IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

Апостолты хъуыддӕгтӕ 4 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Петр ӕмӕ Иоанн адӕмимӕ куы ныхас кодтой, уӕд сӕм ӕрбацыдысты сауджынтӕ, Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицау ӕмӕ саддукейтӕ.   2  Мӕстӕй мардысты апостолтӕм, уымӕн ӕмӕ адӕмы ахуыр кодтой ӕмӕ дзырдтой, Йесо куыд райгас, мӕрдтӕ дӕр афтӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ.   3  Ӕмӕ сӕ ӕрцахстой ӕмӕ сӕ райсомы онг бакодтой ахӕстоны, уымӕн ӕмӕ баизӕр.   4  Апостолтӕм чи хъуыста, уыдонӕй та бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ ныр уырнджыты нымӕц уыди фондз мины бӕрц.   5  Дыккаг бон Иерусалимы ӕрӕмбырд сты иудейаг хицӕуттӕ, хистӕртӕ, динамонджытӕ,   6  Алчер Анна, Каиафӕ, Иоанн, Александр ӕмӕ алчеры иннӕ къабӕзтӕ.   7  Апостолты ӕрлӕууын кодтой сӕ разы ӕмӕ сӕ фарстой: «Уый цавӕр хъаруйӕ кӕнӕ кӕй номӕй бакодтат?»   8  Уӕд Петр схайджын Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ сын загъта: «Адӕмы хицӕуттӕ ӕмӕ хистӕртӕ!   9  Кӕд нӕ абон рынчын адӕймагӕн хорз ракӕныны ӕмӕ йе сдзӕбӕхы тыххӕй дзуапп домут,   10  Уӕд уеппӕтӕн дӕр ӕмӕ ӕгас Израилы адӕмӕн зындгонд уӕд: сымах Кӕй байтыгътат ӕмӕ Хуыцау мӕрдтӕй Кӕй райгас кодта, уыцы Назаретаг Йесо Чырыстийы номыл лӕууы ацы лӕг уӕ разы ӕнӕнизӕй.   11  „Сымах, аразджытӕ, кӕуыл нӕ барвӕссыдыстут, фӕлӕ сӕрӕвӕрӕн чи сси", Йесо уыцы дур у, ӕмӕ ӕндӕр ирвӕзынгӕнӕг нӕй.   12  Уымӕн ӕмӕ нӕ бон кӕй фӕрцы фервӕзын у, адӕмӕн ӕппӕт дунейы ӕндӕр ахӕм ном рард нӕу».   13  Петр ӕмӕ Иоанны иудейаг хицӕуттӕ ныфсджынӕй куы федтой, стӕй кӕй никуы ахуыр кодтой ӕмӕ хуымӕтӕг лӕгтӕ кӕй сты, уый куы бамбӕрстой, уӕд сеппӕт дӕр дисы бафтыдысты; уалынмӕ базыдтой, Йесоимӕ кӕй уыдысты, уый.   14  Фӕлӕ чи сдзӕбӕх, уыцы адӕймаджы уыдтой апостолтимӕ лӕугӕ, ӕмӕ сӕ ныхмӕ ницы зӕгъын уыд сӕ бон.   15  Радтой сын синедрионӕй ӕддӕмӕ рацӕуыны бардзырд ӕмӕ бавнӕлдтой уынаффӕ кӕнынмӕ:   16  «Цы бакӕнӕм ацы адӕмӕн? Ӕцӕг диссаг кӕй равдыстой, уый Иерусалимы ӕппӕт цӕрджытӕн зындгонд у, ӕмӕ йыл нӕ басӕттын нӕ бон нӕу.   17  Фӕлӕ уый адӕмыл тынгдӕр куыд нӕ айхъуыса, афтӕ сӕм бартхъирӕн кӕнӕм, цӕмӕй Йесойы номыл макӕмӕн дзурой».   18  Фӕдзырдтой сӕм ӕмӕ сын радтой уыцы номыл ӕппындӕр нӕ дзурыны ӕмӕ никӕй ахуыр кӕныны бардзырд.   19  Фӕлӕ сын Петр ӕмӕ Иоанн дзуапп радтой: «Ахъуыды-ма кӕнут, Хуыцауы коммӕ нӕ, фӕлӕ уӕ коммӕ кӕсын Хуыцаумӕ раст фӕкӕсдзӕн?   20  Цы федтам ӕмӕ фехъуыстам, уый тыххӕй нӕ дзурын нӕ бон нӕу».   21  Уыдон та сӕм бартхъирӕн кодтой ӕмӕ сӕ рауагътой. Апостолты бафхӕрыны амал сын нӕ уыди, уымӕн ӕмӕ, цы ӕрцыди, уый тыххӕй адӕм иууылдӕр кад кодтой Хуыцауӕн –   22  Йӕ низӕй ӕнахуыр ӕгъдауӕй цы адӕймаг сдзӕбӕх, ууыл дыууиссӕдз азӕй фылдӕр цыди.   23  Петр ӕмӕ Иоанны куы рауагътой, уӕд уыдон ӕрцыдысты сӕхионтӕм ӕмӕ радзырдтой, алчертӕ ӕмӕ сын адӕмы хистӕртӕ цы загътой, уый.   24  Уырнджытӕ сӕм куы байхъуыстой, уӕд ӕмзӕрдӕйӕ бакуывтой Хуыцаумӕ: «Дунедарӕг – арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уыдоны Сфӕлдисӕг!   25  Нӕ фыдӕл Давиды, Дӕ лӕггадгӕнӕджы, дзыхӕй Ды Сыгъдӕг Уды фӕрцы загътай: „Цӕмӕн змӕнтынц муртаттӕ, ӕмӕ адӕмтӕ цӕмӕн кӕнынц, кӕмӕй ницы рауайдзӕн, ахӕм фӕнд?   26  Ӕрлӕууыдысты хӕстӕввонгӕй зӕххон паддзӕхтӕ, ӕмӕ ӕлдӕрттӕ ӕрӕмбырд сты иумӕ Хуыцауы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы ныхмӕ".   27  Ӕмӕ ӕцӕгӕй Ирод ӕмӕ Понтий Пилат муртаттимӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ ӕрӕмбырд сты ацы сахары, Кӕй байсӕрстай, Дӕ уыцы сыгъдӕг Лӕггадгӕнӕг Йесойы ныхмӕ,   28  Цӕмӕй сӕххӕст кӕной, Дӕ хъомысмӕ ӕмӕ Дӕ фӕндмӕ гӕсгӕ рагагъоммӕ цы снысан кодтай, уый.   29  Ӕмӕ сын ныр, Хицау, ӕркӕс се 'ртхъирӕнтӕм ӕмӕ ратт ӕхсар Дӕ цагъартӕн, Дӕ ныхас тынг ныфсджынӕй куыд хъусын кӕной, афтӕ.   30  Дӕ къух радар, цӕмӕй Дӕ сыгъдӕг Лӕггадгӕнӕг Йесойы номӕй дзӕбӕх кӕной рынчынтӕ ӕмӕ ӕвдыстӕуа ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ».   31  Куы бакуывтой, уӕд нынкъуысти, кӕм уыдысты, уыцы бынат, сеппӕт дӕр схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ Хуыцауы ныхас дзырдтой ныфсджынӕй.   32  Цы бирӕ адӕм баууӕндыд, уыдон уыдысты ӕмзӕрдӕ ӕмӕ ӕмуд. Мӕ мулк мӕхи у, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыды сӕ никӕмӕ уыдис, алцыдӕр сын уыд иумӕйаг.   33  Апостолтӕ та стыр тыхимӕ ӕвдисӕн лӕууыдысты Хицау Йесойы райгасӕн, ӕмӕ сеппӕт дӕр Хуыцауы стыр хорзӕхӕй уыдысты хайджын.   34  Хъуаг чи ӕййӕфта, уырнджыты ӕхсӕн ахӕм нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ зӕхх ӕмӕ хӕдзӕрттӕ кӕмӕн уыд, уыдон сӕ уӕй кодтой, ӕмӕ-иу ӕхца   35  Радтой апостолтӕм; ӕмӕ ӕхцайӕ лӕвӕрдӕуыд алкӕмӕн дӕр йӕ хъуӕгтӕм гӕсгӕ.   36  Зӕгъӕм, апостолтӕ фӕсномыгӕй Варнавӕ (ома, Ныфсдӕттӕг) кӕй схуыдтой, уыцы кипраг левит Иосифӕн уыди зӕххы хай.   37  Ауӕй йӕ кодта, ӕрхаста ӕхца ӕмӕ йӕ радта апостолтӕм.