1 Йесо Кувӕндонӕй куы рацӕйцыд, уӕд Ын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу загъта: «Ахуыргӕнӕг, акӕс-ма, мӕнӕ цы дуртӕ ӕмӕ бӕстыхӕйттӕ ис!» 2 Йесо йын дзуапп радта: «Уыныс ацы стыр бӕстыхӕйттӕ? Уыдон афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы ам дур дурыл нал баззайдзӕн». 3 Йесо Елеоны хохыл Кувӕндоны бакомкоммӕ куы бадт, уӕд Ӕй хибарӕй фарстой Петр, Иаков, Иоанн ӕмӕ Андрей: 4 «Зӕгъ-ма нын, уый кӕд уыдзӕн, ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕн се 'рцыды афон цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?» 5 Йесо сын райдыдта дзурын: «Уӕхи хизут, цӕмӕй уӕ мачи фӕсайа. 6 Бирӕтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ӕз Чырысти дӕн", ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты. 7 Ӕввахс ӕмӕ дард хӕстыты тыххӕй куы фехъусат, уӕд ма фӕтӕрсут – ӕппӕтт уыдӕттӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй, фӕлӕ уый кӕрон нӕма уыдзӕни. 8 Сыстдзысты адӕм адӕмы ныхмӕ ӕмӕ паддзахад паддзахады ныхмӕ, ранӕй-рӕтты уыдзӕни зӕххӕнкъуыстытӕ, скӕндзӕни стонг рӕстӕг. Ӕппӕт уыдӕттӕ арӕг сылгоймаджы хъизӕмӕртты райдайӕнау уыдзысты. 9 Фӕлӕ сымах цӕттӕ дарут уӕхи: дӕтдзысты уӕ тӕрхондӕттӕм ӕмӕ уӕ нӕмдзысты синагогӕты; Мӕн тыххӕй уӕ кӕндзысты хицӕуттӕм ӕмӕ паддзӕхтӕм, цӕмӕй Мын уыдоны раз уат ӕвдисӕнтӕ. 10 Фӕлӕ уал уыдӕтты размӕ ӕппӕт адӕмтӕм хъуамӕ фӕхӕццӕ уа фарны уац. 11 Тӕрхонмӕ уӕ куы кӕной, уӕд цы зӕгъдзыстут, ууыл-иу рагацау ма мӕт кӕнут, фӕлӕ-иу дзурут, уайтӕккӕ уын цы рардӕуа, уый. Уымӕн ӕмӕ сымах нӕ дзурдзыстут, фӕлӕ уӕ дзыхӕй дзурдзӕни Сыгъдӕг Уд. 12 Ратдзӕн ӕфсымӕр ӕфсымӕры ӕмӕ фыд хъӕбулы мӕлӕтмӕ; сыстдзысты зӕнӕг сӕ ныййарджыты ныхмӕ ӕмӕ сӕ амарын кӕндзысты. 13 Мӕ номы тыххӕй алкӕмӕн дӕр уыдзыстут ӕнӕуынон; фӕлӕ кӕронмӕ чи бафӕраза, уый фервӕздзӕн. 14 Кӕм не 'мбӕлы, уым „ӕлгъаг гӕныстон" куы фенат, – чиныгкӕсӕг ӕй бамбарӕд, – уӕд Иудейӕйы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм. 15 Уӕлхӕдзар чи уа, уый йӕ хӕдзармӕ ма ӕрхизӕд уырдыгӕй исты рахӕссынмӕ. 16 Быдыры чи уа, уый дӕр ма раздӕхӕд йӕ дарӕс рахӕссынмӕ. 17 Уӕд додоййаг уыдзысты сывӕрджынтӕ ӕмӕ дзидзидарджытӕ. 18 Кувут, цӕмӕй уӕ ма бахъӕуа зымӕджы лидзын. 19 Уымӕн ӕмӕ уыцы бонты уыдзӕни, Хуыцау дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ чи нӕма уыд ӕмӕ нал уыдзӕн, ахӕм стыр бӕллӕх. 20 Ӕмӕ Хицау уыцы бонтӕ куы нӕ фӕцыбыр кодтаид, уӕд иу адӕймаг дӕр нӕ фервӕзтаид. Фӕлӕ Йӕхӕдӕг кӕй сӕвзӕрста, уыдоны сӕраппонд сӕ фӕцыбыр кодта. 21 Уӕд уын исчи куы зӕгъа: „Мӕнӕ ам ис Чырысти", кӕнӕ: „Уым ис", – ма уӕ бауырнӕд. 22 Уымӕн ӕмӕ фӕзындзысты мӕнгчырыститӕ ӕмӕ мӕнгпехуымпартӕ, равдисдзысты ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ, цӕмӕй, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, асайой ӕвзӕрстыты. 23 Уӕхи хизут – ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй уын Ӕз загътон рагацау. 24 Уӕд, уыцы бӕллӕхты фӕстӕ, баталынг уыдзӕни хур, мӕй нал ратдзӕн йӕ рухс, 25 Стъалытӕ хаудзысты арвӕй, ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ нынкъуысдзысты. 26 Уӕд Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр тых ӕмӕ намысимӕ ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ. 27 Рарвитдзӕн зӕдты ӕмӕ Йе 'взӕрстыты ӕрӕмбырд кӕндзӕн алы рӕттӕй – зӕххы кӕронӕй арвы кӕронмӕ. 28 Райсут цӕвиттонӕн легъуибӕлас: йӕ къалиутӕ куы сфӕлмӕн вӕййынц ӕмӕ сыфтӕр куы рафтауынц, уӕд фӕзонут, сӕрд кӕй ӕрӕввахс. 29 Уӕдӕ сымах ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕстгӕнгӕ куы фенат, уӕд-иу зонут, афон кӕй ӕрӕввахс, ныридӕгӕн къӕсӕрыл кӕй ис, уый. 30 Ӕцӕг уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр нӕма аивгъуыйдзӕни, цалынмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцӕуой. 31 Арв ӕмӕ зӕхх нал уыдзысты, Мӕ ныхӕстӕ та мыггагмӕ дӕр уыдзысты сӕ тыхы. 32 Уыцы боны кӕнӕ сахаты тыххӕй ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – ӕрмӕст ӕй Фыд зоны. 33 Цырд лӕуут ӕмӕ фынӕй ма кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыцы афон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут. 34 Цӕвиттон, иу лӕг цыди балцы ӕмӕ йӕ хӕдзар ныууагъта йӕ цагъарты ӕвджид, алкӕмӕн дӕр дзы бахӕс кодта бӕлвырд хъуыддаг ӕмӕ дуаргӕсӕн бафӕдзӕхста къӕрцхъусӕй лӕууын. 35 Уӕдӕ сымах дӕр ут къӕрцхъус, уымӕн ӕмӕ нӕ зонут, хӕдзары хицау кӕд ӕрцӕудзӕн, уый: изӕры, ӕмбисӕхсӕв, кӕркуасӕнты ӕви райсомӕй. 36 Ӕваст куы ӕрцӕуа, уӕд уӕ фынӕйӕ цӕмӕй ма ӕрӕййафа. 37 Сымахӕн цы зӕгъын, уый хауы алкӕмӕ дӕр: ут къӕрцхъус».
