1 Иухатт Йесо лӕууыди Геннисареты цады былыл ӕмӕ Йӕм бырстой адӕм, цӕмӕй байхъусой Хуыцауы ныхасмӕ. 2 Уыцы рӕстӕг Йесо федта дыууӕ бӕлӕгъы цады лӕугӕ; кӕсагахсджытӕ рахызтысты бӕлӕгътӕй ӕмӕ ӕхсадтой сӕ хызтӕ. 3 Йесо бахызт бӕлӕгътӕй иумӕ, Симоны бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ йӕм бахатыди, былӕй иучысыл фӕхибар уӕм, зӕгъгӕ. Стӕй сбадт бӕлӕгъы ӕмӕ уырдыгӕй ахуыр кодта адӕмы. 4 Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд загъта Симонӕн: «Арфдӕр кӕм у, уырдӕм бацу, баппарут уӕ хызтӕ ӕмӕ ӕрцахсдзыстут». 5 Симон Ын дзуапп радта: «Хицау, мах фӕтухӕн кодтам ӕгас ӕхсӕв ӕмӕ ницы ӕрцахстам. Фӕлӕ Дӕ ныхасӕй баппардзынӕн хыз». 6 Хыз куы баппӕрстой, уӕд ӕрцахстой афтӕ бирӕ кӕсӕгтӕ, ӕмӕ суанг сӕ хыз скъуыйын райдыдта. 7 Иннӕ бӕлӕгъы чи уыди, сӕ уыцы ӕмбӕлттӕм фӕтылдтой сӕ къухтӕ, цӕмӕй сӕм ӕрбацӕуой ӕххуысмӕ. Ӕрбацыдысты сӕм ӕмӕ дыууӕ бӕлӕгъы дӕр афтӕ байдзаг кодтой, ӕмӕ сын райдыдтой дӕлдон кӕнын. 8 Симон Петр уый куы федта, уӕд ӕрхауд Йесойы уӕрджытӕм ӕмӕ загъта: «Ныууадз мӕ, Хицау, ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн». 9 Петры, стӕй йемӕ чи уыди, уыдоны сеппӕты дӕр стыр тасы бафтыдта, уыйбӕрц кӕсӕгтӕ кӕй ӕрцахстой, уый. 10 Тас бацыди Симоны ӕмбӕлтты дӕр – Зеведейы фырттӕ Иаков ӕмӕ Иоанны. Уӕд Йесо загъта Симонӕн: «Ма тӕрс. Нырӕй фӕстӕмӕ адӕмахсӕг уыдзынӕ». 11 Дыууӕ бӕлӕгъы дӕр раластой былмӕ, ныууагътой ӕппӕт дӕр ӕмӕ ацыдысты Йесойы фӕдыл. 12 Йесо сахартӕй иуы куы уыди, уӕд фембӕлд, йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъотыры бын кӕмӕн фӕци, ахӕм лӕгыл. Уый Йесойы куы федта, уӕд ӕрхауди дӕлгоммӕ ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодта: «Хицау, кӕд Дӕ фӕнды, уӕд Дӕ бон у, ӕмӕ мӕ ссыгъдӕг кӕнай». 13 Йесо радардта Йӕ къух, бандзӕвыд ыл ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ, ссыгъдӕг у». Ӕмӕ йӕ уыйадыл хъотыр ныууагъта. 14 Йесо йын бафӕдзӕхста: «Макӕмӕн ӕй зӕгъ, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн, ӕмӕ кӕй ссыгъдӕг дӕ, уый тыххӕй ӕрхӕсс нывонд, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ – кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн». 15 Фӕлӕ уӕддӕр Йӕ кой хӕлиу кодта, цыдис Ӕм тынг бирӕ адӕм байхъусынмӕ ӕмӕ сӕ низтӕй дзӕбӕх кӕнынмӕ. 16 Йесо та-иу ацыди хибар рӕттӕм ӕмӕ куывта. 17 Иухатт Йесо ахуыр кодта адӕмы. Уым бадтысты фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ – ӕрцыдысты Галилейы ӕмӕ Иудейӕйы алы хъӕутӕй ӕмӕ Иерусалимӕй. Хуыцауы хъаруйӕ Йесо дзӕбӕх кодта рынчынты. 18 Уӕд чидӕртӕ хуыссӕныл ӕрхастой уӕнгмард адӕймаджы, ӕмӕ архайдтой хӕдзармӕ йӕ бахӕссыныл ӕмӕ йӕ Йесойы раз ӕрӕвӕрыныл. 19 Фӕлӕ дзы бирӕ адӕм кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ бахӕссын сӕ бон нӕ баци. Уӕд схызтысты уӕлхӕдзармӕ, систой ӕмбӕрзӕндуртӕй, ӕмӕ рынчыны ӕд хуыссӕн уаты хӕдастӕумӕ, Йесойы размӕ ӕруагътой. 20 Йесо сын федта сӕ уырнындзинад ӕмӕ уӕнгмардӕн загъта: «Хорз лӕг, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ». 21 Уӕд динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ райдыдтой кӕрӕдзийӕн дзурын: «Уый Хуыцауы Чи фауы? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕнын кӕй бон у?» 22 Йесо сын базыдта сӕ хъуыдытӕ, ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн афтӕ хъуыды кӕнут? 23 Цы ӕнцондӕр у – зӕгъын: „Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ", ӕви: „Рабад ӕмӕ райдай цӕуын"? 24 Фӕлӕ сымах хъуамӕ зонат, Адӕймаджы Фыртӕн кӕй ис зӕххыл тӕригъӕдтӕ хатыр кӕныны бар». Ӕмӕ загъта уӕнгмардӕн: «Дӕумӕ дзурын: рабад, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу дӕ хӕдзармӕ». 25 Уӕнгмард уайтӕккӕ рабадти сӕ разы, систа йӕ хуыссӕн ӕмӕ, Хуыцауӕн кад кӕнгӕйӕ, ацыд йӕ хӕдзармӕ. 26 Уӕд сеппӕт дӕр дисы бафтыдысты, ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн. Тас сӕ бацыд ӕмӕ дзырдтой: «Диссаджы хъуыддӕгтӕ федтам абон». 27 Уый фӕстӕ Йесо рацыд уырдыгӕй ӕмӕ федта иу хъалонисӕджы, йӕ ном – Левий; уый бадти хъалонисӕн бынаты. Йесо йын загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». 28 Левий ныууагъта ӕппӕт дӕр, сыстад ӕмӕ ацыд Йӕ фӕдыл. 29 Левий йӕ хӕдзары Йесойӕн ӕрӕвӕрдта хъӕздыг фынг. Фынгыл Йемӕ бадтысты бирӕ хъалонисджытӕ, стӕй ма бирӕ ӕндӕртӕ. 30 Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ хъуыр-хъуыр кодтой ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдтой: «Хъалонисджытимӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ цӕмӕн хӕрут ӕмӕ нуазут?» 31 Йесо сын дзуапп радта: «Дохтыр ӕнӕнизты нӕ, фӕлӕ рынчынты хъӕуы. 32 Ӕз ӕрцыдтӕн рӕстытӕм нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕм фӕсидынмӕ, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной». 33 Уӕд Ын фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ загътой: «Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ ӕдзух дарынц ком ӕмӕ кувынц, уыдонау – фарисейты ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр; Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та хӕрынц ӕмӕ нуазынц». 34 Йесо сын загъта: «Сиахсаг чындзхӕсджытимӕ цалынмӕ уа, уӕдмӕ сӕ ком дарыныл бафтаудзыстут, мыййаг? 35 Фӕлӕ ралӕудзӕн афон, ӕмӕ сын сиахсаджы куы байсой, уӕд дардзысты ком». 36 Радзырдта сын фӕсномыг ныхас дӕр: «Ног дарӕсӕй гӕбаз ничи раскъуыны, цӕмӕй дзы зӕронд дарӕс бампъуза. Науӕд ног дарӕс дӕр ныскъуыдтӕ уыдзӕн, зӕронд дарӕсыл дӕр ног дарӕсӕй ӕмпъузӕн не сбаддзӕн. 37 Ногдыгъд сӕн дӕр зӕронд лалымты ничи ныккӕны, науӕд ногдыгъд сӕн арӕмудздзӕни лалымтӕ, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр акӕлдзӕни, лалымтӕ дӕр фесӕфдзысты. 38 Ногдыгъд сӕн ног лалымты ныккӕнын хъӕуы. [Уӕд дыууӕ дӕр баззайынц ӕнӕхъӕнӕй.] 39 Зӕронд сӕнӕй чи баназы, уый ногдыгъд сӕн нал фӕхъӕуы, уымӕн ӕмӕ фӕзӕгъы: „Зӕронд хуыздӕр у"».
