1 Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: уӕтӕрмӕ дуарыл чи нӕ бацӕуы, фӕлӕ йӕм ӕндӕр ранӕй чи бабыры, уый давӕг ӕмӕ абырӕг у. 2 Дуарыл бацӕуӕг та фыстӕн сӕ фыййау у. 3 Дуаргӕс ын бакӕны дуар, ӕмӕ йын фыстӕ хъусынц йӕ хъӕлӕс. Уый йӕ фыстӕм дзуры сӕ номӕй, ӕмӕ сӕ ракӕны ӕддӕмӕ. 4 Ӕмӕ йӕ фысты иууылдӕр ӕддӕмӕ куы ракӕны, уӕд фӕцӕуы сӕ разӕй. Фыстӕ та фӕцӕуынц йӕ фӕдыл, уымӕн ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕс зонынц. 5 Ӕцӕгӕлоны фӕдыл та нӕ цӕуынц, фӕлӕ дзы лидзынц, уымӕн ӕмӕ ӕцӕгӕлоны хъӕлӕс нӕ зонынц». 6 Йесо сын радзырдта ацы фӕсномыг ныхас. Фӕлӕ сын ӕй цӕй тыххӕй радзырдта, уый нӕ бамбӕрстой. 7 Уӕд сын Йесо ноджыдӕр загъта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Ӕз дуар дӕн фыстӕн. 8 Мӕ размӕ-иу сӕм чи ӕрцыд, уыдон иууылдӕр давджытӕ ӕмӕ абырджытӕ уыдысты; фӕлӕ сӕм фыстӕ нӕ байхъуыстой. 9 Ӕз дӕн дуар. Мӕныл йӕ фӕндаг кӕмӕн уа, уый фервӕздзӕн – бацӕудзӕн, рацӕудзӕн ӕмӕ ссардзӕн хизӕнуат. 10 Давӕг ӕрмӕст адавынмӕ, амарынмӕ ӕмӕ бабын кӕнынмӕ ӕрцӕуы. Ӕз та ӕрцыдтӕн алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цард раттынмӕ. 11 Ӕз дӕн хорз фыййау; хорз фыййау йӕ цард ратты фысты сӕраппонд. 12 Ӕххуырст та ахӕм нӕу, уымӕн фыстӕ йӕхи не сты; бирӕгъы ӕрцӕугӕ куы фены, уӕд ныууадзы фысты, лидзынмӕ фӕвӕййы, бирӕгъ аскъӕфы фыстӕй ӕмӕ сӕ ныххӕлиу кӕны. 13 Ӕххуырст алидзы, уымӕн ӕмӕ ӕххуырст у ӕмӕ фыстыл нӕ мӕт кӕны. 14 Ӕз хорз фыййау дӕн, Ӕз зонын Мӕ фысты, Мӕ фыстӕ дӕр Мӕ зонынц. 15 Мӕн Мӕ Фыд куыд зоны, Ӕз дӕр Мӕ Фыды афтӕ зонын, ӕмӕ Мӕ цард дӕттын фысты сӕраппонд. 16 Ацы уӕтӕрӕй чи нӕу, ис Мын ахӕм фыстӕ дӕр, ӕмӕ уыдоны дӕр хъуамӕ ӕрхонон. Уыдон дӕр фехъусдзысты Мӕ хъӕлӕс, ӕмӕ уыдзӕн иу дзуг ӕмӕ иу Фыййау. 17 Мӕ Фыд Мӕ уый тыххӕй уарзы, ӕмӕ Ӕз дӕттын Мӕ цард, цӕмӕй йӕ фӕстӕмӕ райсон. 18 Ничи Мын ӕй исы, фӕлӕ йӕ Ӕз Мӕхӕдӕг дӕттын. Мӕ бар у йӕ раттын дӕр ӕмӕ Мӕ бар у фӕстӕмӕ йӕ райсын дӕр. Афтӕ Мын бафӕдзӕхста Мӕ Фыд». 19 Ацы ныхӕсты тыххӕй дӕр та иудейтӕм иу хъуыды нал уыд. 20 Уыдонӕй бирӕтӕ дзырдтой: «Уый хӕйрӕджджын ӕмӕ сӕрхъӕн у. Цы йӕм хъусут?» 21 Иннӕтӕ дзырдтой: «Уыдон хӕйрӕджджыны ныхӕстӕ не сты. Хӕйрӕгӕн куырмыты цӕстӕй ракӕсын кӕнын йӕ бон у?» 22 Иерусалимы ралӕууыд Кувӕндон Ссыгъдӕг кӕныны бӕрӕгбон Уыди зымӕг. 23 Йесо зылди Кувӕндоныл, Соломоны тыргъыл. 24 Уым Ыл ӕрӕмбырд сты иудейтӕ ӕмӕ Йын дзырдтой: «Бирӕ ма нӕ тухӕнӕй мардзынӕ? Кӕд Чырысти дӕ, уӕд нын ӕй ӕргом зӕгъ». 25 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕз уын загътон, ӕмӕ уӕ нӕ уырны. Ӕз Мӕ Фыды номӕй цы хъуыддӕгтӕ кӕнын, уыдон Мӕныл дзурӕг сты. 26 Фӕлӕ не 'ууӕндут, уымӕн ӕмӕ сымах Мӕ фыстӕй не стут [раздӕр уын куыд загътон, афтӕ]. 27 Мӕ фыстӕ хъусынц Мӕ хъӕлӕс, Ӕз сӕ зонын, ӕмӕ уыдон цӕуынц Мӕ фӕдыл. 28 Ӕз сын дӕттын мыггагмӕйы цард – мыггагмӕ дӕр сын мӕлӕт нӕ уыдзӕн, ӕмӕ сӕ Мӕ къухӕй ничи аскъӕфдзӕн. 29 Уыдон Мын Чи радта, Мӕ уыцы Фыдӕй уӕлдӕр нӕй. Ӕмӕ сӕ Мӕ Фыды къухӕй аскъӕфын никӕй бон у. 30 Ӕз ӕмӕ Мӕ Фыд иу стӕм». 31 Иудейтӕ ногӕй фелвӕстой дуртӕ Йӕ амарыны тыххӕй. 32 Йесо сын загъта: «Ӕз уын бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ фенын кодтон Мӕ Фыдӕй. Уыдонӕй Мӕ кӕцыйы тыххӕй хъавут дуртӕй амарынмӕ?» 33 Иудейтӕ Йын дзуапп радтой: «Хорз хъуыддӕгты тыххӕй Дӕ нӕ хъавӕм дуртӕй амарынмӕ, фӕлӕ Ды, адӕймаг, Дӕхицӕй Хуыцау кӕй аразыс ӕмӕ уымӕй Хуыцауы кӕй фауыс, уый тыххӕй». 34 Йесо сын загъта: «Уӕ Ӕгъдауы афтӕ фыст нӕй: „Ӕз загътон: сымах хуыцӕуттӕ стут"? 35 Хуыцауы ныхас кӕмӕн лӕвӕрд уыд, кӕд Хуыцау уыдоны хуыцӕуттӕ схуыдта, ӕмӕ Сыгъдӕг Фыстӕн аивӕн нӕй, 36 Уӕд Фыд Кӕй сӕвзӕрста ӕмӕ дунемӕ Кӕй рарвыста, Уымӕн зӕгъут: „Хуыцауы фауыс", „Ӕз Хуыцауы Фырт дӕн" кӕй загътон, уый тыххӕй? 37 Мӕ Фыд цы хъуыддӕгтӕ кӕны, кӕд Ӕз дӕр уыцы хъуыддӕгтӕ нӕ кӕнын, уӕд Мыл ма ӕууӕндут. 38 Фӕлӕ кӕд Ӕз Мӕ Фыды хъуыддӕгтӕ кӕнын ӕмӕ Мыл уӕддӕр не 'ууӕндут, уӕд ӕууӕндут Мӕ хъуыддӕгтыл, Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн ӕмӕ Мӕ Фыд Мемӕ иу кӕй у, уый куыд базонат ӕмӕ бамбарат, афтӕ». 39 Уӕд та Йӕ ногӕй хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Уый сӕ къухы нӕ бафтыд. 40 Ӕмӕ та ногӕй ацыд Иорданы иннӕ фарсмӕ, Иоанн раздӕр кӕм аргъуыдта, уыцы бынатмӕ ӕмӕ уым фӕци иуцасдӕр. 41 Ӕрцыдис Ӕм бирӕ адӕм ӕмӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, Иоанн диссӕгтӕ нӕ равдыста, фӕлӕ ацы Адӕймаджы тыххӕй цыдӕриддӕр загъта, уый ӕцӕг у. 42 Ӕмӕ Йесойыл уым бирӕтӕ баууӕндыдысты.
