1 Йесомӕ бацыдысты фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ, ӕмӕ Дзы Йӕ бафӕлварыны тыххӕй домдтой уӕларвӕй сын ӕвдисӕйнаг равдисын. 2 Йесо сын дзуапп радта: «Изӕрӕй сымах фӕзӕгъут: „Боныхъӕд хорз уыдзӕн – арв сырх у". 3 Райсомӕй та фӕзӕгъут: „Къӕвда уыдзӕн абон – арв сырх ӕмӕ хъуынтъыз у". [Цӕстмӕхъустӕ!] Арвыл цы уынут, уый иртасын куы зонут, уӕд ацы рӕстӕджы цаутӕ раиртасын нӕ фӕразут? 4 Хуыцауы ныууадзӕг хӕлд фӕлтӕр ӕвдисӕйнаг домы, фӕлӕ йын Ионӕйы диссагӕй дарддӕр ӕндӕр ӕвдисӕйнаг нӕ рардӕуыдзӕн». Уыйадыл сӕ ныууагъта ӕмӕ ацыд уырдыгӕй. 5 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бӕлӕгъы бацыдысты денджызы иннӕ фарсмӕ. Семӕ сӕ дзултӕ райсын ферох. 6 Йесо сын загъта: «Хъусут, уӕхи хизут фарисейты ӕмӕ саддукейты ӕнхъизӕнӕй». 7 Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Дзул нӕ райстам немӕ». 8 Йесо сӕ бамбӕрста, ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн дзурут, лӕмӕгъ уырнджытӕ, дзул уӕм кӕй нӕй, уый тыххӕй? 9 Ау, нӕма йӕ бамбӕрстат? Фондз мин лӕгӕн фондз дзулы куыд сфаг ӕмӕ цал чыргъӕды байдзаг кодтат, уый уӕ зӕрдыл нал лӕууы? 10 Цыппар минӕн авд дзулы куыд сфаг ӕмӕ уӕлдӕйттӕй цал чыргъӕды байдзаг кодтат, уый дӕр уӕ ферох? 11 Ау, Мӕ ныхас дзулы тыххӕй кӕй нӕ уыд, уый куыд нӕ ӕмбарут? Уӕхи хизут фарисейты ӕмӕ саддукейты ӕнхъизӕнӕй». 12 Уӕд бамбӕрстой: Йесо сын дзырдта дзулы ӕнхъизӕнӕй нӕ, фӕлӕ фарисейты ӕмӕ саддукейты ахуырадӕй сӕхи бахизыны тыххӕй. 13 Йесо Филиппы Кесарийы зӕхмӕ куы ӕрцыди, уӕд бафарста Йӕ ахуыргӕнинӕгты: «Мӕн, Адӕймаджы Фырты, адӕм кӕуыл нымайынц?» 14 Уыдон Ын загътой: «Иутӕ – Аргъауӕг Иоанныл, иннӕтӕ – Илиайыл, аннӕтӕ та – Иеремийыл кӕнӕ пехуымпартӕй иуыл». 15 Йесо сӕ бафарста: «Сымах та Мӕ кӕуыл нымайут?» 16 Симон Петр Ын дзуапп радта: «Ды Чырысти дӕ, цардӕгас Хуыцауы Фырт». 17 Уӕд ын Йесо загъта: «Тӕхудиаг дӕ, Ионӕйы фырт Симон, уымӕн ӕмӕ дын уый адӕймаг нӕ раргом кодта, фӕлӕ Мӕ Уӕларвон Фыд. 18 Ӕз дын зӕгъын: ды дӕ Петр ӕмӕ уыцы дурыл Ӕз сараздзынӕн Мӕ аргъуан, ӕмӕ йӕ зындоны тыхтӕ нӕ басӕтдзысты. 19 Ӕз дӕм ратдзынӕн Уӕларвон Паддзахады дӕгъӕлтӕ. Зӕххыл бар цӕмӕн нӕ раттай, уымӕн уӕлӕрвты дӕр бар лӕвӕрд нӕ уыдзӕн; зӕххыл бар цӕмӕн раттай, уымӕн та уӕлӕрвты дӕр рардӕуыдзӕн бар». 20 Уӕд Йесо бафӕдзӕхста Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, цӕмӕй макӕмӕн зӕгъой, Уый Чырысти кӕй у, уый тыххӕй. 21 Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕргом кӕнын райдыдта: хъуамӕ ацӕуа Иерусалиммӕ ӕмӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзара адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ динамонджыты къухтӕй; амардӕйӕуыдзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн. 22 Уӕд Ӕй Петр фӕхибар кодта ӕмӕ Йын райдыдта уайдзӕф кӕнын: «Хуыцау Дӕ уымӕй бахизӕд, Хицау! Уыцы бӕллӕх дыл ма ӕрцӕуӕд!» 23 Йесо разылд ӕмӕ Петрӕн загъта: «Фесӕф Мӕ цурӕй, хӕйрӕг! Ды Мын цӕлхдур дӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ, Хуыцауы фӕндон цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ адӕймаджы фӕндон цы у, ууыл сты». 24 Уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ рацӕуӕд Мӕ фӕдыл. 25 Уымӕн ӕмӕ йӕ цард бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕн; йӕ цард Мӕ сӕраппонд чи фесафа, уый та йӕ ссардзӕн. 26 Адӕймаг ӕгас дуне йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Кӕнӕ йӕм цы разындзӕн, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй? 27 Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕн Йӕ Фыды намысимӕ, Йӕ зӕдтимӕ, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр ратдзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ. 28 Ӕцӕг уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, цалынмӕ Адӕймаджы Фырты паддзахы бартимӕ ӕрцӕугӕ феной, уӕдмӕ».
