IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

Лука 7 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Чи Йӕм хъуыста, уыцы адӕмимӕ Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд бацыди Капернауммӕ.   2  Иу сӕдӕйыхицауӕн йӕ уарзон цагъар уыди рынчын, мӕлӕты къахыл ныллӕууыд.   3  Йесойы тыххӕй куы фехъуыста, уӕд Ӕм иудейты хистӕрты арвыста ӕрхатынмӕ, цӕмӕй ӕрцӕуа ӕмӕ йын йӕ цагъары сдзӕбӕх кӕна.   4  Уыдон ӕрцыдысты Йесомӕ ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодтой: «Сӕдӕйыхицау у Дӕ ацы ӕххуысы аккаг –   5  Уарзы нӕ адӕмы ӕмӕ нын сарӕзта синагогӕ».   6  Йесо рацыди семӕ. Йӕ хӕдзармӕ йын куы баввахс, уӕд Ӕм сӕдӕйыхицау рарвыста йӕ хӕлӕртты зӕгъынмӕ: «Хицау, Дӕхи ма тыхсын кӕн! Уымӕн ӕмӕ ӕз уый аккаг нӕ дӕн, ӕмӕ Ды мӕ хӕдзармӕ бацӕуай.   7  Уымӕ гӕсгӕ нӕ банымадтон мӕхи Дӕумӕ фӕцӕуыны аккагыл дӕр. Фӕлӕ ӕрмӕст Дӕ дзыхӕй ныхас рацӕуӕд, ӕмӕ мӕ фӕсдзӕуин сдзӕбӕх уыдзӕн.   8  Уымӕн ӕмӕ ӕз мӕхӕдӕг дӕр дӕлбар лӕг дӕн, ӕмӕ мӕ дӕлбар дӕр ис ӕфсӕддонтӕ. Иуӕн дзы фӕзӕгъын: „Ацу уырдӕм", ӕмӕ ацӕуы; иннӕмӕн: „Ардӕм рацу", ӕмӕ ӕрбацӕуы; мӕ цагъарӕн фӕзӕгъын: „Уый бакӕн", ӕмӕ йӕ бакӕны».   9  Йесо уый куы фехъуыста, уӕд дисы бафтыд, Йе 'ргом разылдта, Йӕ фӕдыл цы бирӕ адӕм цыд, уыдонмӕ, ӕмӕ загъта: «Зӕгъын уын, Израилы дӕр Ӕз ахӕм уырнындзинад нӕ федтон».   10  Ӕрвыст лӕгтӕ хӕдзармӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд рынчын цагъары баййӕфтой дзӕбӕхӕй.   11  Уый фӕстӕ Йесо араст, Наин кӕй хуыдтой, уыцы сахармӕ. Йемӕ цыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр адӕм.   12  Ӕмӕ сахары кулдуармӕ куы баввахс, уӕд рацӕйхастой марды, идӕдз усы иунӕг лӕппуйы. Сылгоймагимӕ сахарӕй рацыд бирӕ адӕм.   13  Йесо идӕдз усы куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын загъта: «Ма ку».   14  Бацыд ӕмӕ бавнӕлдта сынтмӕ. Сынтхӕсджытӕ ӕрлӕууыдысты. Уӕд Йесо загъта: «Лӕппу, дӕуӕн зӕгъын, рабад».   15  Мард йӕхиуыл схӕцыд, рабадт ӕмӕ райдыдта дзурын. Уӕд ӕй Йесо радта йӕ мадмӕ.   16  Сеппӕты дӕр тас бацыд ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн: «Стыр пехуымпар фӕзынди не 'хсӕн, ӕмӕ Хуыцау ӕркаст Йӕ адӕммӕ».   17  Йесойы кой айхъуыст ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ йӕ алфамбылай.   18  Иоаннӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ радзырдтой ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй.   19  Иоанн басидт йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕмӕ ӕмӕ сӕ арвыста Хицауы бафӕрсынмӕ: «Ӕрцӕуинаг Чи у, Уый Ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?»   20  Уыдон ӕрцыдысты Йесомӕ ӕмӕ Йын загътой: «Аргъауӕг Иоанн нӕ Дӕумӕ рарвыста бафӕрсынмӕ: „Ӕрцӕуинаг Чи у, Уый Ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?"»   21  Йесо уыцы рӕстӕг бирӕ адӕмы фервӕзын кодта алыхуызон низтӕй, ӕнӕзӕгъинӕгтӕй, бирӕ куырмыты ракӕсын кодта сӕ цӕстытӕй.   22  Ӕмӕ ӕрвыст лӕгтӕн дзуапп радта: «Цӕут ӕмӕ зӕгъут Иоаннӕн, цы федтат ӕмӕ цы фехъуыстат, уый: куырмытӕ райдыдтой уынын, къуылыхтӕ – цӕуын, хъотырджынтӕ дзӕбӕх кӕнынц, къуырматӕ райдыдтой хъусын, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ хъусынц фарны уац.   23  Ӕмӕ тӕхудиаг у, Мӕныл чи нӕ фӕкӕла, уый».   24  Иоанны минӕвӕрттӕ куы аздӕхтысты, уӕд Йесо адӕмӕн райдыдта Иоанны тыххӕй дзурын: «Цы уынынмӕ цыдыстут ӕдзӕрӕг бӕстӕмӕ? Дымгӕ кӕй ӕнкъусы, уыцы хъӕз уынынмӕ?   25  Уӕддӕр цы уынынмӕ цыдыстут? Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, ахӕм лӕджы уынынмӕ? Хъӕздыг дарӕс чи дары ӕмӕ бухъцард чи кӕны, уыдон паддзӕхты галуанты цӕрынц.   26  Фӕлӕ уӕддӕр цы уынынмӕ цыдыстут? Пехуымпары? О, зӕгъын уын, пехуымпарӕй дӕр уӕлдӕры.   27  Иоанн у, Сыгъдӕг Фыст афтӕ кӕй тыххӕй зӕгъы: „Мӕнӕ Ӕз Мӕ фидиуӕджы ӕрвитын Дӕ разӕй, ӕмӕ Дын уый ӕрцӕттӕ кӕндзӕни Дӕ развӕндаг".   28  Зӕгъын уын: сылгоймагӕй чи райгуырд, уыдонӕй ничи у Аргъауӕг Иоаннӕй уӕлдӕр, фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады тӕккӕ къаддӕр Иоаннӕй уӕлдӕр у.   29  Иоаннмӕ чи хъуыста, ӕппӕт уыцы адӕм, суанг хъалонисджытӕ дӕр, сӕххӕст кодтой Хуыцауы фӕнд ӕмӕ аргъуыд райстой Иоаннӕй.   30  Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ та Хуыцауы коммӕ нӕ бакастысты ӕмӕ нӕ саргъуыдтой.   31  Уӕдӕ кӕуыл абарон ацы адӕмы фӕлтӕр? Кӕй хуызӕн сты?   32  Сывӕллӕтты хуызӕн сты, сахары фӕзы чи бады ӕмӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ чи зӕгъы: „Мах уын уадындзӕй цагътам, ӕмӕ сымах нӕ кафыдыстут; мах уын хъарджытӕ кодтам, ӕмӕ сымах нӕ куыдтат".   33  Уымӕн ӕмӕ ӕрцыд Аргъауӕг Иоанн, дзул дӕр нӕ хӕры, сӕн дӕр нӕ нуазы, ӕмӕ дзы зӕгъут: „Хӕйрӕджджын у".   34  Ӕрцыд Адӕймаджы Фырт, хӕры ӕмӕ нуазы, ӕмӕ Дзы зӕгъут: „Мӕнӕ гуыбындзӕл ӕмӕ расыггӕнаг, хъалонисджыты ӕмӕ тӕригъӕдджынты лымӕн".   35  Фӕлӕ Хуыцауы уӕлзондӕн йӕ растгӕнӕг сты йеппӕт сывӕллӕттӕ».   36  Фарисейтӕй иучидӕр Йесойы ахуыдта сихормӕ. Йесо бацыд фарисейы хӕдзармӕ ӕмӕ ӕрбадти фынгыл.   37  Уыцы сахарӕй иу тӕригъӕдджын сылгоймаг базыдта, Йесо фарисейы хӕдзары фынгыл кӕй бады, уый, ӕмӕ ӕрхаста хӕрздӕфгӕнӕнӕй дзаг дурын.   38  Ӕрлӕууыд Йесойы фӕстӕ, Йӕ къӕхты цур, ӕмӕ кӕугӕйӕ райдыдта Йесойы къӕхтыл йӕ цӕссыг калын, сӕрфта сӕ йӕ дзыккутӕй, батӕ Йын кодта Йӕ къӕхтӕн ӕмӕ сӕ сӕрста хӕрздӕфгӕнӕнӕй.   39  Йесойы бахонӕг фарисей уый куы федта, уӕд ахъуыды кодта: «Ай пехуымпар куы уаид, уӕд Ӕм чи ӕмӕ цавӕр сылгоймаг ӕвналы, уый зонид, уымӕн ӕмӕ ацы сылгоймаг тӕригъӕдджын у».   40  Уӕд ын Йесо загъта: «Симон, иу ныхас дын куы зӕгъин, уый Мӕ фӕнды». Уый дзуапп радта: «Зӕгъ ӕй, Ахуыргӕнӕг».   41  Йесо загъта: «Иу ӕфстаудӕттӕгӕн уыди дыууӕ хӕсджыны: иу дзы дардта фондзсӕдӕ динары, иннӕ та – дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз.   42  Фӕлӕ сӕ цӕмӕй бафыстаиккой, уый сӕм нӕ уыд, ӕмӕ дыууӕйӕн дӕр ныххатыр кодта. Зӕгъ-ма, уыдонӕй йӕ кӕцы бауарздзӕн фылдӕр?»   43  Симон дзуапп радта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, фылдӕр кӕмӕн ныххатыр кодта, уый». Йесо йын загъта: «Дӕ хъуыды раст у».   44  Йесо разылди сылгоймагмӕ ӕмӕ Симонӕн загъта: «Уыныс ацы сылгоймаджы? Ӕз ӕрбацыдтӕн дӕ хӕдзармӕ, ӕмӕ Мын ды Мӕ къӕхтӕ цӕхсынӕн дон дӕр нӕ раттай. Уый та Мын йӕ цӕссыгтӕй ӕрӕнхъӕвзта Мӕ къӕхтӕ ӕмӕ сӕ ныссӕрфта йӕ дзыккутӕй.   45  Ды Мын нӕ аба кодтай. Уый та Мын, куы ӕрбацыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ Мӕ къӕхтӕн батӕ кӕнынӕй не 'нцайы.   46  Ды Мын Мӕ сӕр зетийӕ нӕ байсӕрстай. Уый та Мын Мӕ къӕхтӕ хӕрздӕфгӕнӕнӕй байсӕрста.   47  Уымӕ гӕсгӕ дын зӕгъын: бирӕ кӕй бауарзта, уый тыххӕй йын барст сты йӕ бирӕ тӕригъӕдтӕ. Чысыл барст кӕмӕн у, уымӕн та йӕ уарзт дӕр чысыл у».   48  Сылгоймагӕн та загъта: «Барст дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».   49  Йесоимӕ фынгыл чи бадти, уыдон хинымӕр райдыдтой дзурын: «Уый Чи у, суанг тӕригъӕдтӕ дӕр Чи хатыр кӕны?»   50  Йесо та сылгоймагӕн загъта: «Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта; цу фарнимӕ».