IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

Матфей 27 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Куы сбон, уӕд алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ сеппӕт дӕр бауынаффӕ кодтой Йесойы тыххӕй, цӕмӕй Йӕ раттой амарынмӕ.   2  Уӕд Ӕй сбастой, акодтой Йӕ ӕмӕ Йӕ радтой иудейаг бӕстӕйы хицау Пилаты къухтӕм.   3  Йесойӕн кӕй стӕрхон кодтой, уый Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ куы базыдта, уӕд ӕрхудт йӕхиуыл, дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы фӕстӕмӕ радта алчертӕм ӕмӕ адӕмы хистӕртӕм,   4  Ӕмӕ загъта: «Ӕз фӕтӕригъӕдджын дӕн, ӕназым туг кӕй ауӕй кодтон, уымӕй». Фӕлӕ йын уыдон дзуапп радтой: «Уый махмӕ нӕ хауы. Дӕхи хъуыддаг у».   5  Иудӕ ӕвзист ӕхцатӕ аппӕрста Кувӕндоны, рацыд ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта.   6  Алчертӕ систой ӕвзист ӕхцатӕ ӕмӕ загътой: «Кувӕндоны хӕзнадоны сын нывӕрын нӕ фӕччы, уымӕн ӕмӕ туджы аргъ сты».   7  Бауынаффӕ кодтой ӕмӕ дзы бӕлццӕтты ныгӕнынӕн балхӕдтой, дурынгӕнӕджы зӕхх кӕй хуыдтой, уый.   8  Уымӕ гӕсгӕ уыцы зӕхх абон дӕр хуыйны «Туджы зӕхх».   9  Уӕд сӕххӕст, Иереми-пехуымпар цы загъта, уый: «Ӕмӕ райстой дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы – израилӕгтӕ Йын цы аргъ скодтой, уый.   10  Ӕмӕ сӕ бафыстой дурынгӕнӕджы зӕххыл, Хуыцау мын куыд загъта, афтӕ».   11  Ныр Йесо та ӕрлӕууыди бӕстӕйы хицауы раз. Бӕстӕйы хицау Ӕй бафарста: «Ды дӕ иудейаг Паддзах?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс».   12  Ӕмӕ Йӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ куы зылын кодтой, уӕд сын Йесо ницы дзуапп радта.   13  Уӕд Ын Пилат загъта: «Дӕ ныхмӕ куыд бирӕ ӕвдисӕн кӕнынц, уый нӕ хъусыс?»   14  Йесо йын йӕ иу фарстӕн дӕр дзуапп нӕ радта, ӕмӕ бӕстӕйы хицау стыр дисы бафтыд.   15  Бӕстӕйы хицаумӕ уыд ӕгъдау: бӕрӕгбоны-иу рауагъта, адӕмы-иу кӕй бафӕндыд, иу ахӕм ахӕсты.   16  Уыцы рӕстӕг сӕм уыди зындгонд ахӕст, йӕ ном – Вараввӕ.   17  Ӕмӕ адӕм куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сын Пилат загъта: «Куыд уӕ фӕнды, кӕй уын рауадзон: Вараввӕйы, ӕви Чырысти Чи хуыйны, уыцы Йесойы?»   18  Пилат зыдта, Йесойы йын йӕ къухтӕм сӕ хӕлӕгӕй кӕй радтой, уый.   19  Ӕмӕ ма Пилат тӕрхонгӕнӕджы бынаты куы бадти, уӕд ӕм йӕ ус барвыста зӕгъынмӕ: «Мацы Йын ракӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы Рӕстгӕнӕджы тыххӕй дысон бирӕ фӕудхар кодтон мӕ фыны».   20  Фӕлӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ сардыдтой адӕмы, цӕмӕй ракурой Вараввӕйы, Йесойы та амарын кӕной.   21  Бӕстӕйы хицау сӕ бафарста: «Куыд уӕ фӕнды, ацы дыууӕйӕ уын кӕй рауадзон?» Уыдон загътой: «Вараввӕйы».   22  Пилат сӕ бафарста: «Ӕмӕ уӕд Чырысти Чи хуыйны, уыцы Йесойӕн та цы бакӕнон?» Сеппӕт дӕр ын загътой: «Дзуарыл тыгъд ӕрцӕуӕд!»   23  Пилат бафарста: «Уагӕр ӕвзӕрӕй цы ракодта?» Фӕлӕ уыдон тынгдӕр хъӕр кодтой: «Дзуарыл тыгъд ӕрцӕуӕд!»   24  Пилат федта, адӕммӕ кӕй ницы хъары, уый; нӕ фӕлӕ ма змӕнтын дӕр райдыдтой. Уӕд райста дон, цӕхсадта йӕ къухтӕ адӕмы раз ӕмӕ загъта: «Ӕз аххосджын нӕ дӕн ацы тугкалды. Уӕ бар уӕхи».   25  Адӕм иууылдӕр дзуапп радтой: «Йӕ туг махӕн ӕмӕ нӕ зӕнӕгӕн фидинаг фӕуӕд».   26  Уӕд сын рауагъта Вараввӕйы, Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ Йӕ радта дзуарыл байтындзынмӕ.   27  Уӕд бӕстӕйы хицауы ӕфсӕддонтӕ Йесойы акодтой уый галуанмӕ, ӕмӕ Йыл ӕрӕмбырд кодтой ӕгас ӕфсӕддон хай.   28  Раластой Йын Йӕ дарӕс ӕмӕ Йыл скодтой сырх пӕлӕз.   29  Сбыдтой сындзын кадыхуд ӕмӕ Йын ӕй ӕркодтой Йӕ сӕрыл, Йӕ рахиз къухмӕ та Йын радтой лӕдзӕг. Йӕ разы ӕрлӕууыдысты сӕ зонгуытыл ӕмӕ Йыл худтысты: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!»   30  Фӕтутӕ Йыл кодтой, стӕй райстой лӕдзӕг ӕмӕ Йын цавтой Йӕ сӕр.   31  Куы Йӕ бафхӕрдтой, уӕд пӕлӕз раластой, скодтой Йыл Йӕхи дарӕс ӕмӕ Йӕ акодтой байтындзынмӕ.   32  Куы рацыдысты, уӕд сӕмбӕлдысты иу кириниаг лӕгыл, йӕ ном – Симон; ӕмӕ йын ахӕссын кодтой Йесойы дзуар.   33  Голгофӕ (ома, Сӕргӕхцы бынат) чи хуыйны, уырдӕм куы бахӕццӕ сты,   34  Уӕд Ын нуазынӕн радтой сӕн мастимӕ хӕццӕйӕ. Фӕлӕ дзы куы ацахуыста, уӕд ӕй нӕ бакуымдта.   35  Дзуарыл Ӕй чи байтыгъта, уыдон Ын хӕлттӕ сӕппӕрстой Йӕ дарӕстыл ӕмӕ сӕ се 'хсӕн байуӕрстой.   36  Стӕй сбадтысты ӕмӕ Йӕ хъахъхъӕдтой.   37  Йӕ сӕрмӕ Йын дзуарыл ныххуыдтой фӕйнӕг; фыст ыл уыди Йӕ азым: «Ай у Йесо, иудейаг Паддзах».   38  Уӕд Ын Йемӕ байтыгътой дыууӕ абырӕджы, иуы рахизырдыгӕй, иннӕйы та галиуырдыгӕй.   39  Йӕ цурты чи цыди, уыдон тылдтой сӕ сӕртӕ ӕмӕ Йӕ фаудтой:   40  «Кувӕндон халӕг ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ аразӕг! Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи фервӕзын кӕн ӕмӕ дзуарӕй ӕрхиз».   41  Афтӕ Дзы хынджылӕг кодтой алчертӕ дӕр динамонджытимӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртимӕ:   42  «Иннӕты ирвӕзын кодта, Йӕхи фервӕзын кӕнын та Йӕ бон нӕу! Израилы Паддзах у; ныртӕккӕ дзуарӕй ӕрхизӕд, ӕмӕ Йыл баууӕнддзыстӕм.   43  Хуыцауыл Йӕ зӕрдӕ дардта, ӕмӕ Йӕ ныр фервӕзын кӕнӕд, кӕд Хуыцауӕн фӕндон у, уӕд. Уымӕн ӕмӕ афтӕ загъта: „Ӕз Хуыцауы Фырт дӕн"».   44  Йемӕ тыгъд абырджытӕ дӕр Ӕй фаудтой.   45  Ӕхсӕзӕм сахатӕй фарӕстӕм сахаты онг бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг.   46  Фарӕстӕм сахатмӕ хӕстӕг Йесо хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Эли, Эли, лема сабахтани?» Ома: «Мӕ Хуыцау, Мӕ Хуыцау, цӕмӕн Мӕ ныууагътай?»   47  Уым чи лӕууыд, уыдонӕй чидӕртӕ уый фехъуыстой ӕмӕ дзырдтой: «Илиамӕ дзуры».   48  Сӕ иу уайтӕккӕ азгъордта, губкӕ стылдта туаг сӕны, ӕрсагъта йӕ лӕдзӕгыл ӕмӕ йӕ Йесомӕ бадардта баназынмӕ.   49  Иннӕтӕ та дзырдтой: «Фӕлӕуу-ма, бакӕсӕм, кӕддӕра Йӕм Илиа фервӕзын кӕнынмӕ ӕрцӕуид».   50  Йесо та ноджы хъӕрӕй ныууынӕргъыдта ӕмӕ Йӕ уд систа.   51  Ӕмӕ Кувӕндоны мидӕг ӕмбӕрзӕн дыууӕ дихы фӕци уӕлейӕ бынмӕ. Зӕхх нынкъуыст, ӕмӕ къӕдзӕхтӕ ныскъуыдтӕ сты.   52  Ингӕнтӕ байгом сты, ӕмӕ чи амард, уыцы сыгъдӕджытӕй бирӕтӕ райгас сты,   53  Ӕмӕ Йесойы райгасы фӕстӕ сыстадысты сӕ ингӕнтӕй, сыгъдӕг сахармӕ бацыдысты, ӕмӕ сӕ бирӕтӕ федтой.   54  Сӕдӕйыхицау, стӕй уыимӕ Йесойы чи хъахъхъӕдта, уыдон зӕххӕнкъуыст ӕмӕ, цы ӕрцыди, ӕппӕт уыдӕттӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты ӕмӕ дзырдтой: «Уый ӕцӕгӕй Хуыцауы Фырт уыди».   55  Уым уыдысты ӕмӕ дӕрддзӕфӕй кастысты, Йесойӕн лӕггад кӕнынмӕ Галилейӕ Йӕ фӕдыл чи рацыд, уыцы сылгоймӕгтӕ дӕр;   56  Уыдонимӕ – магдалӕйаг Мариа, Иаковы ӕмӕ Иосифы мад Мариа, стӕй Зеведейы фыртты мад.   57  Куы баизӕр, уӕд ӕрцыд аримафейаг хъӕздыг лӕг Иосиф. Уый дӕр Йесойы ахуыргӕнинаг уыди.   58  Бацыди Пилатмӕ ӕмӕ дзы куырдта Йесойы мард. Пилат радта мард раттыны бардзырд.   59  Иосиф райста марды, батыхта йӕ сыгъдӕг уӕздан кӕттаджы   60  Ӕмӕ йӕ бавӕрдта, къӕдзӕхы кӕй скъахта, йӕ уыцы ног зӕппадзы. Зӕппадзмӕ бацӕуӕныл бафӕлдӕхта стыр дур ӕмӕ ацыди.   61  Магдалӕйаг Мариа ӕмӕ иннӕ Мариа уыдысты уым ӕмӕ бадтысты зӕппадзӕн йӕ бакомкоммӕ.   62  Майрӕмбоны фӕстӕ, дыккаг бон, алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕрӕмбырд сты Пилатмӕ,   63  Ӕмӕ загътой: «Не 'лдар, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, уыцы фӕливӕг ма ӕгас куы уыд, уӕд афтӕ загъта: „Ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзынӕн".   64  Уӕдӕ ратт зӕппадз ӕртыккаг бонмӕ хъахъхъӕныны бардзырд, цӕмӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ма ӕрцӕуой, ма Йӕ адавой ӕмӕ адӕмӕн ма зӕгъой: „Мӕрдтӕй райгас". Уӕд фӕстаг сайд фыццагӕй ӕвзӕрдӕр уыдзӕни».   65  Пилат сын загъта: «Акӕнут ӕфсӕддонтӕ, ацӕут ӕмӕ уӕ куыд фӕнды, афтӕ Йӕ хъахъхъӕнут».   66  Уыдон ацыдысты ӕмӕ зӕппадзмӕ бацӕуӕны сӕвӕрдтой хъахъхъӕнджытӕ, дурыл та – мыхуыр.