IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

Апостолты хъуыддӕгтӕ 26 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Агриппа загъта Павелӕн: «Ис дын дӕхи тыххӕй дзурыны бар». Уӕд Павел йӕ къух размӕ радардта ӕмӕ райдыдта йӕхи раст кӕнын:   2  «Паддзах Агриппа! Мӕхи нымайын амондджыныл, иудейтӕ мӕ цӕмӕйты зылын кӕнынц, ӕппӕт уыдӕттӕй дӕ разы абон мӕхи кӕй раст кӕнын, уымӕй.   3  Уӕлдайдӕр та уымӕн, ӕмӕ ды хорз зоныс иудейты ӕппӕт ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ дзырддаг фарстатӕ. Уымӕ гӕсгӕ дӕ курын фӕразонӕй мӕм байхъусын.   4  Ме 'взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ куыд цӕрын, уый иудейтӕ иууылдӕр зонынц. Тӕккӕ райдианӕй ӕз цардтӕн мӕ адӕмы ӕхсӕн ӕмӕ Иерусалимы.   5  Рагӕй мӕ зонынц, ӕмӕ сӕ куы бафӕнда, уӕд сӕ бон у ӕвдисӕн ныллӕууын, ӕз кӕй цардтӕн фарисейы цардӕй – нӕ дины тӕккӕ карздӕр къабазы домӕнтӕм гӕсгӕ.   6  Ӕмӕ абон тӕрхоны раз лӕууын, Хуыцау нӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕй мӕ ныфс кӕй ис, уый тыххӕй.   7  Уыцы зӕрдӕвӕрд кӕй райсдзысты, уымӕй ныфс ис нӕ дыууадӕс мыггаджы, ӕмӕ бонӕй-ӕхсӕвӕй зӕрдиагӕй кусынц Хуыцауӕн. Уыцы зӕрдӕдарӕны тыххӕй, паддзах, мӕн аххосджын кӕнынц иудейтӕ.   8  Хуыцау мӕрдты кӕй ӕгас кӕны, уый, ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хабарыл цӕмӕн нымайут?   9  Ӕз дӕр афтӕ ӕнхъӕл уыдтӕн, Назаретаг Йесойы номы ныхмӕ мын мӕ тых, мӕ бонӕй тохгӕнгӕ у.   10  Ӕмӕ уӕвгӕ дӕр афтӕ кодтон Иерусалимы. Алчертӕй бар райстон, афтӕмӕй бирӕ сыгъдӕджыты баппӕрстон ахӕстӕттӕм; мӕлӕты тӕрхон-иу сын куы хастой, уӕд-иу хъӕлӕс кодтон сӕ амарыныл.   11  Бирӕ хӕттыты сӕ ӕфхӕрдтон ӕппӕт синагогӕты, цӕмӕй сӕхи атигъ кӕной Йесойыл. Афтӕ уӕнгӕл мын уыдысты, ӕмӕ сӕ фӕдыл зылдтӕн суанг ӕцӕгӕлон сахарты дӕр.   12  Уый тыххӕй алчертӕй райстон бар, ӕмӕ сын сӕ фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнынмӕ араст дӕн Дамаскмӕ.   13  Ӕмбисбон фӕндагыл, паддзах, ӕз федтон, хуры рухсӕй тыхджындӕр чи уыди, мӕн ӕмӕ ме 'мбӕлццӕттыл чи ӕртыхст, ахӕм рухс уӕларвӕй.   14  Неппӕт дӕр ӕрхаудтам зӕххыл, ӕмӕ ӕз фехъуыстон, дзуттагау мын чи дзырдта, ахӕм хъӕлӕс: „Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс? Зын дын у цыргъ хъилы ныхмӕ бырсын".   15  Ӕз бафарстон: „Чи дӕ, Хицау?" Хицау загъта: „Ды Кӕй ӕфхӕрыс, уыцы Йесо дӕн.   16  Сыст ӕмӕ слӕуу дӕ къӕхтыл. Ӕз дӕм уымӕн фӕзындтӕн, цӕмӕй дӕ скӕнон Мӕ кусӕг, ӕмӕ ӕвдисӕн уай, цы федтай ӕмӕ ма дын ноджыдӕр цы раргом кӕндзынӕн, ӕппӕт уыдӕттӕн.   17  Ӕз дӕ бахиздзынӕн дӕхи адӕмӕй, стӕй муртаттӕй – Ӕз дӕ ӕрвитын уыдонмӕ,   18  Цӕмӕй байгом уой сӕ цӕстытӕ ӕмӕ рацӕуой талынгӕй рухсмӕ, хӕйрӕджы къухтӕй Хуыцаумӕ, Мӕныл ӕууӕндыны фӕрцы сын барст ӕрцӕуой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ райсой сӕ хай".   19  Уымӕ гӕсгӕ, паддзах Агриппа, уӕларвӕй мын цы раргом, уый коммӕ нӕ бакӕсын мӕ бон нӕ баци.   20  Фыццаг амыдтон Дамаскы цӕрджытӕн, уый фӕстӕ Иерусалимы цӕрджытӕн, стӕй ӕппӕт иудейаг бӕстӕйы ӕмӕ муртаттӕн, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной сӕ тӕригъӕдтыл, раздӕхой Хуыцаумӕ ӕмӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый ӕвдисой хорз хъуыддӕгтӕй.   21  Уый тыххӕй мӕ иудейтӕ ӕрцахстой Кувӕндоны, ӕмӕ мӕ хъавыдысты амарынмӕ.   22  Фӕлӕ абоны онг, Хуыцауы ӕххуысӕй, ӕнӕфӕцудгӕ лӕууын ӕмӕ дзурын хуымӕтӕг адӕмӕн дӕр ӕмӕ номдзыд адӕмӕн дӕр. Дзургӕ та кӕнын, пехуымпартӕ ӕмӕ Моисей рагагъоммӕ цы загътой, ӕрмӕстдӕр уый.   23  Ома, Чырысти фӕхъизӕмар кӕндзӕн, мӕрдтӕй фыццаг Уый райгас уыдзӕн, ӕрхӕсдзӕн рухс иудейаг адӕмӕн ӕмӕ муртаттӕн».   24  Павел йӕхи афтӕ куы раст кодта, уӕд Фест хъӕрӕй загъта: «Ды сӕрхъӕн дӕ, Павел! Фырахуырӕй дӕ зонд фӕцыд».   25  Павел дзуапп радта: «Нӕ, кадджын Фест, ӕз сӕрхъӕн нӕ дӕн, фӕлӕ зӕгъын, раст зондӕй чи цӕуы, ӕцӕгады уыцы ныхӕстӕ.   26  Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй зоны, ӕз ныфсджынӕй кӕй разы дзурын, уыцы паддзах. Мӕн нӕ уырны, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕй исты басусӕг уа паддзахӕй, уымӕн ӕмӕ фӕскъуым не 'рцыдысты.   27  Паддзах Агриппа, пехуымпартыл ӕууӕндыс ӕви нӕ? Кӕй сыл ӕууӕндыс, уый ӕз зонын».   28  Агриппа загъта Павелӕн: «Ӕгӕр тагъд мӕ нӕ чырыстон кӕныс?»   29  Павел загъта: «Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй тагъд уа ӕви ӕрӕгмӕ уа, ӕрмӕст ды нӕ, фӕлӕ мӕм абон чи хъусы, уыдон сеппӕт дӕр суой мӕ хуызӕттӕ, ӕрмӕст ӕнӕ рӕхыстӕй».   30  Павел афтӕ куы загъта, уӕд паддзах, бӕстӕйы хицау, Вереникӕ, стӕй семӕ чи бадт, уыдон иууылдӕр сыстадысты.   31  Фӕхибар сты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой, ацы адӕймаг амарыны кӕнӕ йӕ ахӕстоны дарыны аккагӕй ницы ракодта, зӕгъгӕ.   32  Агриппа загъта Фестӕн: «Кесӕры тӕрхон куы не 'рдомдтаид, уӕд ацы адӕймагӕн уаид суӕгъдгӕнӕн».