IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

Лука 22 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Ӕрхӕстӕг Донгонд дзулты бӕрӕгбон, Куадзӕн кӕй хуындӕуы, уый.   2  Алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ агуырдтой, цӕсты сӕ чи нӕ бафтауа, Йесойы амарыны ахӕм фадат, уымӕн ӕмӕ адӕмӕй тӕрсгӕ кодтой.   3  Хӕйрӕг бацыд, Искариот кӕй хуындӕуыд, уыцы Иудӕйы – дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иуы.   4  Ӕмӕ Иудӕ ацыд, Йесойы куыд ауӕй кӕна, уый тыххӕй алчертимӕ ӕмӕ Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицӕуттимӕ баныхас кӕнынмӕ.   5  Уыдон бацин кодтой ӕмӕ сразы сты Иудӕйӕн ӕхца раттыныл.   6  Уый сын зӕрдӕ бавӕрдта ӕмӕ агуырдта, Йесо адӕмимӕ куыд нӕ уа, афтӕмӕй сын Ӕй сӕ къухтӕм раттыны фадат.   7  Ӕрхӕццӕ Донгонд дзулты бӕрӕгбон, Куадзӕны уӕрыкк ӕргӕвдыны бон.   8  Йесо арвыста Петр ӕмӕ Иоанны ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ нын ӕрӕвӕрут Куадзӕны фынг».   9  Уыдон Ӕй бафарстой: «Куыд Дӕ фӕнды, кӕм ӕй ӕрӕвӕрӕм?»   10  Уый сын загъта: «Сахармӕ куы бацӕуат, уӕд уыл сӕмбӕлдзӕн иу адӕймаг доны дурынимӕ. Цы хӕдзармӕ бацӕуа, уырдӕм-иу бацӕут йӕ фӕдыл,   11  Ӕмӕ-иу хӕдзары хицауӕн зӕгъут: „Ахуыргӕнӕг дын зӕгъы: Мӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Куадзӕн кӕм бахӕрон, уыцы уат кӕм ис?"   12  Ӕмӕ уын уый уӕллаг уӕладзыджы фенын кӕндзӕн стыр ӕфснайд уат; уым-иу ӕрӕвӕрут фынг».   13  Уыдон ацыдысты ӕмӕ ӕппӕт дӕр ссардтой, Йесо сын куыд загъта, афтӕ; ӕмӕ ӕрӕвӕрдтой Куадзӕны фынг.   14  Афон куы ӕрцыд, уӕд Йесо ӕмӕ апостолтӕ ӕрбадтысты фынгыл.   15  Йесо сын загъта: «Мӕ хъизӕмары размӕ Мӕ тынг фӕндыд ацы Куадзӕн уемӕ бахӕрын.   16  Уымӕн ӕмӕ уын зӕгъын: нал бахӕрдзынӕн Куадзӕн, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахады алцӕмӕй дӕр сӕххӕст уа, уӕдмӕ».   17  Райста сӕны кӕхц, арфӕ ракодта ӕмӕ загъта: «Айсут ӕй ӕмӕ дзы алчидӕр баназӕд.   18  Уымӕн ӕмӕ уын зӕгъын, нал баназдзынӕн сӕнӕфсиры сӕнӕй, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа, уӕдмӕ».   19  Уый фӕстӕ райста дзул, арфӕ ракодта, асаста йӕ, радта сын ӕй ӕмӕ загъта: «Ай Мӕ Буар у, ӕмӕ уӕ сӕраппонд лӕвӕрд цӕуы мӕлӕтмӕ. Афтӕ кӕнут Мӕ ӕрымысынӕн».   20  Ӕхсӕвӕры фӕстӕ райста сӕны кӕхц дӕр ӕмӕ загъта: «Ацы кӕхц у ног фидыд – уый фидаргонд цӕуы, сымах сӕраппонд чи акӕлдзӕни, Мӕ уыцы Тугӕй.   21  Фӕлӕ мӕнӕ Мӕ уӕйгӕнӕг Мемӕ иу фынгыл бады.   22  Адӕймаджы Фырт фӕивгъуыйы, нысангонд Ын цы фӕндаг у, ууыл. Фӕлӕ сар йӕ сӕр, гадзрахатӕй Йыл цы адӕймаг рацӕуа, уымӕн».   23  Уӕд райдыдтой кӕрӕдзи фӕрсын, Йӕ уӕйгӕнӕг чи уыдзӕни, зӕгъгӕ.   24  Рауад сӕм быцӕу дӕр, уӕлдӕрыл нымад сӕ чи хъуамӕ уа, ууыл.   25  Йесо сын загъта: «Паддзӕхтӕ хицауиуӕг кӕнынц адӕмтӕн, ӕмӕ адӕмтыл барджын чи у, уыдоны хӕрзгӕнджытӕ хуындӕуы.   26  Сымахмӕ та афтӕ ма уӕд, фӕлӕ уе 'хсӕн уӕлдӕр чи у, уый уын уӕд кӕстӕрау, хистӕр та – лӕггадгӕнӕгау.   27  Чи у уӕлдӕр – фынгыл бадӕг ӕви кӕстӕриуӕггӕнӕг? Фынгыл бадӕг уӕлдӕр нӕу, ӕви? Ӕз та уын кӕстӕриуӕггӕнӕгау дӕн.   28  Сымах Мӕ фӕлварӕнты Мемӕ уыдыстут.   29  Мӕ Фыд Мын Паддзахад куыд радта, афтӕ уын ӕй Ӕз дӕр дӕттын,   30  Цӕмӕй Мӕ Паддзахады хӕрат ӕмӕ нуазат Мӕ фынгыл. Ӕмӕ сбаддзыстут уӕле Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕнынмӕ.   31  Симон, Симон, хӕйрӕг ракуырдта, цӕмӕй уӕ балуӕрстӕуа мӕнӕуау.   32  Фӕлӕ Ӕз куывтон дӕу тыххӕй, цӕмӕй дӕ уырнындзинад ма слӕмӕгъ уа. Ӕмӕ Мӕм куы раздӕхай, уӕд-иу сфидар кӕн де 'фсымӕрты уырнындзинад».   33  Петр Ын дзуапп радта: «Хицау, ӕз цӕттӕ дӕн Демӕ цӕуынмӕ ахӕстонмӕ дӕр ӕмӕ амӕлынмӕ дӕр».   34  Фӕлӕ Йесо загъта: «Зӕгъын дын, Петр, ахсӕв уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи, ӕз Ӕй нӕ зонын, зӕгъгӕ».   35  Йесо сӕ бафарста: «Ӕз уӕ ӕнӕ ӕхцайы дзӕкъулӕй, ӕнӕ хордзенӕй, ӕнӕ дзабыртӕй куы ӕрвыстон, уӕд истӕмӕй хъуаг ӕййӕфтат?» Уыдон дзуапп радтой: «Ницӕмӕй».   36  Уӕд сын загъта: «Ныр та ӕхцайы дзӕкъул кӕмӕ ис, уый йӕ айсӕд йемӕ; хордзен кӕмӕ ис, уый дӕр ӕй айсӕд йемӕ. Ӕхца кӕмӕ нӕй, уый та ауӕй кӕнӕд йӕ пӕлӕз ӕмӕ балхӕнӕд кард.   37  Зӕгъын уын, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый Мыл хъуамӕ ӕрцӕуа: „Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд". Мӕн тыххӕй фыст цы ис, уый рӕхджы сӕххӕст уыдзӕн».   38  Уыдон загътой: «Хицау, мӕнӕ ам ис дыууӕ карды». Уый сын загъта: «Ӕгъгъӕд у!»   39  Йесо рацыд ӕмӕ иннӕ хӕттытау ныр дӕр та араст Елеоны хохмӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ацыдысты Йӕ фӕдыл.   40  Бынатмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сын загъта: «Кувут, цӕмӕй фӕлварӕны ма бахауат».   41  Дур кӕйонг фехсӕн ис, Йесо уыйбӕрц фӕхибар, ӕрзоныгыл ӕмӕ куывта:   42  «Мӕ Фыд, кӕд Дын фӕндон разына, уӕд Мын ацы хъизӕмӕртты кӕхц ма бадар. Ӕниу, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды, афтӕ фӕуӕд».   43  [Уӕд Ӕм уӕларвӕй ӕрцыди зӕд ӕмӕ Йӕ удвидар кодта.   44  Утӕхсӕн кӕнгӕйӕ, Йесо куывта зӕрдиагдӕрӕй; ӕмӕ Йӕ хид туджы ӕртӕхтау тагъди зӕхмӕ.]   45  Куывд куы фӕци, уӕд бацыд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сӕ баййӕфта фынӕйӕ, уымӕн ӕмӕ сын мӕт сӕ тых асаста.   46  Йесо сын загъта: «Цы фынӕй кӕнут? Сыстут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕны ма бахауат».   47  Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзындысты адӕм; дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, Иудӕ, цыди сӕ разӕй. Уый бацыд Йесомӕ аба Йын кӕнынмӕ.   48  Йесо йын загъта: «Иудӕ, байӕ гадзрахатӕй цӕуыс Адӕймаджы Фыртыл?»   49  Хъуыддаг цӕмӕ цӕуы, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд Ын загътой: «Хицау, кардӕй цӕвӕм?»   50  Ӕмӕ сӕ иу кардӕй ныццавта алчеры цагъары ӕмӕ йын йӕ рахиз хъус ахауын кодта.   51  Уӕд Йесо загъта: «Ӕрсабыр ут». Бавнӕлдта цагъары хъусмӕ ӕмӕ йын ӕй сдзӕбӕх кодта.   52  Йе 'рцахсынмӕ ӕрцӕуӕг алчертӕн, Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицӕуттӕн ӕмӕ адӕмы хистӕртӕн Йесо загъта: «Цыма абырӕджы ахсут, уыйау Мӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ куы рацыдыстут.   53  Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны уемӕ уыдтӕн, ӕмӕ Мыл уӕ къух нӕ андзӕвыд. Фӕлӕ ныр уӕ рӕстӕг ӕрцыд – талынг хицауиуӕг кӕны».   54  Уӕд Йесойы ӕрцахстой ӕмӕ Йӕ акодтой алчеры хӕдзармӕ. Петр дӕрддзӕф цыди сӕ фӕдыл.   55  Кӕрты астӕу арт куы скодтой ӕмӕ куы сбадтысты, уӕд Петр дӕр сбадти семӕ.   56  Иу лӕггадгӕнӕг сылгоймаг Петры федта арты рухсмӕ, ӕдзынӕг ӕм ныккаст ӕмӕ загъта: «Ай дӕр Йемӕ уыд».   57  Фӕлӕ Йыл Петр атигъ кодта йӕхи: «Хорз ус, ӕз Ӕй нӕ зонын».   58  Чысыл фӕстӕдӕр ӕй федта ӕндӕр чидӕр ӕмӕ йын загъта: «Ды дӕр уыдонӕй дӕ». Петр уымӕн дӕр загъта: «Нӕ дӕн».   59  Рацыд сахаты бӕрц, ӕмӕ та иу ӕндӕр адӕймаг дӕр фидарӕй дзырдта: «Ай дӕр ӕнӕмӕнг Йемӕ уыд, уымӕн ӕмӕ галилейаг у».   60  Фӕлӕ Петр уымӕн дӕр загъта: «Цы дзурыс, уый нӕ зонын». Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ уасӕг ныууасыд.   61  Уӕд Хицау Йе 'ргом разылдта ӕмӕ бакаст Петрмӕ. Ӕмӕ Петр ӕрымысыд, Хицау ын цы загъта, уый: «Ахсӕв уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи».   62  Петр рацыд ӕддӕмӕ ӕмӕ судзаг цӕссыгтӕй ныккуыдта.   63  Йесойы чи хъахъхъӕдта, уыцы адӕм Дзы хынджылӕг кодтой ӕмӕ Йӕ надтой.   64  Сӕхгӕдтой-иу Ын Йӕ цӕстытӕ ӕмӕ Йӕ фарстой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд Дӕ чи ныццавта, уый базон».   65  Ӕмӕ Йын дзырдтой бирӕ ӕндӕр фауӕн ныхӕстӕ.   66  Куы сбон, уӕд ӕрӕмбырд сты адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ, динамонджытӕ, ӕмӕ Йӕ бакодтой сӕ синедрионмӕ.   67  Бафарстой Йӕ: «Зӕгъ-ма нын, Ды дӕ Чырысти?» Уый сын загъта: «Куы уын зӕгъон, уӕд дӕр уӕ нӕ бауырндзӕн;   68  Куы уӕ бафӕрсон, уӕд дӕр Мын дзуапп нӕ ратдзыстут.   69  Нырӕй фӕстӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрбаддзӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцауы рахиз фарс».   70  Уӕд сеппӕт дӕр загътой: «Уӕдӕ Ды Хуыцауы Фырт дӕ?» Уый сын дзуапп радта: «Уӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъут, Ӕз Хуыцауы Фырт кӕй дӕн, уый».   71  Уыдон загътой: «Цавӕр ӕвдисӕйнаг ма нӕ хъӕуы? Йӕхи дзыхӕй йын ӕй куы фехъуыстам!»