IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

Апостолты хъуыддӕгтӕ 8 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Стефаны кӕй амардтой, уый Савл растыл нымадта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ тынг ӕфхӕрын райдыдтой Иерусалимы аргъуаны уӕнгты. Ӕмӕ апостолтӕй фӕстӕмӕ сеппӕт дӕр ныххӕлиу сты Иудейӕ ӕмӕ Самарийы алы къуымты.   2  Стефаны та баныгӕдтой Хуыцауыл ӕнувыд лӕгтӕ ӕмӕ йыл тынг фӕкуыдтой.   3  Савл карз тох райдыдта аргъуаны ныхмӕ, цыдис хӕдзари-хӕдзар, ахста уырнӕг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ӕмӕ-иу сӕ радта ахӕстонмӕ.   4  Чи ныххӕлиу, уыцы уырнджытӕ уӕдмӕ цыдысты ӕмӕ хъусын кодтой фарны уац.   5  Афтӕ Филипп ӕрцыд самариаг сахармӕ ӕмӕ адӕмӕн дзырдта Чырыстийы тыххӕй.   6  Филипп цы диссӕгтӕ кодта, уыдонмӕ касти бирӕ адӕм ӕмӕ йӕм хъуыстой лӕмбынӕг.   7  Бирӕ хӕйрӕджджынтӕй ӕнӕзӕгъинӕгтӕ рацыдысты хъӕргӕнгӕ, бирӕ уӕнгмӕрдтӕ ӕмӕ цӕнкуылтӕ сӕнӕниз сты.   8  Ӕмӕ сахары цӕрджыты цинӕн кӕрон нал уыд.   9  Сахары царди иу кӕлӕнгӕнӕг адӕймаг, йӕ ном – Симон. Уый рагӕй йӕ кӕлӕнтӕй дисы ӕфтыдта самариӕгты; йӕхицӕй стыр цыдӕр арӕзта.   10  Хъуыстой йӕм стырӕй-чысылмӕ ӕмӕ дзырдтой: «Ацы адӕймагмӕ ис, Стыр кӕй хуындӕуы, Хуыцауы уыцы тых».   11  Хъусгӕ та йӕм уымӕн кодтой, ӕмӕ сӕ бирӕ рӕстӕджы дӕргъы дисы ӕфтыдта йӕ кӕлӕнтӕй.   12  Фӕлӕ сын Филипп Хуыцауы Паддзахады ӕмӕ Йесо Чырыстийы номы тыххӕй уац куы фехъусын кодта, уӕд ыл баууӕндыдысты, ӕмӕ саргъуыдӕуыд нӕлгоймӕгтыл дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтыл дӕр.   13  Баууӕндыд Симон йӕхӕдӕг дӕр, райста аргъуыд ӕмӕ иудадзыг уыд Филиппимӕ; дис кодта, цы стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ федта, уыдоныл.   14  Апостолтӕ Иерусалимы куы фехъуыстой, самариӕгтӕ Хуыцауы ныхасыл баууӕндыдысты, зӕгъгӕ, уӕд сӕм арвыстой Петр ӕмӕ Иоанны.   15  Петр ӕмӕ сӕм Иоанн куы ӕрцыдысты, уӕд бакуывтой, цӕмӕй самариӕгтӕ схайджын уой Сыгъдӕг Удӕй.   16  Уымӕн ӕмӕ дзы иу дӕр нӕма схайджын Сыгъдӕг Удӕй – ӕрмӕстдӕр сыл саргъуыдӕуыд Хицау Йесойы номыл.   17  Петр ӕмӕ Иоанн сыл ӕрӕвӕрдтой сӕ къухтӕ ӕмӕ уыдон схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй.   18  Апостолты къухты ӕрӕвӕрдӕй адӕм Сыгъдӕг Удӕй кӕй схайджын сты, уый Симон куы федта, уӕд апостолтӕн ӕрбахаста ӕхца,   19  Ӕмӕ загъта: «Раттут мӕнӕн дӕр тых, цӕмӕй-иу ӕз дӕр мӕ къухтӕ кӕуыл ӕрӕвӕрон, уый схайджын уа Сыгъдӕг Удӕй».   20  Петр ын дзуапп радта: «Де 'хца демӕ фесӕфӕд, уымӕн ӕмӕ афтӕ банхъӕлдтай, Хуыцауы хорзӕхӕн ӕхцайӕ балхӕнӕн ис, зӕгъгӕ.   21  Ахӕм куысты бацӕуыны аккаг нӕ дӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы раз дӕ зӕрдӕ раст нӕу.   22  Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ ацы тӕригъӕдыл, кув Хицаумӕ ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕйы фыдвӕнд, чи зоны, ӕмӕ ныххатыр кӕна.   23  Уымӕн ӕмӕ ӕз уынын: ды маргӕй дзаг дӕ, бахаудтӕ тӕригъӕды уацары».   24  Уӕд Симон дзуапп радта: «Бакувут мӕн тыххӕй Хицаумӕ, ӕмӕ цы загътат, ахӕмӕй мыл мацы ӕрцӕуа».   25  Петр ӕмӕ Иоанн уым Йесойы тыххӕй куы фӕдзырдтой ӕмӕ Хицауы ныхас куы фӕцамыдтой, уӕд фӕстӕмӕ ацыдысты Иерусалиммӕ. Сӕ фӕндагыл бирӕ самариаг хъӕуты хъусын кодтой фарны уац.   26  Филиппӕн та Хуыцауы зӕд загъта: «Бавдӕл ӕмӕ ацу хуссармӕ, Иерусалимӕй Газӕмӕ цы фӕндаг цӕуы, уымӕ». (Уыцы фӕндаг ӕдзӕрӕг у.)   27  Ӕмӕ Филипп араст. Уыцы рӕстӕг сӕхимӕ здӕхти кандакийы, ома, эфиопаг ус-паддзахы, евнух стыр хицау – йӕ хӕзнадар. Хуыцаумӕ бакувыны тыххӕй уыд Иерусалимы.   28  Бадти йӕ къареты ӕмӕ касти Исай-пехуымпары чиныджы.   29  Сыгъдӕг Уд Филиппӕн загъта: «Баййаф уыцы къарет ӕмӕ цу йӕ фарсмӕ».   30  Филипп базгъордта къареты цурмӕ ӕмӕ, Исайы чиныджы эфиопаг куыд касти, уый куы фехъуыста, уӕд ӕй бафарста: «Цы кӕсыс, уый ӕмбарыс?»   31  Уый дзуапп радта: «Исчи мын ӕй куы нӕ бацамона, уӕд ӕй куыд хъуамӕ бамбарон?» Ӕмӕ ӕрхатыди Филиппмӕ, цӕмӕй схиза къаретмӕ ӕмӕ сбада йӕ фарсмӕ.   32  Сыгъдӕг Фысты эфиопаг касти мӕнӕ уыцы бынат: «Фысау Ӕй акодтой ӕргӕвдынмӕ, ӕмӕ уӕрыччы куы фелвынынц, уӕд куыд ныссабыр вӕййы, афтӕ Дзы иу сыбыртт дӕр нӕ райхъуыст.   33  Бафхӕрдтой Йӕ, раст тӕрхон Ын нӕ рахастой. Йӕ байзӕддӕгты тыххӕй Йын ничи ницы зоны, уымӕн ӕмӕ Йӕ цард зӕххыл фӕци».   34  Евнух бафарста Филиппы: «Курын дӕ, ӕмӕ мын зӕгъ: пехуымпар афтӕ кӕй тыххӕй зӕгъы? Йӕхи тыххӕй ӕви ӕндӕр искӕй тыххӕй?»   35  Филипп бавнӕлдта амонынмӕ. Райдыдта Сыгъдӕг Фысты уыцы бынатӕй ӕмӕ йын дзырдта фарны уац Йесойы тыххӕй.   36  Сӕ фӕндаг даргӕйӕ, ӕрбахӕццӕ сты донмӕ. Евнух загъта: «Мӕнӕ дон, саргъауынӕн мӕ цы къуылымпы кӕны?»   37  [Филипп ын дзуапп радта: «Кӕд зӕрдиагӕй ӕууӕндыс, уӕд дыл саргъауӕн ис». Евнух загъта: «Ӕууӕндын, Йесо Чырысти Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл».]   38  Евнух радта къарет бауромыны бардзырд. Сӕ дыууӕ дӕр, Филипп ӕмӕ евнух, ныххызтысты донмӕ ӕмӕ йыл Филипп саргъуыдта.   39  Донӕй куы рахызтысты, уӕд Филиппы фелвӕста Хуыцауы Уд, ӕмӕ йӕ евнух нал федта. Зӕрдӕрухсӕй дарддӕр цыд йӕ фӕндагыл.   40  Филипп та февзӕрд Азоты. Ацыд дарддӕр, ӕмӕ йӕ фӕндагыл ӕппӕт сахарты хъусын кодта фарны уац, цалынмӕ Кесаримӕ бахӕццӕ, уӕдмӕ.