IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

Галатӕгтӕм 2 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Фӕстӕдӕр, цыппӕрдӕс азы фӕстӕ, Варнавӕимӕ ногӕй ацыдтӕн Иерусалиммӕ, Титы дӕр акодтон немӕ.   2  Уырдӕм ацӕуын мын Хуыцауӕй раргом; ӕмӕ уым радзырдтон, муртаттӕн цы фарны уац хъусын кӕнын, уый тыххӕй, хицӕнӕй та ма – дзырддзӕугӕтӕн дӕр, цӕмӕй ма рауайа афтӕ, ӕмӕ ӕз дзӕгъӕлы фӕкуыстон кӕнӕ дзӕгъӕлы кусын.   3  Ме 'мбӕлццон Тит бердзенаг уыди, фӕлӕ уымӕй дӕр сунӕт скӕнын нӕ домдтой,   4  Кӕд нӕм мӕнгӕфсымӕртӕ куыддӕрты ӕрбаирвӕзтысты, уӕддӕр. Уыдон нӕм сӕхи ӕрбайстой, Чырыстиимӕ иу кӕй стӕм, уый руаджы нын цы сӕрибар ис, уымӕ сусӕгӕй цӕст дарынмӕ ӕмӕ махӕй цагъартӕ скӕнынмӕ.   5  Фӕлӕ сын мах нӕ басастыстӕм ӕмӕ иу сахаты бӕрц дӕр нӕ бахаудтам сӕ дӕлбар, цӕмӕй уӕм фарны уацы ӕцӕгад баззайа сыгъдӕгӕй.   6  Дзырддзӕугӕтыл нымад чи уыди – кӕдфӕнды-цыфӕнды сгуыхт ма уой, мӕнӕн уӕлдай нӕу, Хуыцау никӕй хъулон кӕны – уыдон мӕ фарны уацыл ницы бафтыдтой.   7  Уый нӕ, фӕлӕ федтой, мӕнӕн баргонд кӕй у ӕнӕсунӕтгӕндтӕн фарны уац хъусын кӕнын, сунӕтгӕндтӕн хъусын кӕнын Петрӕн куыд баргонд у, афтӕ.   8  Уымӕн ӕмӕ сунӕтгӕндтӕн Петры апостолӕй Чи сӕвӕрдта, мӕн дӕр муртаттӕн апостолӕй Уый сӕвӕрдта.   9  Ӕмӕ мын Хуыцау цы хорзӕх радта, уый куы базыдтой, уӕд Иаков, Кифӕ ӕмӕ Иоанн – аргъуаны цӕджындзтыл кӕй нымайынц, уыдон – немӕ ӕмгуысты нысанӕн мӕнӕн ӕмӕ Варнавӕйӕн райстой нӕ къухтӕ, цӕмӕй мах ацӕуӕм муртаттӕм, уыдон та – сунӕтгӕндтӕм.   10  Ӕрмӕст куырдтой, цӕмӕй ма рох кӕнӕм мӕгуырты, ӕмӕ ӕз бацархайдтон афтӕ бакӕныныл.   11  Фӕлӕ Кифӕ Антиохимӕ куы ӕрцыд, уӕд ӕз комкоммӕ радзырдтон йӕ ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ раст нӕ бакодта.   12  Иаковы ӕрвыст лӕгты ӕрцыды агъоммӕ Кифӕ муртаттимӕ бадтис иу фынгыл. Фӕлӕ уыдон куы ӕрцыдысты, уӕд, сунӕтгӕндтӕй кӕй тарсти, уымӕ гӕсгӕ байдыдта муртаттӕй йӕхи иуварс ласын.   13  Йемӕ цӕстмӕмитӕ кодтой иннӕ иудейтӕ дӕр, суанг ма сӕ Варнавӕ дӕр бафӕзмыдта.   14  Фӕлӕ уыдон фарны уацы ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ сӕхи кӕй нӕ дарынц, уый куы федтон, уӕд сеппӕты раз Кифӕйӕн загътон: «Кӕд ды, иудей, иудейау нӕ, фӕлӕ муртатау цӕрыс, уӕд муртатты иудейаг цардӕй цӕрыныл цӕмӕн ӕфтауыс?»   15  Мах муртаттӕй рацӕуӕг тӕригъӕдджынтӕ не стӕм – туг-стӕгӕй стӕм иудейтӕ.   16  Фӕлӕ мах зонӕм, Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕни, фӕлӕ ӕрмӕст Йесо Чырыстийыл ӕууӕндынӕй. Уымӕ гӕсгӕ мах баууӕндыдыстӕм Йесо Чырыстийыл, цӕмӕй сраст уӕм Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны фӕрцы нӕ, фӕлӕ Чырыстийыл ӕууӕндынӕй. Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны фӕрцы Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕни.   17  Кӕд Чырыстийы фӕрцы тырнӕм нӕхи сраст кӕнынмӕ, ӕмӕ уӕддӕр тӕригъӕдджынтӕ стӕм, уӕд уый, мыййаг, афтӕ амоны, ӕмӕ Чырысти тӕригъӕдӕн кусӕг у? Ницы хуызы!   18  Уымӕн ӕмӕ цы фехӕлдтон, уый кӕд ногӕй аразын, уӕд мӕхи ӕгъдаухалӕджы бынаты ӕвӕрын.   19  Ӕгъдауы фӕрцы ӕз амардтӕн Ӕгъдауӕн, цӕмӕй цӕрон Хуыцауӕн. Ӕз тыгъд ӕрцыдтӕн Чырыстиимӕ.   20  Ӕмӕ ныр ӕз нал цӕрын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕйы цӕры Чырысти. Ӕмӕ нырма кӕд мӕ буары цӕрын, уӕд цӕрын ӕрмӕстдӕр, Чи мӕ бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй Йӕхи нывондӕн Чи ӕрхаста, Хуыцауы уыцы Фыртыл ӕууӕндынӕй.   21  Ӕз мӕхи нӕ тигъ кӕнын Хуыцауы хорзӕхыл. Уымӕн ӕмӕ адӕймаджы кӕд Ӕгъдау раст кӕны, уӕд Чырысти дзӕгъӕлы амард.