1 Ӕдзух кувын кӕй ӕмбӕлы ӕмӕ хъынцъым кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй сын Йесо загъта фӕсномыг ныхас: 2 «Иу сахары уыди, Хуыцауӕй чи нӕ тарст ӕмӕ адӕмӕй дӕр ӕфсӕрмы чи нӕ кодта, ахӕм тӕрхонгӕнӕг. 3 Уыцы сахары цардис иу идӕдз сылгоймаг. Уый-иу арӕх ӕрцыди тӕрхонгӕнӕгмӕ ӕмӕ йын дзырдта: „Мӕ ныхмӕлӕууӕгӕй мӕ фервӕзын кӕн". 4 Фӕлӕ йӕм тӕрхонгӕнӕг цасдӕр рӕстӕг йӕ хъус не 'рдардта. Ӕппынфӕстаг загъта йӕхицӕн: „Ӕз Хуыцауӕй дӕр нӕ тӕрсын ӕмӕ адӕмӕй дӕр не 'фсӕрмы кӕнын. 5 Фӕлӕ мӕ уыцы идӕдз ус ӕнцой нал уадзы ӕмӕ йын баххуыс кӕнон, цӕмӕй мӕм мауал цӕуа, мауал мӕ фӕлмӕцын кӕна"». 6 Хицау загъта: «Хъусут, ӕнӕраст тӕрхонгӕнӕг цы зӕгъы, уымӕ? 7 Уӕдӕ Хуыцауӕн ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕгъстӕ чи кӕны, Йӕ уыцы ӕвзӕрстыты нӕ бахъахъхъӕндзӕн, ӕви? Мыййаг, афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ Йӕм бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсой? 8 Зӕгъын уын, рӕхджы сын баххуыс кӕндзӕн. Фӕлӕ Адӕймаджы Фырт куы ӕрцӕуа, уӕд ма зӕххыл уырнындзинад ссардзӕн, цымӕ?» 9 Йӕхи рӕстгӕнӕгыл чи нымадта ӕмӕ иннӕты чи ницӕмӕ дардта, уыдонӕн дӕр Йесо загъта ахӕм фӕсномыг ныхас: 10 «Дыууӕ адӕймаджы бацыдысты Кувӕндонмӕ бакувынмӕ: сӕ иу – фарисей, иннӕ – хъалонисӕг. 11 Фарисей ӕрлӕууыд ӕмӕ куывта хинымӕр: „Хуыцау, бузныг дӕн Дӕуӕй, ӕз иннӕ адӕмау стигъӕг, ӕнӕраст, хӕтаг, кӕнӕ ацы хъалонисӕджы хуызӕн кӕй нӕ дӕн, уый тыххӕй. 12 Ком дарын къуыри дыууӕ хатты; меппӕт ӕфтиаджы дӕсӕймаг хай дӕттын Дӕуӕн". 13 Хъалонисӕг та лӕууыди дӕрддзӕф, уӕларвмӕ скӕсын дӕр нӕ уӕндыд, фӕлӕ йӕ риу хоста ӕмӕ дзырдта: „Хуыцау, ныббар мын, ӕз тӕригъӕдджын дӕн". 14 Зӕгъын уын, йӕ хӕдзармӕ Хуыцауӕй хатыргондӕй хъалонисӕг ацыди, фарисей та – нӕ. Уымӕн ӕмӕ йӕхи уӕлдӕр чи ӕвӕры, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн». 15 Йесомӕ хуыдтой сабиты дӕр, цӕмӕй сыл бандзӕва, фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд сӕ нӕ уагътой. 16 Йесо сабитӕм басидт ӕмӕ загъта: «Ӕрбауадзут Мӕм сывӕллӕтты, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад уыдоны хуызӕтты у. 17 Ӕцӕг уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахадыл сывӕллонау чи нӕ баууӕнда, уый йӕм нӕ бацӕудзӕн». 18 Иу хицау Йесойы бафарста: «Хорз Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсынӕн цы саразон?» 19 Йесо йын дзуапп радта: «Цӕмӕн Мӕ хоныс хорз? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у. 20 Фӕдзӕхстытӕ зоныс: „Ма хӕт", „Ма амар", „Ма дав", „Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу", „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады"». 21 Уый Йесойӕн загъта: «Ӕппӕт уыдӕттӕ ме 'взонджы бонтӕй нырмӕ ӕххӕст кӕнын». 22 Йесо уый куы фехъуыста, уӕд ын зӕгъы: «Иу бакӕнинаг ма дын баззади: цыдӕриддӕр дӕм ис, уый ауӕй кӕн, байуар ӕй мӕгуыртыл, ӕмӕ дын уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл». 23 Уый уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ӕрӕнкъард, уымӕн ӕмӕ тынг хъӕздыг уыди. 24 Кӕй ӕрӕнкъард, уый Йесо куы федта, уӕд загъта: «Ӕвӕдза, бонджынтӕн куыд зын у Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын! 25 Уымӕн ӕмӕ хъӕздыгӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуынӕй теуайӕн судзины быны иннӕрдӕм ахизын ӕнцондӕр у». 26 Уыцы ныхӕстӕ чи фехъуыста, уыдон загътой: «Уӕдӕ чи фервӕздзӕн?» 27 Йесо сын загъта: «Адӕмы бон цы нӕу, уый Хуыцауы бон у». 28 Петр загъта: «Мӕнӕ мах ныууагътам алцыдӕр ӕмӕ рацыдыстӕм Дӕ фӕдыл». 29 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахады сӕраппонд йӕ хӕдзар, кӕнӕ йӕ усы, кӕнӕ йе 'фсымӕрты, кӕнӕ йӕ ныййарджыты, кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты чи ныууадза, уыдонӕй иунӕг ахӕм дӕр нӕй, 30 Ӕмӕ ацы заманы дзӕвгар фылдӕр, ӕрцӕуинаг дунейы та мыггагмӕйы цард чи нӕ райса». 31 Йесо фӕхибар кодта дыууадӕсы ӕмӕ сын загъта: «Ныр мах цӕуӕм Иерусалиммӕ, ӕмӕ Адӕймаджы Фырты тыххӕй пехуымпартӕ цыдӕриддӕр ныффыстой, уый сӕххӕст уыдзӕн: 32 Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕни муртаттӕм, ӕмӕ Дзы фӕхынджылӕг кӕндзысты, бафхӕрдзысты Йӕ, фӕтутӕ Йыл кӕндзысты, 33 Ехсӕй Йӕ фӕнӕмдзысты ӕмӕ Йӕ амардзысты, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн». 34 Фӕлӕ Йын Йӕ ныхӕстӕн ницы бамбӕрстой. Цӕуыл дзырдта, уыдӕттӕ сын ӕргом нӕ уыдысты ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой. 35 Йесо Иерихонмӕ куы баввахс, уӕд иу куырм мӕгуыргур бадти фӕндаггӕрон. 36 Йӕ цурты адӕм кӕй фӕцӕуынц, уый куы фехъуыста, уӕд бафарста: «Цы хабар у?» 37 Загътой йын: «Назаретаг Йесо ӕрбацӕуы». 38 Уӕд ныхъхъӕр кодта: «Йесо, Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!» 39 Разӕй цӕуджытӕ дзы домдтой, цӕмӕй ныссабыр уа, фӕлӕ уый ноджы тынгдӕр хъӕр кодта: «Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!» 40 Йесо ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта, цӕмӕй Йӕм ӕй ӕрбакӕной. Ӕмӕ Йӕм куы ӕрбацыд, уӕд ӕй Йесо бафарста: 41 «Цы дӕ фӕнды? Цы дын саразон?» Уый загъта: «Хицау, мӕн фӕнды мӕ цӕстытӕй ракӕсын». 42 Йесо йын загъта: «Ракӕс! Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». 43 Куырм уайтӕккӕ ракаст йӕ цӕстытӕй ӕмӕ, Хуыцауы стаугӕйӕ, ацыд Йесойы фӕдыл. Адӕм уый куы федтой, уӕд сеппӕт дӕр скад кодтой Хуыцауӕн.
