1 Ахуыргӕнинӕгты нымӕцыл куы ӕфтыди, уӕд бердзенаг ӕвзагыл дзурӕг дзуттӕгтӕ райдыдтой хъуыр-хъуыр кӕнын бынӕттон дзуттӕгтыл, ӕрвылбоны ӕххуыс куы фӕдӕттынц, уӕд сын сӕ идӕдз сылгоймӕгты хъулон кӕнынц, зӕгъгӕ. 2 Уӕд дыууадӕс апостолы ӕрӕмбырд кодтой ӕппӕт ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ загътой: «Махӕн не 'мбӕлы Хуыцауы ныхас амонын ныууадзын ӕмӕ фынгӕвӕрдтыл тыхсын. 3 Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, уӕхицӕй сӕвзарут, Сыгъдӕг Удӕй хайджын, дзырддзӕугӕ ӕмӕ зондджын чи у, ахӕм авд лӕджы, ӕмӕ сӕ бафтауӕм уыцы куыстыл. 4 Нӕхӕдӕг та иудадзыг кувдзыстӕм ӕмӕ кусдзыстӕм Хуыцауы ныхас хӕлиу кӕныныл». 5 Уыцы фӕндон фӕцыд сеппӕты зӕрдӕмӕ дӕр ӕмӕ сӕвзӕрстой Стефаны, уырнындзинад ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй хайджын лӕджы, Филиппы, Прохоры, Никаноры, Тимоны, Пармены, стӕй муртаттӕй иудейаг динмӕ ӕрцӕуӕг антиохиаг Николайы. 6 Ӕркодтой сӕ апостолтӕм. Апостолтӕ сын бакуывтой ӕмӕ сыл ӕрӕвӕрдтой сӕ къухтӕ. 7 Парахат кодта Хуыцауы ныхас, Иерусалимы дзӕвгар ӕфтыд ахуыргӕнинӕгты нымӕцыл; сауджынтӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты Чырыстийыл. 8 Стефан та, Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ хъаруйӕ хайджынӕй, адӕмы раз кодта стыр диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ. 9 Цавӕрдӕр кириниӕгтӕ ӕмӕ александриӕгтӕ – «Сӕрибар райсджыты» синагогӕ кӕй хуыдтой, уырдӕм цӕуджытӕ, стӕй ма Киликийӕ ӕмӕ Асийӕ чидӕртӕ быцӕуы бацыдысты Стефанимӕ. 10 Фӕлӕ йӕ зонды ныхмӕ, стӕй Кӕй фӕрцы дзырдта, уыцы Сыгъдӕг Уды ныхмӕ фӕлӕууын сӕ бон нӕ уыд. 11 Уӕд кӕйдӕрты сардыдтой афтӕ зӕгъыныл: «Мах фехъуыстам, Моисейы ӕмӕ Хуыцауы куыд фаудта, уый». 12 Афтӕмӕй сызмӕстой адӕмы, хистӕрты ӕмӕ динамонджыты, ӕмӕ балӕбурдтой, ӕрцахстой Стефаны ӕмӕ йӕ акодтой синедрионмӕ. 13 Цы мӕнгӕвдисӕнты ӕрбахуыдтой, уыдон дзырдтой: «Ацы адӕймаг иудадзыг фауы ацы сыгъдӕг бынат ӕмӕ Моисейы Ӕгъдау. 14 Цы дзырдта, уый мах фехъуыстам: ацы Назаретаг Йесо, дам, ныппырх кӕндзӕн ацы бынат ӕмӕ аивдзӕн, Моисейы фӕрцы кӕй райстам, уыцы ӕгъдӕуттӕ». 15 Синедрионы чи бадти, уыдон сеппӕт дӕр сӕ цӕстытӕ ныссагътой Стефаны ӕмӕ федтой, йӕ цӕсгом зӕды цӕсгомау куыд ӕрттывта, уый.
