IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

Лука 4 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Йесо Иорданӕй ӕрбаздӕхт Сыгъдӕг Удӕй хайджынӕй, ӕмӕ Йӕ Сыгъдӕг Уд акодта ӕдзӕрӕг бӕстӕмӕ.   2  Уым Ӕй дыууиссӕдз боны къахта хӕйрӕг. Уыцы бонты Йесо ницы хордта, ӕмӕ куы ахицӕн сты, уӕд тынг сыстонг.   3  Ӕмӕ Йын хӕйрӕг загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд зӕгъ ацы дурӕн, ӕмӕ феста дзул».   4  Йесо йын дзуапп радта: «Фыст у: „Айдагъ дзулӕй нӕ цӕрдзӕн адӕймаг [фӕлӕ Хуыцауы алы дзырдӕй]"».   5  Уӕд Ӕй хӕйрӕг акодта бӕрзонд ранмӕ, цӕстыфӕныкъуылдмӕ Йын фенын кодта дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ,   6  Ӕмӕ Йын загъта: «Дӕ дӕлбар Дын бакӕндзынӕн ӕппӕт ацы паддзахӕдтӕ сӕ намысимӕ, уымӕн ӕмӕ мӕнӕн лӕвӕрд сты, ӕмӕ мӕ кӕмӕн бафӕнды, уымӕн сӕ раттын.   7  Гъемӕ мын куы бакувай, уӕд иууылдӕр уыдзысты Дӕу».   8  Йесо йын дзуапп радта: «Фыст у: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ ӕмӕ кус ӕрмӕстдӕр Уымӕн"».   9  Уӕд Ӕй хӕйрӕг акодта Иерусалиммӕ, ӕрлӕууын Ӕй кодта Кувӕндоны уӕлхӕдзарыл, ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи аппар ардыгӕй.   10  Уымӕн ӕмӕ фыст у: „Йӕ зӕдтӕн бафӕдзӕхсдзӕни Дӕу тыххӕй, цӕмӕй Дӕ бахъахъхъӕной";   11  Ноджыдӕр ма: „Хӕсдзысты Дӕ сӕ къухтыл, ӕмӕ Дӕ къах дурыл дӕр нӕ ныццӕвдзынӕ"».   12  Йесо йын дзуапп радта: «Загъд у: „Ма къах дӕ Хицау Хуыцауы"».   13  Хӕйрӕг Йесойы алы хуызы дӕр куы фӕкъахта, уӕд уал Ӕй ныууагъта рӕстӕгмӕ.   14  Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ хайджын, Йесо ӕрбаздӕхти Галилеймӕ, ӕмӕ Йӕ кой айхъуыст ӕппӕт бӕстӕйыл.   15  Адӕмы ахуыр кодта сӕ синагогӕты, ӕмӕ Йын кад кодтой сеппӕт дӕр.   16  Йесо ӕрцыд, кӕм схъомыл, уыцы Назаретмӕ. Ӕмӕ куыд ахуыр уыд, афтӕ та ацы хатт дӕр сабаты бацыд синагогӕмӕ, ӕмӕ сыстад чиныджы бакӕсынмӕ.   17  Радтой Йӕм Исай-пехуымпары чиныг. Байгом ӕй кодта ӕмӕ ссардта, мӕнӕ афтӕ фыст кӕм уыд, уыцы бынат:   18  «Мӕнмӕ Хуыцауы Уд ис, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Мӕн байсӕрста. Ӕмӕ Мӕ рарвыста мӕгуыртӕн фарны уац фехъусын кӕнынмӕ, [зӕрдӕсаст чи у, уыдоны сдзӕбӕх кӕнынмӕ,] уацайрӕгтӕн сӕрибары, куырмытӕн цӕстӕй ракӕсыны афон кӕй ралӕууыд, уый тыххӕй сын зӕгъынмӕ, фӕлмӕцыдты суӕгъд кӕнынмӕ,   19  Хуыцауы хӕрзаудӕны аз кӕй ралӕууыд, уый фехъусын кӕнынмӕ».   20  Йесо сӕхгӕдта чиныг, радта йӕ лӕггадгӕнӕгмӕ ӕмӕ сбадт. Синагогӕйы чидӕриддӕр уыди, уыдоны цӕстытӕ баззадысты Йесойыл.   21  Ӕмӕ сын Уый райдыдта дзурын: «Ацы пехуымпар ныхас сӕххӕст абон – куы йӕм хъуыстат, уӕд».   22  Сеппӕт дӕр Дзы уыдысты разы, дисы сӕ бафтыдтой Йӕ фӕрнӕйдзаг ныхӕстӕ, ӕмӕ дзырдтой: «Ай Иосифы фырт нӕу, мыййаг?»   23  Йесо сын загъта: «Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сымах Мын ӕрхӕсдзыстут ӕмбисонд: „Дохтыр, сдзӕбӕх кӕн Дӕхи", ӕмӕ зӕгъдзыстут: „Мах фехъуыстам, Капернаумы цы сарӕзтай, уый, ӕмӕ йӕ сараз ам дӕр, Дӕ сахары".   24  Фӕлӕ уын ӕцӕг зӕгъын: иу пехуымпар дӕр нымад нӕ вӕййы йӕ фыдыбӕстӕйы.   25  Ӕцӕг уын зӕгъын: бирӕ идӕдз сылгоймӕгтӕ уыдис Илиайы заман Израилы, арвы дуар ӕртӕ азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы ӕхгӕд куы уыд ӕмӕ ӕппӕт зӕххыл стыр стонг рӕстӕг куы скодта, уӕд.   26  Фӕлӕ уыдонӕй иумӕ дӕр ӕрвыст нӕ уыд Илиа – арвыстӕйӕуыд идӕдз сылгоймагмӕ сидойнаг Сарептӕмӕ.   27  Бирӕ хъотырджынтӕ уыди Елисей-пехуымпары заман Израилы, фӕлӕ дзы иу дӕр не ссыгъдӕг – сириаг Нееман ссыгъдӕг».   28  Уый куы фехъуыстой, уӕд синагогӕйы чи уыди, уыдон сеппӕт дӕр тынг смӕсты сты.   29  Сыстадысты сӕ бынӕттӕй, сахарӕй Йӕ ратардтой, ӕмӕ Йӕ акодтой, сӕ сахар цы хохыл арӕзт уыд, уый рындзӕй раппарынмӕ.   30  Фӕлӕ Йесо рацыд се 'хсӕнты ӕмӕ аивгъуыдта уырдыгӕй.   31  Ӕрцыд галилейаг сахар Капернауммӕ ӕмӕ сабаты ахуыр кодта адӕмы.   32  Дисы сӕ ӕфтыдта Йӕ ахуырад, уымӕн ӕмӕ барджынӕй дзырдта.   33  Синагогӕйы уыди хӕйрӕджджын адӕймаг. Уый ныхъхъӕр кодта:   34  «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрцыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый – Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ».   35  Йесо дӕлимонӕн бардзырд радта: «Банцай ӕмӕ дзы рацу». Дӕлимон уыцы адӕймаджы синагогӕйы хӕдастӕу зӕххыл ныццавта ӕмӕ дзы рацыд, ницы зиан ын ракодта, афтӕмӕй.   36  Ӕппӕт адӕм дӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ дзырдтой кӕрӕдзийӕн: «Цавӕр хъомыс ӕмӕ тых ис Йӕ ныхасы? Ӕнӕзӕгъинӕгтӕн бардзырд дӕтты, ӕмӕ рацӕуынц хӕйрӕджджынтӕй».   37  Ӕмӕ Йесойы кой айхъуыст Капернаумы алфамбылай.   38  Йесо синагогӕйӕ куы рацыди, уӕд бацыди Симоны хӕдзармӕ. Симоны усы мад тынг удхар кодта тӕвднизӕй. Ӕмӕ Йесомӕ бахатыдысты сылгоймаджы тыххӕй.   39  Йесо йӕ цуры слӕууыд, бардзырд радта тӕвднизӕн, ӕмӕ йӕ тӕвдниз ныууагъта. Уыйадыл сылгоймаг сыстад ӕмӕ сын райдыдта лӕггад кӕнын.   40  Алы низӕй рынчынтӕ кӕмӕдӕриддӕр уыд, уыдон Ӕм сӕ хурныгуылдыл ӕрхуыдтой. Уый-иу сӕ алкӕуыл дӕр ӕрӕвӕрдта Йӕ къухтӕ ӕмӕ-иу ӕй сдзӕбӕх кодта.   41  Бирӕ хӕйрӕджджынтӕй-иу дӕлимонтӕ рацыдысты ӕмӕ-иу хъӕр систой: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!» Фӕлӕ сын Йесо нӕ лӕвӕрдта дзурыны бар, уымӕн ӕмӕ зыдтой, Чырысти кӕй у, уый.   42  Куы ӕрбабон, уӕд Йесо рацыд ӕмӕ араст хибар ранмӕ. Адӕм Ӕй агуырдтой, ӕмӕ Йӕм ӕрцыдысты, ӕмӕ Йӕ нӕ уагътой сӕ цурӕй ацӕуын.   43  Фӕлӕ сын Уый загъта: «Иннӕ сахартӕн дӕр Мӕ хъӕуы Хуыцауы Паддзахады фарны уац фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ Ӕз уый тыххӕй ӕрвыст дӕн».   44  Ӕмӕ фарны уац хъусын кодта Иудейӕйы синагогӕты.