IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

Матфей 7 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Иннӕтӕн тӕрхон ма кӕнут, ӕмӕ тӕрхонгонд нӕ уыдзыстут.   2  Уымӕн ӕмӕ иннӕтӕн цы тӕрхон рахӕссут, ахӕм тӕрхон рахастӕуыдзӕн сымахӕн дӕр; ӕмӕ цы барӕнӕй барут, ахӕмӕй сбарстӕуыдзӕн сымахӕн дӕр.   3  Цы кӕсыс де 'фсымӕры цӕсты ӕрдумӕ, дӕхи цӕсты та къалабӕлас нӕ фиппайыс?   4  Кӕнӕ куыд зӕгъдзынӕ де 'фсымӕрӕн: „Ӕри-ма, дӕ цӕстӕй дын ӕрду сисон", дӕхи цӕсты къалабӕлас куы ис, уӕд?   5  Цӕстмӕхъус! Дӕхи цӕстӕй уал къалабӕлас сис, стӕй уӕд фендзынӕ, де 'фсымӕры цӕстӕй ӕрду куыд сисын хъӕуы, уый.   6  Куыйтӕн ма дӕттут, Хуыцауы цы у, уый, ӕмӕ хуыты размӕ ма ӕппарут уӕ налхъуыт, цӕмӕй йӕ уыдон сӕ къӕхты бын ма ныссӕндой, стӕй ма бавдӕлой ӕмӕ уын уӕхи ма ныкъкъуыхтӕ кӕной.   7  Курут ӕмӕ райсдзыстут, агурут ӕмӕ ссардзыстут, хойут ӕмӕ уын байгом уыдзӕн.   8  Уымӕн ӕмӕ алы курӕг дӕр райсы, агурӕг ссары ӕмӕ хойӕгӕн дуар байгом вӕййы.   9  Йӕ фырт дзы дзул куы кура, уӕд ын дур чи ратта, уе 'хсӕн ахӕм исчи ис?   10  Кӕнӕ дзы кӕсаг куы кура, уӕд ын калм ратдзӕн?   11  Сымах фыдзӕрдӕтӕ куы стут, ӕмӕ уӕддӕр уӕ зӕнӕгӕн хорзы цӕуын куы зонут, уӕд уӕ Уӕларвон Фыд куыннӕ ратдзӕни фарн, чи Дзы кура, уыдонӕн!   12  Уӕдӕ адӕммӕ цӕмӕдӕриддӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсут, уый сын аразут уӕхӕдӕг дӕр. Ацы ныхӕсты ис Моисейы Ӕгъдауы ӕмӕ пехуымпарты ахуырады мидис.   13  Бацӕут уынгӕг дуарыл. Сӕфтмӕ цы дуар ӕмӕ фӕндаг кӕнынц, уыдон уӕрӕх ӕмӕ парахат сты, ӕмӕ бирӕтӕ цӕуынц уыдоныл;   14  Цардмӕ цы дуар ӕмӕ фӕндаг кӕнынц, уыдон та уынгӕг ӕмӕ нарӕг сты, ӕмӕ сӕ чи ссары, уыдон бирӕ не сты.   15  Уӕхи хизут, фысдзармы уӕм чи ӕрцӕуы, мидӕгӕй та тугдзых бирӕгъ чи у, уыцы мӕнгпехуымпартӕй.   16  Сӕ хъуыддӕгтӕй сӕ базондзыстут. Какон сындзӕй, мыййаг, сӕнӕфсир ӕртонынц, кӕнӕ ичъийӕ – легъуи?   17  Афтӕ алы хорз бӕласыл дӕр хорз дыргътӕ ӕрзайы, низджын бӕласыл та ӕвзӕр дыргътӕ ӕрзайы.   18  Хорз бӕлас ӕвзӕр дыргътӕ не 'рхӕсдзӕн, низджын бӕлас та – хорз дыргътӕ.   19  Хорз дыргъ цы бӕласыл нӕ зайы, уый акалынц ӕмӕ йӕ баппарынц арты.   20  Уӕдӕ мӕнгпехуымпарты сӕ хъуыддӕгтӕй базондзыстут.   21  Мӕнӕн „Хицау! Хицау!" чи дзуры, уыдонӕй алчи нӕ бацӕудзӕн Уӕларвон Паддзахадмӕ, фӕлӕ йӕм Мӕ Уӕларвон Фыды фӕндон ӕххӕстгӕнӕг бацӕудзӕн.   22  Бирӕтӕ Мын уыцы бон зӕгъдзысты: „Хицау, Хицау, мах Дӕ номӕй пехуымпариуӕг нӕ кодтам? Дӕ номӕй дӕлимонты нӕ сырдтам? Дӕ номӕй бирӕ диссӕгтӕ не 'вдыстам?"   23  Уӕд сын цӕхгӕр зӕгъдзынӕн: „Ӕз уӕ никуы зыдтон. Ацӕут Мӕ цурӕй, тӕригъӕдджынтӕ".   24  Уӕдӕ Мӕ ацы ныхӕстӕм чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕны, уый у, йӕ хӕдзар дурыл чи самадта, уыцы зондджын адӕймаджы хуызӕн.   25  Ӕрцыди уарын, раивылдысты цӕугӕдӕттӕ, сыстади дымгӕ, ӕмӕ ахӕцыдысты уыцы хӕдзарыл, фӕлӕ не 'ркалд, уымӕн ӕмӕ дурыл ӕвӕрд уыди.   26  Мӕ ацы ныхӕстӕм чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ сӕ не 'ххӕст кӕны, уый та у, йӕ хӕдзар змисыл чи самадта, уыцы ӕнӕзонд адӕймаджы хуызӕн.   27  Ӕрцыди уарын, раивылдысты цӕугӕдӕттӕ, сыстади дымгӕ, ӕмӕ сӕхи ныццавтой уыцы хӕдзарыл. Хӕдзар ӕркалд ӕмӕ ныппырх и бынтондӕр».   28  Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд адӕмы дисы бафтыдта Йӕ ахуырад,   29  Уымӕн ӕмӕ сын амыдта сӕ динамонджытау нӕ, фӕлӕ барджынӕй.