IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

Лука 14 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Иухатт Йесо фарисейты хистӕртӕй иуы хӕдзармӕ сабаты бацыд хӕрынмӕ ӕмӕ Йӕм фарисейтӕ сӕ цӕст дардтой.   2  Уым Йӕ разы фӕци, доннизӕй чи сади, ахӕм лӕг.   3  Йесо бафарста динамонджыты ӕмӕ фарисейты: «Сабаты дзӕбӕх кӕнын фӕччы ӕви нӕ?»   4  Уыдон ныхъхъус сты. Уӕд бавнӕлдта рынчынмӕ, сдзӕбӕх ӕй кодта ӕмӕ йӕ ауагъта.   5  Стӕй сын загъта: «Искӕмӕн уӕ сабаты йӕ хӕрӕг кӕнӕ йӕ гал цъайы куы ныххауа, уӕд ӕй уыйадыл не сласдзӕн, ӕви?»   6  Ӕмӕ Йын дзуапп раттын сӕ бон нӕ уыд.   7  Йесо бафиппайдта, хуындтытӕ уӕле сбадыныл куыд архайдтой, уый, ӕмӕ сын загъта фӕсномыг ныхас:   8  «Исчи дӕ чындзӕхсӕвмӕ куы ӕрхона, уӕд уӕле ма сбад, науӕд хуындтыты ӕхсӕн дӕуӕй кадджындӕр куы разына,   9  Уӕд уӕ дыууӕйы дӕр чи ӕрхуыдта, уый бацӕудзӕн ӕмӕ дын зӕгъдзӕн: „Ратт ын дӕ бынат". Уӕд къӕмдзӕстыгӕй сбаддзынӕ фӕстаг бынаты.   10  Фӕлӕ хуынд куы уай, уӕд ӕрцу ӕмӕ сбад фӕстаг бынаты, цӕмӕй дӕм фысым бацӕуа ӕмӕ дын зӕгъа: „Мӕ хӕлар, уӕлдӕр сбад". Уӕд скадджын уыдзынӕ, демӕ чи бады, уыдоны цӕсты.   11  Уымӕн ӕмӕ йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн; йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн».   12  Чи Йӕ ӕрхуыдта, уымӕн та Йесо загъта: «Сихор кӕнӕ ӕхсӕвӕр куы аразай, уӕд дӕ хӕлӕртты, де 'фсымӕрты, дӕ хӕстӕджыты ӕмӕ хъӕздыг сыхӕгты ма ӕрхон, науӕд дӕ уыдон дӕр ӕрхондзысты ӕмӕ дын ӕй бафиддзысты.   13  Фӕлӕ куывд куы кӕнай, уӕд ӕрхон мӕгуырты, цӕнкуылты, къуылыхты, куырмыты.   14  Ӕмӕ тӕхудиаг уыдзынӕ, сӕ бон дын йӕ бафидын кӕй нӕу, уый тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ дӕ мызд райсдзынӕ рӕстыты райгасы бон».   15  Йесоимӕ фынгыл чи бадт, уыдонӕй иу уый куы фехъуыста, уӕд Ын загъта: «Тӕхудиаг у, Хуыцауы Паддзахады къӕбӕр чи бахӕра, уый!»   16  Йесо йын загъта: «Иу адӕймаг арӕзта стыр куывд ӕмӕ ӕрхуыдта бирӕты.   17  Куывды афон куы ӕрцыд, уӕд арвыста йӕ цагъары хуындтытӕн зӕгъынмӕ: „Рацӕут, алцыдӕр цӕттӕ у".   18  Сеппӕт дӕр, цыма ӕмдзырд бакодтой, уыйау райдыдтой хатыр курын. Фыццаг загъта: „Зӕхх балхӕдтон ӕмӕ хъуамӕ ацӕуон йӕ фенынмӕ. Курын дӕ, хатыр мын бакӕн".   19  Дыккаг загъта: „Фондз цӕды галтӕ балхӕдтон ӕмӕ сӕ фӕлварынмӕ цӕуын. Курын дӕ, хатыр мын бакӕн".   20  Ӕртыккаг загъта: „Ус ӕрхастон, ӕмӕ мын уымӕ гӕсгӕ нӕй цӕуӕн".   21  Цагъар ӕрбаздӕхт ӕмӕ уый тыххӕй радзырдта йӕ хицауӕн. Хицау смӕсты ӕмӕ йӕ цагъарӕн загъта: „Рӕвдздӕр ауай сахары уынгтӕ ӕмӕ къуымтӕм, ӕмӕ ӕрхон мӕгуырты, цӕнкуылты, куырмыты ӕмӕ къуылыхты".   22  Цагъар загъта: „Ме 'лдар, цы мын загътай, уый бакодтон, фӕлӕ ма дзы бынӕттӕ ис".   23  Хицау загъта йӕ цагъарӕн: „Ауай фӕндӕгтӕ ӕмӕ къахвӕндӕгтӕм, ӕмӕ адӕмы сразы кӕ, цӕмӕй ӕрцӕуой ӕмӕ байдзаг уа мӕ хӕдзар.   24  Зӕгъын уын, раздӕры хуындтытӕй иу дӕр нӕ фӕхъӕстӕ уыдзӕн мӕ куывдӕй. [Уымӕн ӕмӕ хуындтытӕ бирӕ сты, ӕвзӕрстытӕ та – чысыл.]"»   25  Йесоимӕ цыди бирӕ адӕм; Йе 'ргом сӕм разылдта ӕмӕ сын загъта:   26  «Чи Мӕм ӕрцӕуа, уый йӕ фыды, йӕ мады, йӕ усы, йӕ зӕнӕджы, йе 'фсымӕрты, йӕ хоты, уӕлдайдӕр та йӕ цард, Мӕнӕй фылдӕр куы уарза, уӕд Мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы.   27  Йӕ дзуар чи нӕ хӕссы ӕмӕ Мӕ фӕдыл чи нӕ цӕуы, уый Мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы.   28  Сымахӕй мӕсыг самайын кӕй бафӕнда, уый, йӕ саразынӕн цытӕ хъӕуы, уыдӕттӕ рагацау бахынцыны тыххӕй, мыййаг, не 'рбаддзӕн ӕмӕ йӕ хӕрдзтӕ нӕ банымайдзӕн?   29  Науӕд ын бындур куы ӕрӕвӕра, фӕлӕ йӕ кӕронмӕ самайын куы нӕ бафӕраза, уӕд ӕй чидӕриддӕр фена, уыдон ыл фӕхуддзысты:   30  „Ацы лӕг амайын райдыдта, ӕмӕ йын кӕронмӕ нӕ бантыст".   31  Кӕнӕ иу паддзах иннӕйы ныхмӕ хӕстмӕ куы цӕуа, уӕд уал, мыййаг, не 'рбаддзӕн ӕмӕ, ссӕдз минимӕ йӕ размӕ чи рацӕуы, уый ныхмӕ дӕс минимӕ фӕлӕууын йӕ бон бауыдзӕн ӕви нӕ, уый тыххӕй рагацау нӕ бауынаффӕ кӕндзӕн?   32  Ӕмӕ йӕ бон куы нӕ уа, уӕд, цалынмӕ ма уый дард у, уӕдмӕ йӕм бафидауыны тыххӕй арвитдзӕн минӕвӕрттӕ.   33  Уӕдӕ Мын сымахӕй дӕр ахуыргӕнинагӕн ничи бӕззы, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый куы нӕ ныууадза, уӕд.   34  Цӕхх хорз у. Фӕлӕ цӕххӕн йӕ ад куы фесӕфа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ?   35  Уый суанг зӕхх ӕмӕ фаджысыл ныккӕнынӕн дӕр нал фӕбӕззы ӕмӕ йӕ аппарынц. Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»