1 Фӕнды мӕ, цӕмӕй зонат, уӕ сӕраппонд, стӕй лаодикиӕгты ӕмӕ мӕ лӕгӕй-лӕгмӕ чи нӕ зоны, уыдоны сӕраппонд дӕр куыд бирӕ кусын, уый. 2 Ӕз тырнын, цӕмӕй уат ныфсджын, уарзондзинад уӕ бӕтта кӕрӕдзийыл, хъӕздыг уат, ӕцӕгадыл ӕнӕгуырысхойӕ кӕй ӕууӕндут ӕмӕ йӕ ӕххӕстӕй кӕй ӕмбарут, уымӕй. Ӕмӕ уӕд зондзыстут Хуыцауы сусӕгдзинад – Чырыстийы. 3 Зонды ӕмӕ зонынады ӕппӕт арфӕвӕрд хӕзнатӕ Чырыстимӕ сты. 4 Ӕз уын уыдӕтты тыххӕй уымӕн зӕгъын, цӕмӕй уӕ мачи асайа къӕбӕлдзыг ныхӕстӕй. 5 Уымӕн ӕмӕ мӕхӕдӕг уемӕ нӕ дӕн, фӕлӕ мӕ уд уемӕ ис, ӕмӕ цин кӕнын, уӕ цард нывыл кӕй у ӕмӕ Чырыстийыл фидарӕй кӕй ӕууӕндут, ууыл. 6 Уӕдӕ Хицау Йесо Чырыстийыл зӕрдиагӕй куыд баууӕндыдыстут, афтӕ ут Йемӕ ӕмӕ Йын уӕ цард уӕд фӕндон. 7 Куыд уын бацамындӕуыд, афтӕ Йӕ скӕнут уӕ царды бындур, рӕзӕд уӕ уырнындзинад, ӕмӕ кӕддӕриддӕр ут бузныг. 8 Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи асайа ӕнӕпайда ӕмӕ гӕдыбыд ахуырӕдтӕй. Уыдонӕн сӕ бындур Чырысти нӕу, фӕлӕ дунейы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ адӕмы таурӕгътӕ. 9 Адӕймаджы буар Йӕ уӕлӕ Чи скодта, уыцы Чырыстимӕ сты Хуыцауы ӕппӕт миниуджытӕ. 10 Чырыстиимӕ иугондӕй сымах ӕххӕст стут ӕппӕтӕй дӕр. Уый лӕууы ӕппӕт уӕларвон ӕлдӕртты ӕмӕ барджынты сӕргъы. 11 Сымах баиу стут Чырыстиимӕ, ӕмӕ ӕрцыдыстут сунӕтгонд. Уыцы сунӕт уын скодта адӕймаг нӕ, фӕлӕ Чырысти, ӕмӕ афтӕмӕй фервӕзтыстут тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй – 12 Аргъуыды рӕстӕг Чырыстиимӕ ӕрцыдыстут ныгӕд ӕмӕ, Йесойы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг Хуыцауы тыхыл ӕууӕндгӕйӕ, райгас стут Йемӕ. 13 Сымах уӕ тӕригъӕдты ӕмӕ уӕ ӕнӕсунӕт ӕрдзыхъӕды аххосӕй уыдыстут мард, фӕлӕ уӕ Хуыцау райгас кодта Чырыстиимӕ. Хуыцау нын ныббарста неппӕт тӕригъӕдтӕ дӕр, 14 Аивта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ ныхмӕ чи уыди, нӕ хӕсты уыцы номхыгъд, скодта йын кӕрон – байтыгъта йӕ дзуарыл. 15 Ӕнӕбуар ӕлдӕрттӕн ӕмӕ барджынтӕн байста сӕ хотыхтӕ, фӕуӕлахиз сыл дзуарӕй ӕмӕ дунейӕн равдыста, уыдоны ӕгадмӕ кӕй ӕртардта, уый. 16 Уӕдӕ уын мачи тӕрхон кӕнӕд, цы хӕрут ӕмӕ цы нуазут, стӕй иставӕр бӕрӕгбон, мӕйноджы бӕрӕгбон кӕнӕ сабат кӕй нӕ бӕрӕг кӕнут, уый тыххӕй. 17 Уыдӕттӕ сты, фидӕны цы хъуамӕ ӕрцыдаид, уымӕн йӕ аууон. Цы ӕрцыд, уый та Чырысти у. 18 Се 'нӕхъуаджы сӕрныллӕгӕй ӕмӕ зӕдтӕн кувынӕй зӕрдӕрухс чи у, уыдонӕй уӕ исчи уӕ хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай ма фӕкӕнӕд. Уыдонӕн сӕ дины бындур мӕнг цӕстылуайӕнтӕ сты. Ахӕмтӕ дзӕгъӕлы сӕрыстыр сты сӕ зӕххон зондӕй. 19 Уыдон Чырыстийыл, буары Сӕрыл, хӕст не сты. Буарӕн ӕппӕт дӕр дӕтты Чырысти – буар кӕрӕдзийыл ӕнгом хӕцы нуӕрттӕ ӕмӕ уӕнгбӕттӕнты фӕрцы, ӕмӕ рӕзы Хуыцауӕн фӕндиагӕй. 20 Кӕд сымах Чырыстиимӕ амардыстут ӕмӕ а дунейы ӕгъдӕуттӕй ссӕрибар стут, уӕд ма, цыма дунейы цӕрут, уыйау цӕмӕн кӕсут уыдоны коммӕ: 21 «Дӕ къухмӕ йӕ ма райс!», «Ма дзы бахӕр!», «Ма йыл бандзӕв!»? 22 Уыцы ӕгъдӕуттӕ цӕуыл дзурынц, ӕппӕт уыдӕттӕ нал фӕбӕззынц се спайда кӕныны фӕстӕ. Уыдон иууылдӕр сты адӕмы ӕрхъуыдыгонд фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ ахуырӕдтӕ. 23 Ахӕм уагӕвӕрдтӕ ӕрхъуыдыгонд динимӕ, ӕгӕр сӕрныллӕгимӕ ӕмӕ буар ӕнӕхъуаджы домынимӕ ӕддаг бакастӕй зондджын зынынц, ӕцӕгӕй та тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдыл сӕ бон нӕ цӕуы.
