уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕрдинаг – бирӕ, фӕлӕ хуымгӕрдджытӕ нӕ фаг кӕны. 38 Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй рарвита хуымгӕрдджытӕ Йӕ хуым кӕрдынмӕ».
