1 Уый фӕстӕ Йесо зылди сахартыл ӕмӕ хъӕутыл, хъусын кодта фарны уац Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Йемӕ уыдысты Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинаджы, 2 Стӕй ӕнӕзӕгъинӕгты кӕмӕй расырдта ӕмӕ низтӕй кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы сылгоймӕгтӕ: авд дӕлимоны кӕмӕй рацыд, магдалӕйаг кӕй хуыдтой, уыцы Мариа, 3 Ироды хӕдзарӕн уынаффӕгӕнӕг чи уыди, уыцы Хузайы ус Иоаннӕ, Сусаннӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр сылгоймӕгтӕ. Сеппӕт дӕр сӕ мулкӕй лӕггад кодтой Йесойӕн ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн. 4 Адӕм кодтой фылдӕрӕй-фылдӕр – цыдысты Йӕм ӕппӕт сахартӕй. Йесо сын радзырдта фӕсномыг ныхас: 5 «Рацыд тауӕг йӕ тауинаг тауынмӕ. Таугӕ-тауын иугай нӕмгуытӕ ӕрхаудысты фӕндаггӕрон, къӕхты бын фесты, ӕмӕ сӕ уӕларвон мӕргътӕ рауыгътой. 6 Иуӕй-иутӕ дзы ӕрхаудысты дурджын ран, ӕмӕ куы сӕвзӕрдысты, уӕд бахус сты, уымӕн ӕмӕ донхъуаг разындысты. 7 Иуӕй-иутӕ дзы ӕрхаудысты сындзыты ӕхсӕн, сындзытӕ сзадысты семӕ ӕмӕ сӕ ныххурх кодтой. 8 Иуӕй-иутӕ дзы ӕрхаудысты бӕзнаг мӕрыл, сзадысты ӕмӕ радтой фондзыссӕдз хатты фылдӕр тыллӕг». Уый радзурыны фӕстӕ Йесо хъӕрӕй загъта: «Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!» 9 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йӕ бафарстой: «Цы амоны ацы фӕсномыг ныхас?» 10 Йесо сын загъта: «Сымахӕн Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын лӕвӕрд у, иннӕтӕн та сӕ фӕсномыг ныхӕстӕй амындӕуы, цӕмӕй „кӕсой, фӕлӕ ма уыной, хъусой, фӕлӕ ма ӕмбарой". 11 Мӕнӕ цы амоны ацы фӕсномыг ныхас: тауинаг – Хуыцауы ныхас у. 12 Фӕндаггӕрон чи ӕрхауд, уыдон ахӕмтӕ сты: фехъусынц ныхас, фӕлӕ сӕм фӕстӕдӕр ӕрцӕуы хӕйрӕг ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕйӕ ахӕссы ныхас, цӕмӕй сӕ ма бауырна ӕмӕ ма фервӕзой. 13 Дурджын ран чи ӕрхауд, уыдон та ахӕмтӕ сты: ныхас куы фехъусынц, уӕд ӕй цингӕнгӕ айсынц сӕ зӕрдӕмӕ, фӕлӕ ӕнӕуидаг сты – ӕууӕндынц рӕстӕгмӕ, фӕлварӕнты куы бахауынц, уӕд та ныууадзынц сӕ уырнындзинад. 14 Сындзыты ӕхсӕн чи ӕрхауд, уыдон ахӕмтӕ сты: фехъусынц ныхас, фӕлӕ сын фӕстӕдӕр царды мӕт, мулк ӕмӕ зӕххон хиирхӕфсӕнтӕ сӕ хурхыл ныххӕцынц, ӕмӕ пайда нӕ раттынц. 15 Бӕзнаг мӕрыл чи ӕрхауд, уыдон та ахӕмтӕ сты: фехъусынц ныхас, дарынц ӕй сӕ фӕлмӕн ӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕйы, ӕмӕ, фӕразон кӕй сты, уый фӕрцы раттынц пайда. 16 Цырагъ чи ссудзы, уый йыл мигӕнӕн не 'рдӕлгом кӕны, сынтӕджы бын дӕр ӕй нӕ бавӕры, фӕлӕ йӕ сӕвӕры цырагъдарӕныл, бацӕуджытӕ рухс куыд уыной, афтӕ. 17 Уымӕн ӕмӕ цы нӕ раргом уа, ахӕм сусӕггаг нӕй, ӕмӕ цы нӕ рахъӕр уа ӕмӕ кӕй нӕ базындӕуа, ахӕм сусӕгдзинад нӕ вӕййы. 18 Уӕдӕ-иу ӕркӕсут, куыд хъусут, уымӕ. Уымӕн ӕмӕ кӕмӕ ис, уымӕн рардӕуыдзӕн; кӕмӕ нӕй, уымӕй та ист ӕрцӕудзӕн, ис мӕм, зӕгъгӕ, ӕнхъӕл цӕмӕй у, уый дӕр». 19 Йесомӕ ӕрцыдысты Йӕ Мад ӕмӕ Йе 'фсымӕртӕ, ӕмӕ дзы бирӕ адӕм кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ Йӕм бацӕуын сӕ къухы не 'фтыд. 20 Ӕмӕ Йын загътой: «Дӕ Мад ӕмӕ Де 'фсымӕртӕ ӕдде лӕууынц, Дӕу фенын сӕ фӕнды». 21 Йесо сын дзуапп радта: «Хуыцауы ныхасмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон сты Мӕ мад ӕмӕ Ме 'фсымӕртӕ». 22 Иухатт Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ бахызт бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Ахизӕм цады фаллаг фарсмӕ». Ӕмӕ араст сты. 23 Сӕ фӕндаг дардтой, ӕмӕ уалынмӕ Йесо афынӕй. Цады та сыстади тыхджын уад, дон калди бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ уыдысты тӕссаг уавӕры. 24 Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ Йесомӕ бацыдысты, райхъал Ӕй кодтой ӕмӕ Йын загътой: «Хицау, Хицау, сӕфӕм!» Йесо сыстади, бардзырд радта уад ӕмӕ уылӕнтӕн; уыдон банцадысты, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр. 25 Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕм ис уӕ уырнындзинад?» Уыдон фӕтарстысты, ӕмӕ дисгӕнгӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уый Чи уа, уад ӕмӕ донӕн бардзырд Чи дӕтты, ӕмӕ уыдон Кӕй коммӕ кӕсынц?» 26 Бахӕццӕ сты, Галилейы акомкоммӕ цады фаллаг фарс чи ис, Гадарӕйы уыцы бӕстӕмӕ. 27 Йесо былмӕ куы рахызт, уӕд Ыл сӕмбӕлди, раздӕр хӕстӕг сахары чи цард, ахӕм хӕйрӕджджын лӕг. Уый рагӕй дӕр дарӕс нӕ дардта, царди хӕдзары нӕ, фӕлӕ зӕппӕдзты. 28 Йесойы куы федта, уӕд ныхъхъӕр кодта, ӕрхауд Йӕ разы, ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Цы Дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Дунедарӕг Хуыцауы Фырт? Лӕгъстӕ Дын кӕнын, хъизӕмарӕй мӕ ма мар!» 29 Уымӕн ӕмӕ Йесо ӕнӕзӕгъинагӕн радта уыцы адӕймагӕй рацӕуыны бардзырд. Ӕнӕзӕгъинаг уый рагӕй тухӕнӕй мардта. Сбастой-иу ӕй рӕхыстӕ ӕмӕ хъадамантӕй, хъахъхъӕдтой йӕ, фӕлӕ-иу арӕдывта йӕ бӕттӕнтӕ, ӕмӕ-иу ӕй дӕлимон атардта ӕдзӕрӕг ранмӕ. 30 Йесо йӕ бафарста: «Дӕ ном куыд у?» Уый загъта: «Легион», уымӕн ӕмӕ дзы бирӕ дӕлимонтӕ бацыд. 31 Ӕмӕ уыдон куырдтой Йесойӕ, цӕмӕй сӕ дӕлдзӕхмӕ ма арвита. 32 Уым хохыл хызти хуыты стыр дзуг, ӕмӕ дӕлимонтӕ Йесойӕ куырдтой хуыты бацӕуыны бар. Йесо сын бар радта. 33 Дӕлимонтӕ рацыдысты уыцы адӕймагӕй, ӕмӕ бацыдысты хуыты. Ӕмӕ дзуг къардиуӕй йӕхи фехста цадмӕ, ӕмӕ фӕдӕлдон. 34 Цы ӕрцыд, уый хуыгӕстӕ куы федтой, уӕд азгъордтой, ӕмӕ хабар радзырдтой сахар ӕмӕ хъӕуты. 35 Ӕмӕ цы ӕрцыд, уый фенынмӕ рацыдысты адӕм. Ӕрбацыдысты Йесомӕ, ӕмӕ дӕлимонтӕ кӕмӕй рацыдысты, уыцы лӕджы федтой йӕ дарӕсы Йесойы къӕхты цур бадгӕ, йӕ зонд йӕхимӕ уыд, афтӕмӕй. Ӕмӕ старстысты. 36 Цы ӕрцыд, уый фенӕг адӕм сын радзырдтой, хӕйрӕджджын куыд сдзӕбӕх, уый тыххӕй. 37 Ӕмӕ Гадарӕйы алфамбылай ӕппӕт цӕрджыты дӕр стыр тас кӕй бацыд, уый тыххӕй уыдон куырдтой Йесойӕ, цӕмӕй уырдыгӕй ацӕуа. Йесо бахызт бӕлӕгъмӕ ӕмӕ раздӕхт фӕстӕмӕ. 38 Дӕлимонтӕ кӕмӕй рацыдысты, уыцы лӕг Ын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ уадза Йемӕ. Фӕлӕ йӕ Йесо арвыста ӕмӕ йын загъта: 39 «Аздӕх дӕ хӕдзармӕ ӕмӕ радзур, Хуыцау дын цы сарӕзта, уый». Лӕг ацыд, ӕмӕ ӕгас сахары дӕр дзырдта, Йесо йын цы сарӕзта, уый тыххӕй. 40 Йесо куы раздӕхт, уӕд Ыл адӕм сӕмбӕлдысты ӕхсызгонӕй, уымӕн ӕмӕ Йӕм сеппӕт дӕр ӕнхъӕлмӕ кастысты. 41 Ӕрцыд Ӕм иу лӕг, йӕ ном – Иаир, синагогӕйы хицау. Йӕхи ӕрӕппӕрста Йесойы къӕхтӕм, ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодта, йӕ хӕдзармӕ йын цӕмӕй бацӕуа, уый тыххӕй, 42 Уымӕн ӕмӕ йӕ иунӕг чызг марди; цыдаид ыл дыууадӕс азы. Йесо куы фӕцӕйцыд, уӕд Ӕй адӕм фӕйнӕрдыгӕй цъист кодтой. 43 Иу сылгоймагӕн дыууадӕс азы дӕргъы йӕ туг цӕуынӕй не 'нцад. Йеппӕт мулк дӕр дохтыртыл бахардз кодта, фӕлӕ йе сдзӕбӕх кӕнын никӕй бон баци. 44 Сылгоймаг чъылдымырдыгӕй бацыд Йесомӕ, бандзӕвыд Ын Йӕ пӕлӕзы коцорайыл, ӕмӕ уайтӕккӕ туг банцад йӕ цӕуынӕй. 45 Уӕд Йесо загъта: «Чи Мыл бандзӕвыд?» Ӕмӕ сеппӕт дӕр «нӕ» куы дзырдтой, уӕд Ын Петр загъта: «Хицау, адӕм Дыл ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Дӕ цъист кӕнынц». 46 Фӕлӕ Йесо загъта: «Чидӕр Мыл бандзӕвыд – Ӕз банкъардтон, тых Мӕ кӕй рацыд, уый». 47 Сылгоймаг, кӕй нӕ фӕсусӕг, уый куы федта, уӕд Ӕм тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бацыд ӕмӕ Йын Йӕ къӕхтӕм ӕрӕппӕрста йӕхи. Цӕй тыххӕй Йыл бандзӕвыд ӕмӕ уайтӕккӕ куыд сдзӕбӕх, уый радзырдта ӕппӕт адӕмы раз. 48 Йесо йын загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Цу фарнимӕ». 49 Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ синагогӕйы хицаумӕ иучидӕр ӕрцыд йӕ хӕдзарӕй, ӕмӕ йын загъта: «Дӕ чызг амард. Ахуыргӕнӕджы мауал фӕлмӕцын кӕн». 50 Фӕлӕ Йесо уый куы фехъуыста, уӕд синагогӕйы хицауӕн загъта: «Ма тӕрс, ӕрмӕст ӕууӕнд, ӕмӕ фервӕздзӕн». 51 Ӕмӕ йын йӕ хӕдзармӕ куы ӕрцыд, уӕд Петр, Иоанн ӕмӕ Иаковы, стӕй сабийы фыд ӕмӕ мады йеддӕмӕ никӕй бауагъта Йемӕ мидӕмӕ бацӕуын. 52 Адӕм иууылдӕр куыдтой ӕмӕ хъарӕг кодтой чызгыл. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Ма кӕут; мард нӕу, фынӕй у». 53 Ӕмӕ Йыл худтысты, уымӕн ӕмӕ, кӕй амард, уый зыдтой. 54 Фӕлӕ йын Йесо ныххӕцыд йӕ къухыл, ӕмӕ йӕм фӕдзырдта: «Саби, рабад!» 55 Чызгмӕ ӕрыздӕхт йӕ уд, ӕмӕ уыйадыл рабадт. Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын раттой хӕринаг. 56 Чызджы ныййарджытӕ дисы бафтыдысты. Фӕлӕ сын Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй, цы ӕрцыд, уый тыххӕй макӕмӕн зӕгъой.
