1 Кувыны афон, фарӕстӕм сахатыл, Петр ӕмӕ Иоанн фӕцӕйцыдысты Кувӕндонмӕ. 2 Рӕсугъд кӕй хуыдтой, Кувӕндоны уыцы кулдуары раз бадти, мады гуыбынӕй цӕнкуыл чи рахаста, ахӕм лӕг. Алы бон дӕр-иу ӕй ӕрхастой уырдӕм, ныууагътой-иу ӕй уым, ӕмӕ ӕхца куырдта Кувӕндонмӕ цӕуджытӕй. 3 Уый Петр ӕмӕ Иоанны Кувӕндонмӕ бацӕуӕны цур куы федта, уӕд сӕ куырдта ӕхца. 4 Петр ӕмӕ йӕм Иоанн ныккастысты ӕдзынӕг, ӕмӕ йын Петр загъта: «Ӕрбакӕс-ма нӕм». 5 Ӕмӕ сӕ уый дӕр, исты мын кӕд раттикой, зӕгъгӕ, йӕ цӕстытӕ ныссагъта. 6 Фӕлӕ йын Петр загъта: «Ӕвзист ӕмӕ мӕм сызгъӕрин нӕй, фӕлӕ дын дӕттын, цы мӕм ис, уый: Назаретаг Йесо Чырыстийы номыл сыст ӕмӕ райдай цӕуын». 7 Петр ын рахӕцыд йӕ рахиз къухыл ӕмӕ йӕ слӕууын кодта. Уайтӕккӕ сфидар сты йӕ дыууӕ фады ӕмӕ йӕ фадхъултӕ, 8 Фӕгӕпп ласта ӕмӕ райдыдта цӕуын. Семӕ бацыди Кувӕндонмӕ ӕмӕ, Хуыцауы стаугӕйӕ, рацу-бацу кодта гӕппытӕгӕнгӕ. 9 Куыд цыди ӕмӕ Хуыцауӕн куыд кад кодта, уый уыдтой ӕппӕт адӕм, 10 Ӕмӕ йӕ базыдтой – Кувӕндоны Рӕсугъд дуары цур мӕгуыргурӕй чи бадти, уыцы лӕг у. Цы йыл ӕрцыд, уый куы федтой, уӕд джихтӕ кодтой ӕмӕ дисы ӕфтыдысты. 11 Чи сдзӕбӕх, уыцы цӕнкуыл Петр ӕмӕ Иоанны фӕхибар куы нал уагъта, уӕд сӕм ӕппӕт адӕм дисгӕнгӕ ӕрбазгъордтой, Соломоны тыргъ кӕй хуыдтой, уырдӕм. 12 Петр уый куы федта, уӕд загъта адӕмӕн: «Израилӕгтӕ, цы йыл дис кӕнут, ӕмӕ нӕм цы ныккастыстут, цыма йӕ къӕхтыл кӕй цӕуы, уый нӕхи хъаруйӕ кӕнӕ, дингӕнджытӕ кӕй стӕм, уый руаджы бакодтам? 13 Авраамы, Исаакы ӕмӕ Иаковы Хуыцау, нӕ фыдӕлты Хуыцау, снамысджын кодта Йӕ Лӕггадгӕнӕджы – Йесо Чырыстийы. Сымах Ӕй радтат амарынмӕ, ӕмӕ Пилаты Йӕ рауадзын куы бафӕндыд, уӕд Ыл йӕ разы уӕхи атигъ кодтат. 14 Сыгъдӕгыл ӕмӕ Рӕстгӕнӕгыл уӕхи атигъ кодтат, ӕмӕ уӕхицӕн ракуырдтат лӕгмары, 15 Царддӕттӕджы та амардтат. Фӕлӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта, ӕмӕ мах уымӕн ӕвдисӕнтӕ стӕм. 16 Ӕмӕ Йесойыл ӕууӕндыны фӕрцы Йӕ ном сфидар кодта, сымах кӕй уынут ӕмӕ зонут, уыцы лӕджы. Йесо цы уырнындзинад дӕтты, уый йӕ уӕ разы бынтондӕр сӕнӕниз кодта. 17 Ӕниу, ме 'фсымӕртӕ, ӕз зонын, сымах дӕр, уӕ хицӕуттау, Йесойӕн афтӕ бакодтат, цы гӕнӕг стут, уый не 'мбаргӕйӕ. 18 Хуыцау Йеппӕт пехуымпарты дзыхӕй Йӕ Чырыстийы тухӕнты тыххӕй рагагъоммӕ куыд загъта, афтӕ Йӕ дзырд сӕххӕст кодта. 19 Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕнут, раздӕхут Хуыцаумӕ, цӕмӕй уын ныббарстӕуа уӕ тӕригъӕдтӕ. 20 Уӕд уын Хицау ратдзӕн рӕвдауыны рӕстӕг ӕмӕ уӕм рарвитдзӕн рагагъоммӕ уын ӕвзӕрст Чырыстийы – Йесойы. 21 Уый хъуамӕ уӕларвы уа, Хуыцау незаманы Йӕ сыгъдӕг пехуымпарты дзыхӕй куыд загъта, уымӕ гӕсгӕ цалынмӕ ӕппӕт дӕр сног кӕныны афон ралӕууа, уӕдмӕ. 22 Моисей загъта нӕ фыдӕлтӕн: „Уӕ Хицау Хуыцау мӕн куыд сӕвӕрдта, афтӕ уын уе 'фсымӕртӕй иуы скӕндзӕни Пехуымпар; ӕмӕ уын Уый цыдӕриддӕр зӕгъа, уымӕ-иу хъусут. 23 Уыцы Пехуымпармӕ чи нӕ байхъуса, уый фӕхъӕудзӕн Хуыцауы адӕмӕй". 24 Самуил ӕмӕ йӕ фӕстӕ иннӕ пехуымпартӕ дӕр иууылдӕр абоны тыххӕй дзырдтой. 25 Сымах стут пехуымпарты байзӕддаг ӕмӕ фидыды бындартӕ. Уыцы фидыд Хуыцау сарӕзта уӕ фыдӕлтимӕ, Авраамӕн мӕнӕ афтӕ куы загъта, уӕд: „Дӕ байзӕддаджы фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр". 26 Хуыцау Йӕ Лӕггадгӕнӕджы куы райгас кодта, уӕд Ӕй фыццаг сымахмӕ арвыста Йӕ хорзӕх уын раттынмӕ ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр йе 'взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын кӕнынмӕ».
