IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

Иаков 2 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Ме 'фсымӕртӕ, сымах нӕ намысджын Хицау Йесо Чырыстийыл ӕууӕндджытӕ стут ӕмӕ макӕй хъулон кӕнут.   2  Зӕгъӕм, уе 'мбырдмӕ бацыд адӕймаг сызгъӕрин къухдарӕнимӕ, зынаргъ дарӕсы. Бацыд мӕгуыр дӕр бызгъуыр дарӕсы.   3  Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, сымах уымӕ куы бакӕсат ӕмӕ йын куы зӕгъат: «Сбад ацы хорз бынаты», мӕгуырӕн та куы зӕгъат: «Ды уым слӕуу», кӕнӕ: «Ӕрбад ам, мӕ къӕхты раз»,   4  Уӕд, мыййаг, иуы иннӕмӕй нӕ уӕлдӕр кӕнут ӕмӕ галиу зондыл лӕуд тӕрхонгӕнджытӕ не свӕййут?   5  Байхъусут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Дунейы цӕсты гӕвзыкк чи у, уыдоны Хуыцау, мыййаг, нӕ сӕвзӕрста уырнындзинадӕй сӕ схъӕздыг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ Йӕ Паддзахадмӕ бахонынмӕ? Уыцы Паддзахадӕй Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн.   6  Сымах та мӕгуыры ницӕмӕ ӕрдардтат. Бонджынтӕ уӕ не ссӕндынц ӕмӕ уӕ тӕрхоны раз ӕнӕбары уыдон, мыййаг, не 'рлӕууын кӕнынц?   7  Сымахӕн цы кадджын ном рардӕуыд, ууыл цъыф, мыййаг, уыдон нӕ калынц?   8  Сыгъдӕг Фысты куыд загъд ис: «Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ», зӕгъгӕ, кӕд сымах Паддзахы уыцы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрут, уӕд раст кӕнут.   9  Фӕлӕ кӕд искӕй хъулон кӕнут, уӕд тӕригъӕды ӕфтаут уӕхи ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ стут ӕгъдаухалджытӕ.   10  Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт ӕгъдау чи ӕххӕст кӕны, уый йын йӕ домӕнтӕй искӕцыйы куы фӕкъуыхцы уа, уӕд, ӕнӕхъӕн ӕгъдау фехалӕгау, азымджын у.   11  «Ма хӕт» Чи загъта, «Ма амар» дӕр Уый загъта. Кӕд хӕтгӕ нӕ кӕныс, фӕлӕ искӕй марыс, уӕд ӕгъдаухалӕг дӕ.   12  Уӕ ныхас ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ нывыл хъуамӕ уой, уымӕн ӕмӕ уын сӕрибардӕттӕг ӕгъдау тӕрхон кӕндзӕн.   13  Тӕригъӕдгӕнаг чи нӕу, уымӕн тӕрхон тӕригъӕд нӕ зоны; тӕригъӕдгӕнагӕн тӕрхонӕй тас нӕу.   14  Ме 'фсымӕртӕ, кӕд исчи зӕгъы, уырнындзинад мӕм ис, зӕгъгӕ, йӕ хъуыддӕгтӕ та уырнындзинадмӕ гӕсгӕ не сты, уӕд ын уый цы пайда у? Ахӕм уырнындзинад ӕй фервӕзын кӕндзӕн?   15  Зӕгъӕм, де 'фсымӕр кӕнӕ дӕ хо сты бӕгънӕг ӕмӕ сӕм бонваг хойраг дӕр нӕй,   16  Ӕмӕ сын сымахӕй исчи куы зӕгъид: «Ацӕут фарнимӕ, уӕхи батавут ӕмӕ бахӕрут», фӕлӕ хъуаг цӕмӕй ӕййафынц, уый та сын куы нӕ раттид, уӕд уымӕй цы пайда ис?   17  Афтӕ уырнындзинад дӕр – хъуыддӕгтӕй ӕвдыст куы нӕ уа, уӕд мард у.   18  Фӕлӕ исчи зӕгъдзӕн: «Дӕумӕ уырнындзинад ис, мӕнмӕ та – хъуыддӕгтӕ». Фенын мын кӕн дӕ уырнындзинад ӕнӕ хъуыддӕгтӕй, ӕз та дын мӕ уырнындзинад мӕ хъуыддӕгтӕй равдисдзынӕн.   19  Дӕу уырны, Хуыцау иунӕг Хуыцау кӕй у, уый. Хорз кӕныс. Уый дӕлимонты дӕр уырны ӕмӕ ӕмризӕджы ризынц.   20  Фӕлӕ уырнындзинад ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард кӕй у, уый базонын дӕ фӕнды, ӕнӕзонд адӕймаг?   21  Нӕ фыдӕл Авраам йӕ фырт Исаакы нывондхӕссӕныл куы ӕрӕвӕрдта, уӕд Хуыцау Авраамы йӕ хъуыддӕгты фӕрцы не сраст кодта, ӕви?   22  Куыд уыныс, афтӕмӕй йӕ уырнындзинад ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм цыдысты, хъуыддӕгты фӕрцы йӕ уырнындзинад сси ӕнаипп.   23  Афтӕ сӕххӕст, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый: «Авраам баууӕндыди Хуыцауыл, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Хуыцау банымадта рӕстгӕнӕгыл». Ӕмӕ Авраамы схуындӕуыд Хуыцауы хӕлар.   24  Куыд уынут, афтӕмӕй Хуыцау адӕймаджы сраст кӕны ӕрмӕст уырнындзинады фӕрцы нӕ, фӕлӕ хъуыддӕгты фӕрцы дӕр.   25  Афтӕ хӕтагсыл Раав дӕр сгарджыты куы суазӕг кодта ӕмӕ сӕ ӕдас фӕндагыл куы арвыста, уӕд ӕй Хуыцау йӕ хъуыддӕгты фӕрцы не сраст кодта, ӕви?   26  Уӕдӕ буар ӕнӕ удӕй мард куыд у, афтӕ уырнындзинад дӕр ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у.