1 Йесо адӕмы куы федта, уӕд ссыди хохмӕ. Куы ӕрбадт, уӕд Ыл ӕрӕмбырд сты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, 2 Ӕмӕ сӕ райдыдта ахуыр кӕнын: 3 «Тӕхудиаг сты, йе скаст ӕрмӕст Хуыцаумӕ кӕмӕн у – Уӕларвон Паддзахад уыдоны у. 4 Тӕхудиаг сты кӕуджытӕ – уыдон баййафдзысты рӕвдыд. 5 Тӕхудиаг сты ӕвӕлмастӕ – зӕхх уыдоны хай бауыдзӕн. 6 Тӕхудиаг сты, стонгау ӕмӕ дойныйау Хуыцауы рӕстдзинадӕй бафсӕдынмӕ чи бӕллы, уыдон – Хуыцау сӕ бафсаддзӕн. 7 Тӕхудиаг сты хатыргӕнджытӕ – уыдон уыдзысты хатыргонд. 8 Тӕхудиаг сты сыгъдӕгзӕрдӕтӕ – уыдон фендзысты Хуыцауы. 9 Тӕхудиаг сты фидауынгӕнджытӕ – Хуыцау сӕ схондзӕн Йӕ хъӕбултӕ. 10 Тӕхудиаг сты рӕстдзинады тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафджытӕ – Уӕларвон Паддзахад уыдоны у. 11 Тӕхудиаг уыдзыстут, Мӕн тыххӕй уын фидис куы кӕной ӕмӕ уӕ куы ӕфхӕрой, алы ӕвзӕртӕ уыл куы мысой, уӕд. 12 Цин кӕнут ӕмӕ райут – уӕлӕрвты уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хорзӕх. Афтӕ ӕфхӕрдтой, уӕ размӕ цы пехуымпартӕ уыди, уыдоны дӕр. 13 Сымах стут дунейы цӕхх. Фӕлӕ цӕххӕн йӕ ад куы фесӕфа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Адӕмы къӕхты бынмӕ аппарыны йеддӕмӕ ницӕмӕнуал бӕззы. 14 Сымах стут дунейы рухс. Хохы сӕрыл цы сахар ис, уымӕн бамбӕхсӕн нӕй. 15 Ӕмӕ цырагъ куы ссудзынц, уӕд ӕй дурыны бын не 'вӕрынц, фӕлӕ цырагъдарӕныл, ӕмӕ хӕдзары алкӕмӕн дӕр рухс кӕны. 16 Афтӕ ӕрттивӕд уӕ рухс адӕмы раз, цӕмӕй уыной уӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кад кӕной уӕ Уӕларвон Фыдӕн. 17 Сымах афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ Ӕз Моисейы Ӕгъдау кӕнӕ пехуымпарты ахуырад аивынмӕ ӕрцыдтӕн. Ӕз сӕ аивынмӕ не 'рцыдтӕн, фӕлӕ сӕ сӕххӕст кӕнынмӕ. 18 Ӕцӕг уын зӕгъын: цалынмӕ арв ӕмӕ зӕхх сты, уӕдмӕ Ӕгъдауӕй тӕккӕ къаддӕр дамгъӕ кӕнӕ иу хахх дӕр нӕ фӕхъӕудзӕн – ӕппӕт дӕр сӕххӕст уыдзӕни. 19 Уӕдӕ ацы тӕккӕ къаддӕр фӕдзӕхстытӕн сӕ иуы дӕр чи фехала ӕмӕ адӕмы дӕр афтӕ бакӕныныл чи сардауа, уый къаддӕрыл нымад уыдзӕн Уӕларвон Паддзахады. Фӕлӕ сӕ чи сӕххӕст кӕна ӕмӕ сӕ адӕмӕн дӕр чи бацамона, уый Уӕларвон Паддзахады нымад уыдзӕни стырыл. 20 Зӕгъын уын: динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕй коммӕгӕсдӕр куы нӕ уат Хуыцауӕн, уӕд Уӕларвон Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзыстут. 21 Сымах фехъуыстат, рагон адӕмӕн цы загъд уыди, уый: „Ма амар; чи амара, уый дзуапп дӕтдзӕн тӕрхоны раз". 22 Ӕз та уын зӕгъын: йе 'фсымӕрмӕ [ӕнӕхъуаджы] чидӕриддӕр мӕсты кӕна, уый дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз; йе 'фсымӕрӕн „ницӕйаг" чи зӕгъа, уый дзуапп дӕтдзӕни синедрионы раз; „ӕнӕзонд" ын чи зӕгъа, уымӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны арт. 23 Уӕдӕ ды дӕ нывондимӕ нывондхӕссӕнмӕ куы ӕрцӕуай, ӕмӕ дӕм де 'фсымӕр цӕйдӕр тыххӕй кӕй фӕхъыг, уый дӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууа, 24 Уӕд дӕ нывонд ныууадз нывондхӕссӕны раз, ацу, бафидау уал де 'фсымӕримӕ, стӕй раздӕх ӕмӕ ӕрхӕсс дӕ нывонд. 25 Бафидау ӕвӕстиатӕй дӕ зылынгӕнӕгимӕ, цалынмӕ йемӕ тӕрхондонмӕ цӕуыс, уӕдмӕ; науӕд дӕ бакӕндзӕн тӕрхонгӕнӕгмӕ, тӕрхонгӕнӕг дӕ ратдзӕн хъахъхъӕнӕгмӕ, ӕмӕ дӕ баппардзысты ахӕстоны. 26 Ӕцӕг дын зӕгъын: цы бафидын дӕ хъӕуы, уый фӕстаг кодранты онг цалынмӕ раттай, уӕдмӕ нӕ рацӕудзынӕ уырдыгӕй. 27 Сымах фехъуыстат, [рагон адӕмӕн] цы загъд уыди, уый: „Ма хӕт". 28 Ӕз та уын зӕгъын: сылгоймагмӕ мондаджы цӕстӕй чидӕриддӕр кӕсы, уый ныридӕгӕн йӕ мидзӕрдӕйы фӕхӕтыд йемӕ. 29 Дӕ рахиз цӕст дын тӕригъӕды хос куы уа, уӕд ӕй фелвас ӕмӕ йӕ аппар – хуыздӕр дын у дӕ уӕнгтӕй иу фесафын, цӕйнӕфӕлтау дын дӕ буар ӕгасӕй дӕр зындонмӕ баппӕрстӕуа. 30 Ӕмӕ дын дӕ рахиз къух тӕригъӕды хос куы уа, уӕд ӕй акъуыр ӕмӕ йӕ аппар – хуыздӕр дын у дӕ уӕнгтӕй иу фесафын, цӕйнӕфӕлтау дӕ буар ӕгасӕй дӕр зындонмӕ бацӕуа. 31 Ноджыдӕр загъд у: „Йӕ усы чи ауадза, уый йын раттӕд уагъды ӕвдисӕндар". 32 Ӕз та уын зӕгъын: хӕтыны азым ӕм ма уӕд, уымӕй дарддӕр йӕ усы чидӕриддӕр ауадза, уый йӕ хӕтыныл ӕфтауы. Уагъд усы чи ракура, уый дӕр хӕтгӕ кӕны. 33 Сымах ноджыдӕр фехъуыстат, рагон адӕмӕн ма цы загъд уыди, уый: „Дӕ сомы ма басӕтт, фӕлӕ Хуыцауӕн цӕй тыххӕй расомы кодтай, уый бакӕн". 34 Ӕз та уын зӕгъын: ӕппындӕр сомы ма кӕнут – нӕдӕр арвӕй, уымӕн ӕмӕ уый Хуыцауы бадӕн у; 35 Нӕдӕр зӕххӕй, уымӕн ӕмӕ уый Йӕ къӕхты ӕнцой у; нӕдӕр Иерусалимӕй, уымӕн ӕмӕ уый стыр Паддзахы сахар у. 36 Дӕ сӕрӕй дӕр ма сомы кӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ сӕрыхъуынтӕй иу ӕрду дӕр урс кӕнӕ сау скӕнын дӕ бон нӕу. 37 Фӕлӕ уӕ „о" хъуамӕ уа „о", уӕ „нӕ" та – „нӕ"; уымӕй уӕлдай цы уа, уый та хӕйрӕгӕй у. 38 Сымах фехъуыстат, цы загъд уыди, уый: „Цӕст къахӕгӕн йӕ цӕст къахинаг у ӕмӕ дӕндаг сӕттӕгӕн йӕ дӕндаг сӕттинаг у". 39 Ӕз та уын зӕгъын: дӕ бафхӕрӕджы ныхмӕ ма рацу. Фӕлӕ дын дӕ рахиз ӕхсӕрфарс чи ныццӕва, уымӕ бадар иннӕ дӕр. 40 Дӕ хӕдон байсыны тыххӕй дыл тӕрхондонмӕ чи бахъаст кӕна, уымӕн ратт дӕ пӕлӕз дӕр. 41 Фӕндагыл дӕ йемӕ ӕвӕндонӕй чи акӕна, уыимӕ дыууӕ хатты фылдӕр ацу. 42 Чи дӕ кура, уымӕн ратт, ӕмӕ дӕуӕй ӕфстау райсын кӕй фӕнды, ууыл дӕхи ма атигъ кӕн. 43 Сымах фехъуыстат, цы загъд уыд, уый: „Уарз хионы ӕмӕ де сӕфт уын де знагӕй". 44 Ӕз та уын зӕгъын: уарзут уе знӕгты, [уе 'лгъитджытӕн хорзӕх курут Хуыцауӕй, хорз кӕнут, сымахӕй йе сӕфт чи уыны, уыдонӕн,] кувут уе 'фхӕрджыты тыххӕй. 45 Ӕмӕ уӕд уыдзыстут уӕ Уӕларвон Фыды хъӕбултӕ – Уый хур скӕсын кӕны хӕрзтыл дӕр ӕмӕ ӕвзӕртыл дӕр, къӕвда рауадзы рӕстытыл дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтыл дӕр. 46 Уымӕн ӕмӕ сымах чи уарзы, уыдоны куы уарзат, уӕд уын уый тыххӕй цавӕр хӕрзиуӕг уыдзӕни? Хъалонисджытӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц, ӕви? 47 Ӕмӕ кӕд ӕрмӕстдӕр уе 'фсымӕртӕн салам дӕттут, уӕд цы уадиссаг аразут? Муртаттӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц, ӕви? 48 Уӕдӕ ут ӕнаипп, уӕ Уӕларвон Фыд ӕнаипп куыд у, афтӕ.
