1 Йесо Кувӕндонӕй куы рацӕйцыд, уӕд Ӕм бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, цӕмӕй Йын фенын кӕной Кувӕндоны бӕстыхӕйттӕ. 2 Йесо сын загъта: «Уынут ӕппӕт уыдӕттӕ? Ӕцӕг уын зӕгъын: афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы ам дур дурыл нал баззайдзӕн». 3 Йесо Елеоны хохыл куы бадт, уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хибарӕй бацыдысты ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, уый кӕд уыдзӕн ӕмӕ цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕни Де 'рцыды ӕмӕ дунейы фӕуды афон?» 4 Йесо сын дзуапп радта: «Уӕхи хизут, цӕмӕй уӕ мачи фӕсайа. 5 Уымӕн ӕмӕ бирӕтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ӕз Чырысти дӕн", ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты. 6 Ноджы ма фехъусдзыстут ӕввахс ӕмӕ дард хӕстыты тыххӕй. Ма тӕрсут – ӕппӕт уыдӕттӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй, фӕлӕ уый кӕрон нӕма уыдзӕни. 7 Сыстдзысты адӕм адӕмы ныхмӕ ӕмӕ паддзахад паддзахады ныхмӕ, ранӕй-рӕтты скӕндзӕни стонг рӕстӕг, уыдзӕни зӕххӕнкъуыстытӕ. 8 Ӕппӕт уыдӕттӕ арӕг сылгоймаджы хъизӕмӕртты райдайӕнау уыдзысты. 9 Уӕд уӕ ӕгъатырӕй ӕфхӕрдзысты ӕмӕ уӕ мардзысты, ӕмӕ Мӕ номы тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕн уыдзыстут ӕнӕуынон. 10 Уӕд бирӕтӕ ныууадздзысты уырнындзинад, кӕрӕдзийыл рацӕудзысты гадзрахатӕй ӕмӕ кӕрӕдзийӕ уындзысты се сӕфт. 11 Фӕзындзӕни бирӕ мӕнгпехуымпартӕ ӕмӕ бирӕты асайдзысты. 12 Ӕмӕ тӕригъӕды сарӕхы аххосӕй бирӕтӕн бамынӕг уыдзӕни сӕ уарзондзинад. 13 Фӕлӕ кӕронмӕ чи бафӕраза, уый фервӕздзӕн. 14 Ӕмӕ ацы фарны уац фӕхӕццӕ уыдзӕни дунейы ӕппӕт кӕрӕттӕм, ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусдзысты Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕни кӕрон. 15 Уӕдӕ Даниил-пехуымпары дзыхӕй Хуыцау куыд загъта, афтӕ Сыгъдӕг Бынаты „ӕлгъаг гӕныстон" куы фенат, – чиныгкӕсӕг ӕй бамбарӕд, – 16 Уӕд Иудейӕйы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм. 17 Уӕлхӕдзар чи уа, уый йӕ хӕдзармӕ ма ӕрхизӕд уырдыгӕй исты рахӕссынмӕ. 18 Быдыры чи уа, уый дӕр ма раздӕхӕд йӕ дарӕс рахӕссынмӕ. 19 Уӕд додоййаг уыдзысты сывӕрджынтӕ ӕмӕ дзидзидарджытӕ. 20 Кувут, цӕмӕй уӕ ма бахъӕуа зымӕджы кӕнӕ сабаты лидзын. 21 Уымӕн ӕмӕ уӕд уыдзӕни, Хуыцау дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ чи нӕма уыд ӕмӕ нал уыдзӕн, ахӕм стыр бӕллӕх. 22 Ӕмӕ уыцы бонтӕ Хуыцау куы нӕ фӕцыбыр кодтаид, уӕд иу адӕймаг дӕр нӕ фервӕзтаид. Фӕлӕ ӕвзӕрстыты сӕраппонд Хуыцау уыцы бонтӕ фӕцыбыр кӕндзӕн. 23 Уӕд уын исчи куы зӕгъа: „Мӕнӕ ам ис Чырысти", кӕнӕ: „Уым ис", – ма уӕ бауырнӕд. 24 Уымӕн ӕмӕ фӕзындзысты мӕнгчырыститӕ ӕмӕ мӕнгпехуымпартӕ, равдисдзысты стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ, цӕмӕй, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, асайой ӕвзӕрстыты дӕр. 25 Ныр уын уыдӕтты тыххӕй загътон рагацау. 26 Уӕдӕ уын куы зӕгъой: „Чырысти ӕдзӕрӕг ран ис", – ма ацӕут, кӕнӕ: „Мӕнӕ рӕбинаг уаты ис Уый", – ма уӕ бауырнӕд. 27 Уымӕн ӕмӕ, ӕрвӕрттывд скӕсӕнӕй суанг ныгуылӕнмӕ куыд фӕзыны, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыд дӕр. 28 Холы кӕм уа, уым ӕрӕмбырд уыдзысты цӕргӕстӕ. 29 Уыцы бӕллӕхты хӕдуӕлвӕд баталынг уыдзӕни хур, мӕй нал ратдзӕн йӕ рухс, стъалытӕ ӕрхаудзысты арвӕй, ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ нынкъуысдзысты. 30 Уӕд арвыл фӕзындзӕн Адӕймаджы Фырты ӕвдисӕйнаг. Скӕудзысты ӕппӕт зӕххон адӕмтӕ ӕмӕ Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр тых ӕмӕ намысимӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ. 31 Сыкъауадындз хъӕрӕй ныууасдзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт рарвитдзӕн Йӕ зӕдты, ӕмӕ Йын Йе 'взӕрстыты ӕрӕмбырд кӕндзысты алы рӕттӕй – арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ. 32 Райсут цӕвиттонӕн легъуибӕлас: йӕ къалиутӕ куы сфӕлмӕн вӕййынц ӕмӕ сыфтӕр куы рафтауынц, уӕд фӕзонут, сӕрд кӕй ӕрӕввахс. 33 Уӕдӕ сымах ӕппӕт уыдӕттӕ куы фенат, уӕд-иу зонут, афон кӕй ӕрӕввахс, ныридӕгӕн къӕсӕрыл кӕй ис, уый. 34 Ӕцӕг уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр нӕма аивгъуыйдзӕни, цалынмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцӕуой. 35 Арв ӕмӕ зӕхх нал уыдзысты, Мӕ ныхӕстӕ та мыггагмӕ дӕр уыдзысты сӕ тыхы. 36 Уыцы бон ӕмӕ сахаты тыххӕй ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – ӕрмӕст ӕй Фыд зоны. 37 Фӕлӕ Нойы бонты куыд уыдис, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыды рӕстӕг дӕр. 38 Цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бацыд ӕмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта, уӕдмӕ хордтой ӕмӕ нуӕзтой, хастой устытӕ ӕмӕ цыдысты моймӕ. 39 Ӕмӕ ӕнхъӕл нӕ уыдысты, цалынмӕ доны хъаймӕт ӕрцыд ӕмӕ сеппӕты дӕр фесӕфта, уӕдмӕ. Адӕймаджы Фырты ӕрцыд дӕр афтӕ уыдзӕн. 40 Уӕд дыууӕ лӕджы уыдзысты быдыры – сӕ иу ист ӕрцӕудзӕн, иннӕ та баззайдзӕн. 41 Дыууӕ сылгоймаджы ӕрмгуыройыл сдзысты хор – сӕ иу ист ӕрцӕудзӕн, иннӕ та баззайдзӕн. 42 Уӕдӕ къӕрцхъус ут, уымӕн ӕмӕ уӕ Хицау кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут. 43 Сымахӕн зындгонд у: хуыснӕг кӕцы сахатыл ӕрцӕудзӕн, уый хӕдзары хицау куы зыдтаид, уӕд уыдаид къӕрцхъус ӕмӕ йӕ хӕдзар фӕкъахын нӕ бауагътаид. 44 Уымӕ гӕсгӕ сымах дӕр цӕттӕ ут, уымӕн ӕмӕ ӕнхъӕл кӕд нӕ уат, уӕд ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт. 45 Чи у иузӕрдион ӕмӕ зондджын цагъар? Хӕринаг сын афоныл дӕттыны тыххӕй хӕдзары хицау йӕ цагъартӕн хистӕрӕй кӕй сӕвӕрдзӕн? 46 Тӕхудиаг уыдзӕн уыцы цагъар, йӕ хицау куы ӕрцӕуа, уӕд афтӕмӕй кӕй ӕрӕййафа. 47 Ӕцӕг уын зӕгъын, йеппӕт исбон бакӕндзӕн уый бар. 48 Фӕлӕ уыцы цагъар фыдзӕрдӕ куы уа ӕмӕ хинымӕр афтӕ куы зӕгъа: „Мӕ хицау рӕхджы не 'рцӕудзӕн", 49 Ӕмӕ куы байдайа йе 'мбӕлтты нӕмын, расыггӕнджытимӕ хӕрын ӕмӕ нуазын, 50 Уӕд уыцы цагъарӕн йӕ хицау ӕрцӕудзӕн, кӕд ӕм не 'нхъӕлмӕ кӕса, уыцы бон, ӕмӕ ӕнхъӕл кӕд нӕ уа, уыцы сахат, 51 Ӕгъатырӕй йӕ бафхӕрдзӕн ӕмӕ йын цӕстмӕхъусты хал ахӕрын кӕндзӕн. Уым уыдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс.
