IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

Лука 20 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Йесо иухатт адӕмы ахуыр кодта Кувӕндоны ӕмӕ сын хъусын кодта фарны уац. Бацыдысты Йӕм алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ адӕмы хистӕртимӕ,   2  Ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Зӕгъ нын, ӕппӕт уыдӕттӕ цавӕр хъаруйӕ кӕныс? Дӕуӕн уыцы бар чи радта, уый чи у?»   3  Йесо сын дзуапп радта: «Ӕз дӕр уӕ бафӕрсдзынӕн цӕмӕйдӕр. Зӕгъут-ма Мын,   4  Иоанн цы аргъуыдӕй аргъуыдта, уый уӕларвӕй уыд ӕви адӕмӕй?»   5  Уыдон тӕрхӕттӕ кодтой: «„Уӕларвӕй" куы зӕгъӕм, уӕд бафӕрсдзӕн: „Уӕдӕ цӕуылнӕ баууӕндыдыстут Иоанныл?"   6  „Адӕмӕй" куы зӕгъӕм, уӕд та нӕ адӕм дуртӕй амардзысты, уымӕн ӕмӕ сеппӕты дӕр уырны, Иоанн пехуымпар кӕй у, уый».   7  Ӕмӕ дзуапп радтой: «Кӕцӕй у, уый нӕ зонӕм».   8  Уӕд сын Йесо загъта: «Уӕдӕ уын Ӕз дӕр нӕ зӕгъдзынӕн, цавӕр хъаруйӕ сӕ кӕнын, уый».   9  Ӕмӕ адӕмӕн дзурын райдыдта ахӕм фӕсномыг ныхас: «Иу адӕймаг ныссагъта сӕнӕфсирдон, радта йӕ ӕххуырст кусджытӕм ӕмӕ ацыди дӕргъвӕтин ӕмгъуыдмӕ.   10  Афон куы ралӕууыди, уӕд ӕххуырст кусджытӕм арвыста йӕ цагъары, цӕмӕй йын йӕ сӕнӕфсирдонӕй раттой йӕ хай. Фӕлӕ йӕ ӕххуырст кусджытӕ фӕнадтой ӕмӕ йӕ афтидармӕй аздӕхтой.   11  Арвыста сӕм ӕндӕр цагъары, ӕмӕ уый дӕр фӕнадтой, фӕхынджылӕг дзы кодтой ӕмӕ йӕ афтидармӕй аздӕхтой.   12  Арвыста сӕм ӕртыккаджы дӕр, фӕлӕ уый дӕр фӕцӕфтӕ кодтой ӕмӕ йӕ ратардтой.   13  Уӕд сӕнӕфсирдоны хицау загъта: „Цы кӕнон? Арвитон мӕ уарзон фырты; чи зоны, ӕмӕ уымӕй фефсӕрмы уой".   14  Фӕлӕ йӕ ӕххуырст кусджытӕ куы федтой, уӕд кӕрӕдзийӕн дзырдтой: „Уый йӕ бындар у. Амарӕм ӕй, ӕмӕ мах бауыдзысты йӕ бынтӕ".   15  Сӕнӕфсирдонӕй йӕ раппӕрстой ӕмӕ йӕ амардтой. Цы сын бакӕндзӕни сӕнӕфсирдоны хицау?   16  Ӕрцӕудзӕн, амардзӕн уыцы ӕххуырст кусджыты ӕмӕ сӕнӕфсирдон ратдзӕн ӕндӕртӕм». Уый чи фехъуыста, уыдон загътой: «Хуыцау бахизӕд!»   17  Йесо сӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ Сыгъдӕг Фысты ацы дзырдтӕ цы амонынц: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси сӕрӕвӕрӕн"?   18  Уыцы дурыл чидӕриддӕр ӕрхауа, уый ныппырх уыдзӕн, йӕхӕдӕг кӕуыл ӕрхауа, уый та ныцъцъӕл кӕндзӕн».   19  Йесо ацы фӕсномыг ныхас уыдоны тыххӕй кӕй загъта, уый бамбӕрстой динамонджытӕ ӕмӕ алчертӕ, ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕвӕстиатӕй ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты.   20  Ӕмӕ Йесомӕ райдыдтой сӕ цӕст дарын, ӕмӕ Йӕм барвыстой, сӕхи рӕстгӕнджытӕй чи ӕвдыста, ахӕм лӕгты. Сӕ нысан уыди Йӕ ракъахын ӕмӕ Йын Йӕ ныхӕстӕ Йӕхи ныхмӕ фӕцаразын, бӕстӕйы хицауы къухтӕм Ын раттӕн куыд уыдаид, афтӕ.   21  Ӕмӕ Йӕ уыдон бафарстой: «Ахуыргӕнӕг, мах зонӕм: Ды раст дзурыс ӕмӕ ахуыр кӕныс, никӕй хъулон кӕныс, фӕлӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ амоныс Хуыцауы фӕндаг.   22  Кесӕрӕн нын хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ?»   23  Йесо сын бамбӕрста сӕ хинвӕнд ӕмӕ загъта: «[Цы Мӕ къахут?]   24  Равдисут Мӕм динар: кӕй ныв ӕмӕ йыл кӕй ном ис?» Уыдон дзуапп радтой: «Кесӕры».   25  Уӕд сын загъта: «Уӕдӕ кесӕры цы у, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн».   26  Ӕмӕ сын адӕмы раз Йӕ ныхӕстӕ Йӕхи ныхмӕ фӕцаразын нӕ бантыст. Йӕ дзуапп сӕ бафтыдта дисы ӕмӕ ныхъхъус сты.   27  Уӕд ӕрбацыдысты саддукейтӕй чидӕртӕ (саддукейтӕ дзурынц, мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ) ӕмӕ Йӕ бафарстой:   28  «Ахуыргӕнӕг, Моисей махӕн ныффыста: „Искӕмӕн йӕ усджын ӕфсымӕр ӕнӕзӕнӕгӕй куы амӕла, уӕд ын ракурӕд йӕ усы ӕмӕ цот рауадзӕд йе 'фсымӕрӕн".   29  Уыд авд ӕфсымӕры. Хистӕр ӕрхаста ус ӕмӕ ӕнӕзӕнӕгӕй амард.   30  Уыцы усы ракуырдта дыккаг ӕфсымӕр ӕмӕ уый дӕр ӕнӕзӕнӕгӕй амард.   31  Ракуырдта йӕ ӕртыккаг, стӕй – иннӕ ӕфсымӕртӕ. Ӕмӕ сеппӕт дӕр амардысты, зӕнӕг та нӕ ныууагътой.   32  Сеппӕты фӕстӕ ус дӕр амард.   33  Ныр мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд сӕ кӕй ус уыдзӕни? Сӕ авды ус дӕр куы уыд».   34  Йесо сын дзуапп радта: «Ацы дунейы адӕм курынц устытӕ ӕмӕ цӕуынц моймӕ.   35  Фидӕны цард кӕмӕн рардӕуа ӕмӕ мӕрдтӕй чи райгас уа, уыдон та нӕдӕр ус курдзысты, нӕдӕр мой кӕндзысты.   36  Мӕлӕт дӕр сын нӕ уыдзӕни. Фӕлӕ суыдзысты зӕдты хуызӕн, Хуыцауы хъӕбултӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцау райгас кодта.   37  Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый та Моисей равдыста, судзгӕ сындзкъутӕры тыххӕй куы дзырдта, Хуыцауы Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау куы схуыдта, уӕд.   38  Хуыцау та мӕрдты Хуыцау нӕу, фӕлӕ удӕгӕсты Хуыцау у, уымӕн ӕмӕ Йын иууылдӕр удӕгас сты».   39  Уый тыххӕй Йесойӕн динамонджытӕй чидӕртӕ загътой: «Ахуыргӕнӕг, Ды хорз загътай».   40  Истӕмӕй бафӕрсынмӕ Йӕм сӕ ныфс нал хастой. Йесо та сын дзырдта:   41  «Куыд зӕгъынц Чырыстийӕ, Давиды байзӕддаг у, зӕгъгӕ?   42  Давид йӕхӕдӕг Псаломты чиныджы куы дзуры: „Хуыцау загъта мӕ Хицауӕн: сбад Мӕ рахиз фарс,   43  Цалынмӕ Дын Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрон, уӕдмӕ".   44  Уӕдӕ Йӕ кӕд Давид Хицау хоны, уӕд Уый йӕ байзӕддаг куыд у?»   45  Ӕппӕт адӕм Йесомӕ куы хъуыстой, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта:   46  «Уӕхи хизут динамонджытӕй. Уыдон уарзынц даргъ дарӕс дарын ӕмӕ сахарты фӕзты адӕмы арфӕтӕм хъусын; уарзынц синагогӕты раззаг бынӕтты ӕмӕ минасы фынгтыл уӕле бадын;   47  Хӕрынц идӕдзты хӕдзӕрттӕ, цӕстмӕ кувынц бирӕ. Уыдон баййафдзысты карз ӕфхӕрд».