IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

Матфей 8 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Йесо хохӕй куы ӕрхызт, уӕд Йӕ фӕдыл ацыди бирӕ адӕм.   2  Ӕрбацыд Ӕм хъотырджын, ӕрзоныгыл Йӕ разы ӕмӕ Йын загъта: «Хицау, кӕд Дӕ фӕнды, уӕд Дӕ бон у, ӕмӕ мӕ ссыгъдӕг кӕнай».   3  Йесо радардта Йӕ къух, бандзӕвыд ыл ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ, ссыгъдӕг у». Ӕмӕ уыйадыл ссыгъдӕг йӕ хъотырӕй.   4  Йесо йын загъта: «Хъусыс, макӕмӕн ӕй зӕгъ, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн, ӕмӕ Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ ӕрхӕсс нывонд – кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».   5  Йесо Капернауммӕ куы бацыд, уӕд Ӕм ӕрбацыди сӕдӕйыхицау ӕмӕ Дзы куырдта:   6  «Хицау, мӕ фӕсдзӕуин хӕдзары хуыссы уӕнгмардӕй ӕмӕ тынг удхар кӕны».   7  Йесо йын загъта: «Ӕз бацӕудзынӕн ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕн».   8  Сӕдӕйыхицау Ын зӕгъы: «Хицау, ӕз уый аккаг нӕ дӕн, ӕмӕ Ды мӕ хӕдзармӕ бацӕуай. Фӕлӕ ӕрмӕст Дӕ дзыхӕй ныхас рацӕуӕд, ӕмӕ мӕ фӕсдзӕуин сдзӕбӕх уыдзӕн.   9  Уымӕн ӕмӕ ӕз мӕхӕдӕг дӕр дӕлбар лӕг дӕн, ӕмӕ мӕ дӕлбар дӕр ис ӕфсӕддонтӕ. Иуӕн дзы фӕзӕгъын: „Ацу уырдӕм", ӕмӕ ацӕуы; иннӕмӕн: „Ардӕм рацу", ӕмӕ ӕрбацӕуы; мӕ цагъарӕн фӕзӕгъын: „Уый бакӕн", ӕмӕ йӕ бакӕны».   10  Йесо уый куы фехъуыста, уӕд дисы бафтыд ӕмӕ Йӕ фӕдыл цӕуджытӕн загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: ахӕм уырнындзинад Израилы Ӕз никӕмӕ федтон.   11  Зӕгъын уын: бирӕтӕ ӕрцӕудзысты скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, ӕмӕ Уӕларвон Паддзахады фынгыл ӕрбаддзысты Авраамимӕ, Исаакимӕ ӕмӕ Иаковимӕ.   12  Паддзахад нысангонд кӕмӕн уыди, уыдон та ӕппӕрст ӕрцӕудзысты ӕддӕмӕ, талынгмӕ; уым уыдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс».   13  Йесо сӕдӕйыхицауӕн загъта: «Ацу, ӕмӕ дӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ сӕххӕст уӕд дӕ фӕндон». Ӕмӕ уайтӕккӕ йӕ фӕсдзӕуин сдзӕбӕх.   14  Йесо Петры хӕдзармӕ куы бацыди, уӕд ын йӕ усы мады федта тӕвднизӕй сӕйгӕйӕ.   15  Йесо йын бавнӕлдта йӕ къухмӕ, ӕмӕ йӕ тӕвд ӕрхауд; сылгоймаг сыстад ӕмӕ Йын райдыдта кӕстӕриуӕг кӕнын.   16  Куы баизӕр, уӕд Ӕм ӕрхуыдтой бирӕ хӕйрӕджджынты, ӕмӕ Йесо Йӕ ныхасӕй фӕсырдта ӕнӕзӕгъинӕгты ӕмӕ сдзӕбӕх кодта ӕппӕт рынчынты дӕр.   17  Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Исай-пехуымпары дзыхӕй цы загъдӕуыд, уый: «Айста нын нӕ рынтӕ ӕмӕ ахаста нӕ низтӕ».   18  Йесо Йӕ алыварс бирӕ адӕм куы федта, уӕд загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, цӕмӕй Йемӕ ахизой денджызы фаллаг фарсмӕ.   19  Уӕд Ӕм бацыд иу динамонӕг ӕмӕ Йын загъта: «Ахуыргӕнӕг, Ды кӕдӕм цӕуай, уырдӕм ӕз дӕр ацӕудзынӕн Дӕ фӕдыл».   20  Йесо йын дзуапп радта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, уӕларвон мӕргътӕн – ахстӕттӕ. Адӕймаджы Фыртӕн та, Йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй».   21  Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй Йын ӕндӕр загъта: «Хицау, мӕ фыды баныгӕнынмӕ уал мӕ ауадз».   22  Фӕлӕ йын Йесо дзуапп радта: «Мӕ фӕдыл рацу, мӕрдтӕ сӕхӕдӕг баныгӕнӕнт сӕ мӕрдты».   23  Ӕмӕ Йесо бӕлӕгъмӕ куы бахызт, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр бахызтысты Йӕ фӕдыл.   24  Уалынмӕ денджыз афтӕ тынг сабухта, ӕмӕ уылӕнтӕ калдысты бӕлӕгъы сӕрты; Йесо та фынӕй уыди.   25  Уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты, райхъал Ӕй кодтой ӕмӕ Йын загътой: «Хицау, фервӕзын нӕ кӕн, сӕфӕм!»   26  Йесо дзуапп радта: «Афтӕ тӕппуд цӕмӕн стут, лӕмӕгъ уырнджытӕ?» Ӕмӕ сыстади, уад ӕмӕ денджызӕн радта бардзырд, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр.   27  Иууылдӕр дисы бафтыдысты, ӕмӕ дзырдтой: «Уый Чи уа, уад ӕмӕ денджыз Кӕй коммӕ кӕсынц?»   28  Йесо денджызы иннӕ фарсмӕ, Гадарӕйы бӕстӕмӕ, куы бахӕццӕ, уӕд зӕппӕдзтӕй Йӕ размӕ рацыди дыууӕ хӕйрӕджджыны. Уыдон афтӕ знӕт уыдысты, ӕмӕ уыцы фӕндагыл рацӕуынмӕ йӕ ныфс ничи хаста.   29  Хӕйрӕджджынтӕ хъӕр систой: «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Хуыцауы Фырт? Ӕмгъуыдӕй раздӕр нӕ ардӕм хъизӕмарӕй марынмӕ ӕрцыдтӕ?»   30  Уыдонӕй дӕрддзӕф ран хызти хуыты стыр дзуг,   31  Ӕмӕ дӕлимонтӕ куырдтой Йесойӕ: «Кӕд нӕ сургӕ кӕныс, уӕд нӕ хуыты дзуджы бауадз».   32  Йесо сын загъта: «Цӕугӕут». Уыдон рацыдысты уыцы дыууӕ адӕймагӕй, ӕмӕ бацыдысты хуыты. Ӕмӕ хуыты дзуг ӕгасӕй дӕр къардиуӕй денджызмӕ аппӕрста йӕхи, ӕмӕ фесӕфт доны.   33  Хуыгӕстӕ азгъордтой, бацыдысты сахармӕ ӕмӕ радзырдтой алцӕй тыххӕй дӕр, уыимӕ, хӕйрӕджджынтыл цы ӕрцыд, уый тыххӕй дӕр.   34  Сахары ӕппӕт цӕрджытӕ рацыдысты Йесойы размӕ, ӕмӕ Йӕ куы федтой, уӕд Дзы куырдтой, цӕмӕй ацӕуа сӕ зӕххӕй.