IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

Дзуттӕгтӕм 9 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Фыццаг фидыдӕн уыди йӕхи домӕнтӕ, Хуыцауӕн куыд кусын хъӕуы, уый тыххӕй, стӕй зӕххон кувӕндон – Сыгъдӕг Цатыр.   2  Цатыры фыццаг уат хуынди «Сыгъдӕг бынат». Сарӕзтӕйӕуыд афтӕ, ӕмӕ дзы уыди цырагъдарӕн, фынг ӕмӕ нывонд дзултӕ.   3  Дыккаг ӕмбӕрзӕны фӕстӕ та уыди, «Иууылсыгъдӕг» чи хуыйны, уыцы уат.   4  Уыди дзы сызгъӕрин будсудзӕн ӕмӕ фидыды Чырын, йеппӕт фӕрстыл дӕр – сызгъӕрин цъар. Йӕ мидӕг уыдысты сызгъӕрин къус маннӕимӕ, Аароны билцъӕфтыд лӕдзӕг ӕмӕ, фӕдзӕхстытӕ цы къӕйтыл фыст уыдысты, уыдон.   5  Чырыны сӕрмӕ та – херувимтӕ, Хуыцауы намыс уым кӕй ис, уый ӕвдисынӕн; сӕ дӕлбазыр уыди тӕригъӕдтӕ ныббарыны бынат. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй ныр бӕлвырд дзурын нӕ хъӕуы.   6  Ӕппӕт дӕр сарӕзтӕуыд афтӕ, ӕмӕ фыццаг уатмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ кӕддӕриддӕр цыдысты сауджынтӕ;   7  Дыккаг уатмӕ та – ӕрмӕстдӕр алчер афӕдз иу хатт тугимӕ, ӕмӕ-иу ӕй нывондӕн ӕрхаста йӕхи тӕригъӕдты, стӕй адӕм нӕзонгӕйӕ цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдоны тыххӕй.   8  Уымӕй Сыгъдӕг Уд ӕвдисы, зӕгъгӕ, цалынмӕ раздӕры Цатыр ис, уӕдмӕ Иууылсыгъдӕгмӕ бацӕуӕн нӕй.   9  Сыгъдӕг Цатыр фӕсномыгӕй абонмӕ амоны: Хуыцауӕн цы хуынтӕ ӕмӕ нывондтӕ хӕссынц, уыдон ницы ахъаз сты се 'рхӕсджыты ӕфсармы тӕрхонӕй фервӕзын кӕнынӕн.   10  Уыцы нывондтӕ хӕрды, нозты ӕмӕ буар ссыгъдӕджы ӕгъдӕуттимӕ ӕрмӕстдӕр сты, буармӕ чи хауы, ахӕм домӕнтӕ; уыдон ӕххӕстгӕнинаг уыдысты хуыздӕр уагӕвӕрды ӕрцыдмӕ.   11  Ныр та ӕрцыд Чырысти – ӕцӕг хорзӕхтӕ нын Чи ӕрхаста, уыцы Алчер, ӕмӕ бацыд ӕндӕр Цатырмӕ. Уыцы Цатыр у ахсджиагдӕр ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст; лӕджыкъухӕйконд нӕу, ома, нӕу ацы дунейӕ.   12  Сӕгъты ӕмӕ родты тугимӕ нӕ, фӕлӕ Йӕхи Тугимӕ иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ Чырысти бацыд Иууылсыгъдӕгмӕ, ӕмӕ нӕ мыггагмӕ фервӕзын кодта тӕригъӕды азымӕй.   13  Чи фӕчъизи, уыдон кӕд сӕгъты ӕмӕ галты туг, стӕй нывонд дыгӕрдыджы ӕртхутӕг бапырх кӕнынӕй ссыгъдӕг вӕййынц Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ,   14  Уӕд цас ӕмӕ цас тыхджындӕр у, мыггагмӕйы Уды фӕрцы Хуыцауӕн Йӕхи ӕнаипп нывондӕн Чи ӕрхаста, уыцы Чырыстийы Туг! Уыцы Туг мах фервӕзын кӕндзӕн ӕфсармы тӕрхонӕй – ныууадздзыстӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кусдзыстӕм цардӕгас Хуыцауӕн.   15  Уымӕ гӕсгӕ Чырысти у ног фидыды Ӕхсӕнылӕг, цӕмӕй мыггагмӕйы хорзӕхтӕ райсынмӕ хуындтытӕ фыццаг фидыды заман цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдон сын уой хатыргонд Йӕ мӕлӕты фӕрцы, ӕмӕ райсой, Хуыцау сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый.   16  Ӕмӕ кӕд ныстуан ис, уӕд хъуамӕ бӕлвырд уа, йӕ ныффыссӕг кӕй амард, уый.   17  Уымӕн ӕмӕ ныстуан йӕ тыхы бацӕуы, йӕ ныффыссӕг куы амӕлы, уӕд; цалынмӕ йӕ ныффыссӕг удӕгас у, уӕдмӕ йын тых нӕй.   18  Уымӕ гӕсгӕ фыццаг фидыд дӕр йӕ тыхы ӕнӕ тугӕй нӕ бацыд.   19  Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдауы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр Моисей ӕппӕт адӕмӕн куы фехъусын кодта, уӕд райста родты ӕмӕ сӕгъты туг донимӕ, стӕй сырх къуымбил, иссоп, ӕмӕ дзы бапырх кодта Ӕгъдауы чиныгыл ӕмӕ адӕмӕн сеппӕтыл дӕр.   20  Моисей загъта: «Уый у, Хуыцау уын кӕй коммӕ кӕсын бафӕдзӕхста, уыцы фидыды туг».   21  Уыцы тугӕй бапырх кодта Сыгъдӕг Цатыр дӕр, стӕй дзы Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн чи уыдис, ӕппӕт уыцы дзаумӕттӕ дӕр.   22  Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис ӕмӕ ӕппӕт дӕр сыгъдӕггонд цӕуы тугӕй, ӕмӕ туг куы нӕ акӕла, уӕд хатыр нӕй.   23  Уӕдӕ уӕларвы цы ис, уыдоны фӕлгонцтӕ хъуамӕ сыгъдӕггонд цӕуой уыцы нывондтӕй, уӕларвоны та хуыздӕр нывондтӕ хъӕуы.   24  Чырысти бацыд, ӕцӕг Иууылсыгъдӕджы фӕлгонц чи у, лӕджыкъухӕйконд ахӕм Иууылсыгъдӕгмӕ нӕ, фӕлӕ комкоммӕ уӕларвмӕ, цӕмӕй мах тыххӕй ӕрлӕууа Хуыцауы раз.   25  Алчер ӕрвылаз нывонды тугимӕ Иууылсыгъдӕгмӕ куыд цыдис, Йесо афтӕ нӕ бацыди Йӕхи бирӕ хӕттыты нывондӕн хӕссынмӕ.   26  Афтӕ куы уаид, уӕд Ӕй дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ бирӕ хӕттыты бахъуыдаид хъизӕмар кӕнын. Ныр та Уый ӕрцыд иу хатт, рӕстӕджы кӕронмӕ, тӕригъӕд фесафыны сӕраппонд Йӕхи нывондӕн ӕрхӕссынмӕ.   27  Адӕймагӕн иу хатт амӕлын, стӕй та тӕрхоны раз ӕрлӕууын куыд ӕмбӕлы,   28  Афтӕ Чырысти дӕр бирӕты тӕригъӕдтӕ Йӕхимӕ райсыны сӕраппонд иу хатт Йӕхи ӕрхаста нывондӕн; дыккаг хатт та ӕрцӕудзӕн тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ Йӕм ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы, уыдоны фервӕзын кӕнынмӕ.