1 Уӕдӕ Хуыцауы фӕлладуадзӕнмӕ бацӕуыны тыххӕй зӕрдӕвӕрд цалынмӕ йӕ тыхы ис, уӕдмӕ тӕрсӕм, цӕмӕй сымахӕй уыцы фӕлладуадзӕнӕй ӕнӕхай мачи фӕуа. 2 Уымӕн ӕмӕ фарны уац уыдон куыд фехъуыстой, мах дӕр ӕй афтӕ фехъуыстам. Фӕлӕ цы ныхас фехъуыстой, уый сын пайда не 'рхаста, уымӕн ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдысты. 3 Мах та йыл баууӕндыдыстӕм ӕмӕ цӕуӕм Хуыцауы фӕлладуадзӕнмӕ, Уый куыд загъта, афтӕ: «Ӕз мӕстӕлгъӕдӕй расомы кодтон: уыдон Мӕ фӕлладуадзӕнмӕ никуы бацӕудзысты». Хуыцау та Йӕ хъуыддӕгтӕ арӕзт фӕци, дуне куы сфӕлдыста, уӕд. 4 Уымӕн ӕмӕ ӕвдӕм боны тыххӕй кӕмдӕр афтӕ загъд у: «Ӕмӕ ӕвдӕм бон Хуыцау ӕрӕнцад Йеппӕт хъуыддӕгтӕй». 5 Уыимӕ ма ноджыдӕр загъд у: «Уыдон Мӕ фӕлладуадзӕнмӕ никуы бацӕудзысты». 6 Уӕдӕ ма йӕм чидӕртӕ хъуамӕ бацӕуой. Раздӕр фарны уац чи фехъуыста, уыдон сӕ хивӕнды аххосӕй кӕй нӕ бацыдысты, 7 Уымӕ гӕсгӕ ма Хуыцау ноджыдӕр дӕтты бӕлвырд афон – «абон». Уый тыххӕй бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ загъта Давиды дзыхӕй, уӕлдӕр куыд загъд у, афтӕ: «Абон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат, уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут». 8 Нуны фырт Йесо сын ӕнцой куы ӕрхастаид, уӕд уый фӕстӕ Хуыцау ӕндӕр боны тыххӕй нал загътаид. 9 Уӕдӕ Хуыцауы адӕмӕн нырма ӕрцӕудзӕни фӕлладуадзӕн сабат. 10 Хуыцауы фӕлладуадзӕнмӕ чи бацыд, уый йӕхӕдӕг дӕр ӕрӕнцад йӕ хъуыддӕгтӕй, Хуыцау Йӕ хъуыддӕгтӕй куыд ӕрӕнцад, афтӕ. 11 Уӕдӕ бацархайӕм уыцы фӕлладуадзӕнмӕ бацӕуыныл, цӕмӕй мачи бафӕзма хивӕндты ӕмӕ сӕ хал ма ахӕра. 12 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхас у цӕрдуд ӕмӕ хъомысджын, цавӕрфӕнды дыком цирхъӕй цыргъдӕр: уый ахъары афтӕ, ӕмӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕны зӕрдӕ ӕмӕ уд, ӕрхӕджытӕ ӕмӕ стджыты магъз, тӕрхон кӕны сусӕг фӕндтӕ ӕмӕ хъуыдытӕн. 13 Ӕмӕ Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй Дзы сусӕг ничи у. Ӕппӕт дӕр Ын ӕргом у – дзуапп Уымӕн ратдзыстӕм. 14 Уӕдӕ махӕн ис, уӕлӕрвтыл Чи ахызти, уыцы стыр Алчер Йесо, Хуыцауы Фырт, ӕмӕ фидар ныххӕцӕм, ӕргомӕй цӕуыл ӕууӕндӕм, ууыл. 15 Нӕ Алчер ахӕм нӕу, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын Чи нӕ бамбара, уымӕн ӕмӕ Уый дӕр, махау, бавзӕрста ӕппӕт фӕлварӕнтӕ, фӕлӕ тӕригъӕд нӕ ракодта. 16 Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй балӕууӕм, хорзӕх кӕцӕй цӕуы, Хуыцауы уыцы бадӕны раз, цӕмӕй нын уа хатыр ӕмӕ бахъуаджы рӕстӕг ӕххуысӕн райсӕм хорзӕх.
