IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

Лука 13 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Уыцы рӕстӕг ӕрцыдысты Йесомӕ ӕмӕ Йын радзырдтой, галилейӕгтӕй чидӕртӕ нывонд куы хастой, уӕд сӕ Пилат ныццагъта ӕмӕ сын сӕ туг схӕццӕ кодта сӕ нывондты тугимӕ.   2  Йесо сын загъта: «Афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ уыцы галилейӕгтӕ иннӕ галилейӕгтӕй тӕригъӕдджындӕр уыдысты ӕмӕ уымӕн афтӕ бабын сты?   3  Зӕгъын уын, нӕ уыдысты. Фӕлӕ куы не 'рфӕсмон кӕнат, уӕд уеппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут.   4  Кӕнӕ афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ Силоамы мӕсыг кӕуыл ныккалд ӕмӕ кӕй ныммардта, уыцы ӕстдӕс лӕджы Иерусалимы ӕппӕт цӕрджытӕй аххосджындӕр уыдысты?   5  Зӕгъын уын, нӕ уыдысты. Фӕлӕ куы не 'рфӕсмон кӕнат, уӕд уеппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут».   6  Ӕмӕ сын загъта ацы фӕсномыг ныхас: «Иу адӕймагӕн йӕ сӕнӕфсирдоны уыди легъуибӕлас, ӕрцыд ӕм гагатӕ ӕртонынмӕ, фӕлӕ йыл не ссардта.   7  Уӕд загъта сӕнӕфсирдонгӕсӕн: „Ныр ӕртыккаг аз цӕуын ацы легъуибӕласыл гагатӕ фенынмӕ, ӕмӕ йыл нӕ арын. Акал ӕй, дзӕгъӕлы ма зӕхх дӕр цы ахсы".   8  Фӕлӕ йын уый дзуапп радта: „Ме 'лдар, ныууадз-ма йӕ ацы аз. Ӕз ын йӕ алфамбылай скъахдзынӕн ӕмӕ йыл фаджыс ныккӕндзынӕн,   9  Кӕд ыл инназ гагатӕ ӕрзаид; кӕд нӕ, уӕд ӕй акалдзынӕ"».   10  Сабаты Йесо адӕмы ахуыр кодта синагогӕтӕй иуы.   11  Уым уыди, хъарусӕттӕг ӕнӕзӕгъинаг ӕстдӕс азы дӕргъы уӕгъд кӕй нӕ уагъта, ахӕм сылгоймаг; уый ныкъкъӕдз ӕмӕ ӕмраст слӕууын йӕ бон нӕ уыд.   12  Йесо йӕ куы федта, уӕд ӕм басидт ӕмӕ йын загъта: «Хорз ус, дӕ низӕй сӕрибар дӕ».   13  Ӕрӕвӕрдта йыл Йӕ къухтӕ, сылгоймаг уайтӕккӕ ӕмраст слӕууыд ӕмӕ райдыдта Хуыцауы стауын.   14  Уӕд синагогӕйы хицау смӕсты, Йесо сылгоймаджы сабаты кӕй сдзӕбӕх кодта, уый тыххӕй, ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Хъуыддаг кӕнынӕн ис ӕхсӕз боны. Уыцы бонты цӕут уӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ, сабаты та ма цӕут».   15  Йесо йын дзуапп радта: «Цӕстмӕхъустӕ, мыййаг сымахӕй алчидӕр сабаты йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕджы кӕвдӕсӕй не суадзы ӕмӕ йӕ донмӕ нӕ аскъӕры?   16  Уӕдӕ хӕйрӕг ӕстдӕс азы дӕргъы бастӕй кӕй фӕдардта, Авраамы уыцы чызджы дӕр йӕ бӕттӕнтӕй сабаты суӕгъд кӕнын не 'мбӕлди, ӕви?»   17  Йесо уый куы загъта, уӕд Йӕ ныхмӕлӕуджытӕ иууылдӕр фефсӕрмы сты; ӕппӕт адӕмӕн та Йӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ цин ӕрхастой.   18  Уый фӕстӕ Йесо загъта: «Цӕй хуызӕн у Хуыцауы Паддзахад? Цӕуыл ӕй абарон?   19  Уый у, адӕймаг йӕ цӕхӕрадоны кӕй байтыдта, уыцы хъыцъыйы нӕмыгау. Нӕмыг сзади, сбӕлас и, ӕмӕ йын уӕларвон мӕргътӕ йӕ къалиутыл сарӕзтой ахстӕттӕ».   20  Йесо ноджы загъта: «Цӕуыл абарон Хуыцауы Паддзахад?   21  Уый у, сылгоймаг ссады ӕртӕ сасирыл кӕй бафтыдта ӕмӕ хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕмӕй сӕнхъызт, уыцы ӕнхъизӕнау».   22  Йесо цыди сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл, ахуыр кодта адӕмы; Йӕ фӕндаг уыд Иерусалиммӕ.   23  Чидӕр Ӕй бафарста: «Хицау, чи фервӕздзӕн, уыдон чысыл сты?» Йесо дзуапп радта:   24  «Архайут уынгӕг дуарыл бацӕуыныл. Уымӕн ӕмӕ, зӕгъын уын, бирӕтӕ архайдзысты бацӕуыныл, фӕлӕ сӕ бон нӕ бауыдзӕн.   25  Хӕдзары Хицау куы сыста ӕмӕ дуӕрттӕ куы сӕхгӕна, уӕд сымах, ӕдде лӕугӕйӕ, райдайдзыстут дуар хойын ӕмӕ дзурын: „Хицау, Хицау, байгом нын кӕн!" Фӕлӕ уын Уый дзуапп ратдзӕн: „Кӕцӕй стут, уый нӕ зонын".   26  Уӕд райдайдзыстут дзурын: „Мах хордтам ӕмӕ нуӕзтам Дӕ разы, нӕ уынгты ахуыр кодтай адӕмы".   27  Фӕлӕ уын Уый зӕгъдзӕни: „Зӕгъын уын: кӕцӕй стут, уый нӕ зонын. Ацӕут Мӕ цурӕй уеппӕт дӕр, тӕригъӕдджынтӕ".   28  Уым уыдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс. Авраамы, Исаакы, Иаковы ӕмӕ ӕппӕт пехуымпарты фендзыстут Хуыцауы Паддзахады, уӕхи та уын раппардзысты ӕддӕмӕ.   29  Адӕм ӕрцӕудзысты скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, цӕгат ӕмӕ хуссарӕй, ӕмӕ ӕрбаддзысты Хуыцауы Паддзахады фынгыл.   30  Ӕмӕ абоны фӕстӕгтӕй бирӕтӕ уыдзысты фыццӕгтӕ, фыццӕгтӕй та бирӕтӕ уыдзысты фӕстӕгтӕ».   31  Уыцы рӕстӕг фарисейтӕй чидӕртӕ ӕрцыд ӕмӕ Йесойӕн загътой: «Ацу ардыгӕй ӕндӕр ранмӕ, уымӕн ӕмӕ Дӕ Ирод амарынмӕ хъавы».   32  Йесо сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ зӕгъут уыцы рувасӕн: „Мӕнӕ абон ӕмӕ райсом сурын дӕлимонты, дзӕбӕх кӕнын рынчынты, ӕмӕ ӕртыккаг бон фӕуыдзынӕн Мӕ хъуыддаг".   33  Ӕниу, абон, райсом ӕмӕ иннӕбон дӕр фӕндагыл хъуамӕ уон: уымӕн ӕмӕ Иерусалимы нӕ, фӕлӕ ӕндӕр ран амарой пехуымпары, уымӕн уӕвӕн нӕй.   34  Иерусалим, Иерусалим, пехуымпарты марӕг ӕмӕ дӕумӕ ӕрвыстыты дуртӕй цӕгъдӕг! Цал хатты Мӕ фӕндыди, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дӕ хъӕбулты ӕрӕмбырд кӕнын, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!   35  Ныр уын уӕ хӕдзар уагъдӕуы ӕнӕхицауӕй. Зӕгъын уын, цалынмӕ афтӕ зӕгъат: „Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг!", уӕдмӕ Мӕ нал фендзыстут».