1 Уый фӕстӕ уыд иудейаг бӕрӕгбон, ӕмӕ Йесо ӕрцыд Иерусалиммӕ. 2 Иерусалимы, Фысты кулдуары цур уыди, дзуттагау Вифездӕ кӕй хуыдтой, ахӕм найӕн фондз ӕхгӕдсӕр тыргъимӕ. 3 Тыргъты хуыссыд бирӕ рынчынтӕ: куырмытӕ, къуылыхтӕ ӕмӕ цӕнкуылтӕ. [Уыдон ӕнхъӕлмӕ кастысты доны змӕлдмӕ – 4 Хуыцауы зӕд-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕрцыд найӕнмӕ ӕмӕ-иу дон сызмӕста, ӕмӕ-иу йӕ сызмӕнтыны фӕстӕ фыццаг чи ныххызт, уый-иу сдзӕбӕх цыфӕнды низӕй дӕр.] 5 Ам уыдис, ӕстдӕс ӕмӕ ссӕдз азы рынчын чи уыд, ахӕм лӕг. 6 Йесо йӕ уым хуысгӕйӕ куы федта ӕмӕ рагӕй кӕй у рынчын, уый куы базыдта, уӕд ын загъта: «Фӕнды дӕ, ӕмӕ ӕнӕниз уай?» 7 Рынчын Ын дзуапп радта: «Ме 'лдар, доны змӕсты афон мӕ найӕнмӕ чи ныййиса, ахӕм адӕймаг мын нӕй. Цалынмӕ ӕз ныххизыныл фӕцархайын, уӕдмӕ ӕндӕр исчи мӕ разӕй фӕвӕййы». 8 Йесо йын загъта: «Рабад, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ райдай цӕуын». 9 Уый уайтӕккӕ сдзӕбӕх, систа йӕ хуыссӕн ӕмӕ райдыдта цӕуын. Уыцы хъуыддаг ӕрцыд сабаты. 10 Ӕмӕ чи сдзӕбӕх, уыцы адӕймагӕн иудейтӕ дзырдтой: «Абон сабат у, дӕ хуыссӕн хӕссын дын нӕ фӕччы». 11 Уый сын дзуапп радта: «Чи мӕ сдзӕбӕх кодта, Уый мын загъта: „Сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ райдай цӕуын"». 12 Уӕд ӕй бафарстой: «Афтӕ дын Чи загъта: „Сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ райдай цӕуын", уыцы Адӕймаг чи у?» 13 Чи сдзӕбӕх, уый та Йӕ нӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ Йесо фӕци, уым цы бирӕ адӕм уыди, уыдоны аууон. 14 Фӕстӕдӕр ӕй Йесо ссардта Кувӕндоны ӕмӕ йын загъта: «Ныр ды сдзӕбӕх дӕ. Тӕригъӕд мауал ракӕн, ноджы фыддӕр исты дыл куыд не 'рцӕуа, афтӕ». 15 Уыцы лӕг ацыд ӕмӕ иудейтӕн радзырдта, йе сдзӕбӕхгӕнӕг Йесо у, зӕгъгӕ. 16 Уӕд иудейтӕ зилын райдыдтой Йесойы фӕдыл, сабаты ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕй кодта, уый тыххӕй. 17 Йесо та сын загъта: «Мӕ Фыд кӕддӕриддӕр хъуыддаг кӕны, ӕмӕ Ӕз дӕр кӕнын». 18 Уӕд Ӕй иудейтӕ ноджы тынгдӕр агуырдтой амарынмӕ. Уымӕн ӕмӕ Уый канд сабаты ӕгъдау нӕ хӕлдта, фӕлӕ Хуыцауы дӕр хуыдта Йӕ Фыд ӕмӕ уымӕй Йӕхи кодта Хуыцауы ӕмсӕр. 19 Уый фӕдыл сын Йесо загъта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Фырт Йӕхӕдӕг ницы кӕнын фӕразы – Фыды цы гӕнгӕ уыны, ӕрмӕстдӕр уый кӕны. Ӕмӕ Фыд цы кӕны, Фырт дӕр уый аразы. 20 Фыд уарзы Фырты ӕмӕ Йын ӕвдисы, Йӕхӕдӕг цы кӕны, ӕппӕт уыдӕттӕ. Фенын Ын кӕндзӕн ацы хъуыддӕгтӕй ноджы стырдӕртӕ, ӕмӕ сымах дисы бафтдзыстут. 21 Фыд мӕрдты куыд райгас кӕны ӕмӕ сын цард куыд дӕтты, афтӕ Фырт дӕр цард дӕтты, кӕмӕн Ӕй фӕнды, уыдонӕн. 22 Фыд тӕрхон дӕр никӕмӕн кӕны, фӕлӕ ӕппӕт тӕрхон бакодта Фырты бар, 23 Фыды куыд нымайынц, афтӕ сеппӕт дӕр Фырты куыд нымайой. Фырты чи нӕ нымайы, уый Йын Йӕ рарвитӕг Фыды дӕр нӕ нымайы. 24 Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Мӕ ныхасмӕ хъусӕгӕн ӕмӕ Мӕ Рарвитӕгыл ӕууӕндӕгӕн ис мыггагмӕйы цард ӕмӕ тӕрхонгонд нӕ уыдзӕн – ныридӕгӕн мӕлӕтӕй бацыд цардмӕ. 25 Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн, ӕрцӕудзӕн ахӕм афон, ӕниу, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ мӕрдтӕ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ йӕ куы фехъусой, уӕд райгас уыдзысты. 26 Уымӕн ӕмӕ Фыд Йӕхӕдӕг царддӕттӕг куыд у, афтӕ Йӕ Фырты дӕр скодта царддӕттӕг, 27 Ӕмӕ Йын радта тӕрхон кӕныны бар, уымӕн ӕмӕ Уый Адӕймаджы Фырт у. 28 Ууыл дис ма кӕнут. Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ ингӕнты чи ис, уыдон сеппӕт дӕр фехъусдзысты Йӕ хъӕлӕс, 29 Ӕмӕ хӕрзгӕнджытӕ райгас уыдзысты цӕрынмӕ, фыдгӕнджытӕ та – ӕфхӕрд баййафынмӕ. 30 Ӕз Мӕхӕдӕг ницы кӕнын фӕразын. Куыд загъд Мын у, афтӕ тӕрхон кӕнын, ӕмӕ Мӕ тӕрхон раст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз тырнын, Мӕхи цы фӕнды, уымӕ нӕ, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕджы цы фӕнды, уымӕ. 31 Мӕхи тыххӕй Мӕхӕдӕг куы дзурин, уӕд Мӕ ныхас ӕцӕг нӕ уаид. 32 Фӕлӕ Мын ис ӕндӕр Ӕвдисӕн, ӕмӕ Ӕз зонын: Мӕн тыххӕй цы зӕгъы, уый ӕцӕг у. 33 Сымах арвыстат Иоаннмӕ, ӕмӕ уый загъта ӕцӕгады тыххӕй. 34 Ӕниу, Мӕн адӕймаджы ӕвдисӕнады сӕр нӕ хъӕуы, фӕлӕ йӕ уый тыххӕй зӕгъын, цӕмӕй фервӕзат. 35 Иоанн уыди цырагъ – сыгъди ӕмӕ рухс кодта, сымах та ӕрмӕст иуцасдӕр фӕндыд йӕ рухсмӕ цин кӕнын. 36 Иоанн Мӕн тыххӕй цы загъта, уымӕй та Ме 'вдисӕйнаг тыхджындӕр у. Уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ Фыд цы хъуыддӕгтӕ бафӕдзӕхста, Ӕз уыцы хъуыддӕгтӕ аразын, ӕмӕ уыдон ӕвдисӕн сты, Мӕ Фыд Мӕ кӕй рарвыста, уымӕн. 37 Мӕ рарвитӕг Фыд Йӕхӕдӕг загъта Мӕн тыххӕй. Сымах та Йын Йӕ хъӕлӕс дӕр никуы фехъуыстат, ӕмӕ Йын Йӕ цӕсгом дӕр нӕ федтат, 38 Ӕмӕ Йӕ ныхас уӕ зӕрдӕты нӕй, уымӕн ӕмӕ Кӕй рарвыста, Ууыл не 'ууӕндут. 39 Лӕмбынӕг раиртасут Сыгъдӕг Фыст, уымӕн ӕмӕ сымах ӕууӕндут йӕ фӕрцы мыггагмӕйы цард райсыныл, уый та Мӕныл дзурӕг у. 40 Уӕддӕр уӕ нӕ фӕнды Мӕнмӕ ӕрцӕуын ӕмӕ мыггагмӕйы цард райсын. 41 Мӕн адӕмӕй кад нӕ хъӕуы, 42 Фӕлӕ уӕ зонын: сымах Хуыцауы нӕ уарзут. 43 Ӕз Мӕ Фыды номӕй ӕрцыдтӕн, ӕмӕ Мыл не 'ууӕндут, фӕлӕ ӕндӕр исчи куы ӕрцӕуа йӕхи номӕй, уӕд ыл баууӕнддзыстут. 44 Кӕд кӕрӕдзийӕ кадмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, иунӕг Хуыцау цы кад дӕтты, уымӕ та нӕ тырнут, уӕд куыд хъуамӕ баууӕндат? 45 Афтӕ ма банхъӕлут, ӕмӕ уӕ Ӕз Мӕ Фыды раз зылын кӕндзынӕн. Ныфсджын кӕмӕй стут, уыцы Моисей у уӕ зылынгӕнӕг. 46 Сымах Моисейыл куы ӕууӕндиккат, уӕд Мӕныл дӕр баууӕндиккат, уымӕн ӕмӕ уый Мӕн тыххӕй фыста. 47 Ӕмӕ кӕд Моисей цы ныффыста, ууыл не 'ууӕндут, уӕд Мӕ ныхӕстыл куыд баууӕнддзыстут?»
