1 Байхъусут сымах, бонджынтӕ. Кӕут ӕмӕ дзыназут, цы бӕллӕхтӕ уӕ ӕрӕййафынц, уыдоны тыххӕй. 2 Уӕ мулк бамбыди, уӕ дарӕс уын бахордта рӕмпӕг. 3 Уӕ сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист сызгӕ сты, се згӕ уӕ ныхмӕ ӕвдисӕн уыдзӕн ӕмӕ уын артау бахӕрдзӕн уӕ буар. Рӕстӕджы кӕрон ӕрӕмбырд кодтат уӕ хӕзнатӕ! 4 Уӕ хуымтӕ уын чи ныккарста, уыцы кусджыты мызд уӕхи бакодтат, ӕмӕ уыдон ӕрдиаг кӕнынц хъӕлӕсыдзагӕй. Хор бафснайджыты ӕрдиаг сыхъуысти Хицау Саваофмӕ. 5 Сымах хъалӕй цардыстут зӕххыл, уӕ удыдзӕбӕхӕн; уӕхи снард кодтат, къӕсӕрмӕ чи ӕрбахӕццӕ, уӕ ӕргӕвдыны уыцы бонмӕ. 6 Сымах тӕрхон рахастат рӕстгӕнджытӕн ӕмӕ сӕ амардтат; уыдон уын ныхкъуырд нӕ лӕвӕрдтой. 7 Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, Хицауы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут фӕразонӕй. Мӕнӕ зӕхкусӕг фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы зӕххы зынаргъ бӕркадмӕ, цалынмӕ фӕззыгон ӕмӕ уалдзыгон уарынтӕ ӕрцӕуой, уӕдмӕ. 8 Фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсут сымах дӕр, фидар фӕлӕуут, уымӕн ӕмӕ Хицауы ӕрцыдмӕ бирӕ нал баззади. 9 Кӕрӕдзийӕ хъӕстаг ма ут, ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ тӕрхонгонд ма уат. Тӕрхонгӕнӕг ныридӕгӕн къӕсӕрыл лӕууы. 10 Ме 'фсымӕртӕ, Хицауы номӕй чи дзырдта, уыцы пехуымпартӕ хъизӕмӕрттӕн куыд фӕразон уыдысты, афтӕ фӕразон ут сымах дӕр. 11 Мах тӕхудиагыл нымайӕм, хъизӕмӕрттӕн чи бафӕрӕзта, уыдоны. Сымах фехъуыстат, Иов фӕразон кӕй разынд ӕмӕ йӕ Хицау ӕппынфӕстаг кӕй схорзӕхджын кодта, уый тыххӕй, ӕмӕ зонут, Хицау уарзӕгой ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый. 12 Уӕлдайдӕр, ме 'фсымӕртӕ, ма сомы кӕнут нӕдӕр арвӕй, нӕдӕр зӕххӕй, нӕдӕр ӕндӕр истӕмӕй. Фӕлӕ уӕ «о» хъуамӕ уа «о», уӕ «нӕ» та – «нӕ», ӕмӕ тӕрхонгонд ма уат. 13 Хъизӕмар уӕ исчи ӕвзары? Кувӕд. Хъӕлдзӕг уӕ исчи у? Зарӕд Хуыцауӕн. 14 Рынчын уӕ исчи у? Фӕдзурӕд аргъуаны хистӕртӕм. Уыдон ӕй Хицауы номыл байсӕрддзысты зетийӕ ӕмӕ йын скувдзысты. 15 Уырнындзинады мидӕг йӕ тых кӕмӕн ис, уыцы куывдӕй сдзӕбӕх уыдзӕн рынчын, ӕмӕ йӕ Хицау рабадын кӕндзӕн. Ӕмӕ кӕд тӕригъӕдты бафтыди рынчын, уӕд ын сӕ ныббарстӕуыдзӕн. 16 Уӕдӕ уӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кӕнут кӕрӕдзийӕн, кувут кӕрӕдзийы тыххӕй, ӕмӕ сӕнӕниз уат. Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывды бон бирӕ у. 17 Илиа мах хуызӕн адӕймаг уыди. Фӕлӕ уарын цӕмӕй ма уа, уый тыххӕй зӕрдиагӕй ракуырдта Хуыцауӕй, ӕмӕ ӕртӕ азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы зӕхмӕ иу ӕртах дӕр не 'рхауд. 18 Стӕй ногӕй куы бакуывта, уӕд арвӕй ӕрцыд уарын ӕмӕ зӕхх радта хор. 19 Ме 'фсымӕртӕ, исчи уӕ ӕцӕгадӕй куы адзӕгъӕл уа ӕмӕ йӕ иннӕ куы раздаха, 20 Уӕд зонӕд: чи адзӕгъӕл, ахӕм тӕригъӕдджыны раздахӕг ын мӕлӕтӕй фервӕзын кӕндзӕн йӕ уд, ӕмӕ барст ӕрцӕудзысты бирӕ тӕригъӕдтӕ.
