1 Аполлос Коринфы куы уыд, уыцы рӕстӕг Павел ахызт хӕхбӕстӕтыл ӕмӕ ӕрцыд Эфесмӕ. Ам фембӕлд цалдӕр ахуыргӕнинагимӕ 2 Ӕмӕ сӕ бафарста: «Куы баууӕндыдыстут, уӕд Сыгъдӕг Удӕй схайджын стут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Сыгъдӕг Уд ис ӕви нӕ, уый тыххӕй мах хъусгӕ дӕр нӕ фӕкодтам». 3 Уӕд сӕ бафарста: «Уӕдӕ уыл цавӕр аргъуыдӕй саргъуыдӕуыд?» Уыдон дзуапп радтой: «Иоанны аргъуыдӕй». 4 Павел загъта: «Иоанн аргъуыдта, тӕригъӕдтыл фӕсмон чи кодта, уыдоныл; дзырдта адӕмӕн, цӕмӕй баууӕндой, йӕ фӕстӕ Чи ӕрцӕуы, Ууыл, ома, Йесойыл». 5 Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд аргъуыд райстой Хицау Йесойы номыл. 6 Павел сыл йӕ къухтӕ куы ӕрӕвӕрдта, уӕд схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй, райдыдтой ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕнын. 7 Ӕдӕппӕтӕй уыдысты дыууадӕс лӕджы бӕрц. 8 Павел бацыд синагогӕмӕ; ӕртӕ мӕйы дӕргъы адӕмӕн ныфсджынӕй дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ сӕ ӕууӕндын кодта. 9 Фӕлӕ дзы иуӕй-иутӕ уыдысты хивӕнд, не 'ууӕндыдысты, ӕмӕ адӕмы раз фаудтой Хицауы фӕндаг. Уӕд сӕ Павел ныууагъта, рахицӕн кодта ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ ӕрвылбон амыдта цавӕрдӕр Тиранны скъолайы. 10 Афтӕ ахаста дыууӕ азы, ӕмӕ Асийы ӕппӕт цӕрджытӕ – иудейтӕ дӕр ӕмӕ бердзентӕ дӕр – фехъуыстой Хицауы ныхас. 11 Хуыцау Павелы фӕрцы ӕвдыста ӕнахуыр диссӕгтӕ. 12 Рынчынтыл-иу ӕрӕвӕрдтой Павелы къухмӕрзӕнтӕ ӕмӕ раздарӕнтӕ, ӕмӕ-иу сдзӕбӕх сты сӕ низтӕй, ӕнӕзӕгъинӕгтӕ-иу сӕ рацыдысты. 13 Иудейаг хӕтӕг дӕлимонсурджытӕй иуӕй-иутӕ дӕр бацархайдтой Хицау Йесойы номӕй пайда кӕныныл – хӕйрӕджджынтӕй дӕлимонты куы сырдтой, уӕд дзырдтой: «Бардзырд уын дӕттӕм, Павел Кӕй тыххӕй дзуры, уыцы Йесойы номӕй». 14 Афтӕ кодтой цавӕрдӕр иудейаг алчер Скевайы авд фырты дӕр. 15 Фӕлӕ сын ӕнӕзӕгъинаг загъта: «Йесойы зонын, Павел дӕр мын зындгонд у, сымах та чи стут?» 16 Уӕд ӕнӕзӕгъинаг кӕй мидӕг уыд, уыцы адӕймаг сыл йӕхи ныццавта, ахӕм над сын скодта, ӕмӕ уыцы хӕдзарӕй лидзӕг фесты бӕгънӕгӕй ӕмӕ хъӕдгӕмттимӕ. 17 Уыцы хабар айхъуыст Эфесы ӕппӕт цӕрджытыл – иудейтыл дӕр ӕмӕ бердзентыл дӕр, сеппӕты дӕр тас бацыд, ӕмӕ Хицау Йесойы ном кодта кадджынӕй-кадджындӕр. 18 Чи баууӕндыд, уыдонӕй бирӕтӕ цыдысты ӕмӕ ӕргом кодтой се 'взӕр митӕ. 19 Кӕлӕнгӕнджытӕй бирӕтӕ ӕрхастой иу ранмӕ сӕ чингуытӕ ӕмӕ сӕ басыгътой ӕппӕт адӕмы раз. Чингуыты аргъ куы банымадтой, уӕд рауад дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз мин драхмӕйы. 20 Афтӕ Хицауы ныхас кодта парахат ӕмӕ ахадгӕ. 21 Ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ Павелӕн йӕ зӕрдӕ загъта Македонийыл ӕмӕ Ахайыл Иерусалиммӕ ацӕуын. Павел загъта: «Иерусалимы фӕстӕ хъуамӕ бабӕрӕг кӕнон Ром дӕр». 22 Йӕ ӕххуысгӕнджытӕй дыууӕйы, Тимофейы ӕмӕ Эрасты, арвыста Македонимӕ, йӕхӕдӕг та рӕстӕгмӕ баззад Асийы. 23 Уыцы рӕстӕг рауад стыр змӕст Хицауы фӕндаджы ныхмӕ. 24 Иу зӕрингуырд, йӕ ном – Димитри, ӕвзистӕй кодта ус-хуыцау Артемидӕйы кувӕндӕттӕ, ӕмӕ уымӕй ӕрмдӕснытӕн лӕвӕрдта стыр ӕфтиаг райсыны фадат. 25 Димитри ӕрӕмбырд кодта уыдоны, стӕй ӕндӕр ахӕм ӕрмдӕсныты дӕр, ӕмӕ сын загъта: «Хорз адӕм, сымах зонут, нӕ къӕбӕр ацы куыстӕй аразгӕ кӕй у. 26 Сымах та уынут ӕмӕ хъусут, ӕрмӕст Эфесы нӕ, фӕлӕ ӕппӕт Асийы дӕр уыцы Павел кӕй асайдта бирӕ адӕмы – баууӕндын сӕ кодта, лӕджыкъухӕйконд хуыцӕуттӕ хуыцӕуттӕ не сты, зӕгъгӕ. 27 Махӕн дзы уымӕй тӕссаг у, ӕмӕ сӕгад уыдзӕн канд нӕ дӕсныйад нӕ, фӕлӕ ӕппындӕр цӕсты нал ахаддзӕн стыр ус-хуыцау Артемидӕйы кувӕндон дӕр; ӕмӕ йӕ ном нал нӕрдзӕн, ӕппӕт Аси ӕмӕ ӕппӕт дуне кӕмӕн кувынц, уыцы ус-хуыцауӕн». 28 Уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ маст рафыхт ӕмӕ хъӕр систой: «Стыр у Эфесаг Артемидӕ!» 29 Ӕгас сахар ӕддӕг-мидӕг сси. Адӕм ӕрцахстой Павелы македониаг ӕмбӕлццӕттӕ Гай ӕмӕ Аристархы, ӕмӕ ӕмудӕй ныггуылф ластой театрмӕ. 30 Павелы фӕндыд адӕммӕ рацӕуын, фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ бауагътой. 31 Асиаг хицӕуттӕй иуӕй-иутӕ – йӕ хӕлӕрттӕ – арвыстой Павелмӕ ӕмӕ дзы куырдтой, театрмӕ ма рацу, зӕгъгӕ. 32 Ныр адӕмӕй иутӕ иу хъӕр кодтой, иннӕтӕ та – ӕндӕр. Кӕрӕдзи нал ӕмбӕрстой, сӕ фылдӕр нӕ зыдтой, цӕй фӕдыл ӕрӕмбырд сты, уый. 33 Иудейтӕ Александры рацӕуын кодтой размӕ; адӕмӕй йын чидӕртӕ хъуыддаг бамбарын кодтой. Александр йӕ къухӕй ацамыдта ӕмӕ хъавыди дзыллӕйы раз йӕхиуӕтты сраст кӕнынмӕ. 34 Фӕлӕ иудей кӕй у, уый куы базыдтой, уӕд дыууӕ сахаты бӕрц ӕмхъӕлӕсӕй хъӕр кодтой: «Стыр у Эфесаг Артемидӕ!» 35 Сахары хицӕуттӕй иу ӕрсабыр кодта адӕмы ӕмӕ загъта: «Эфесӕгтӕ, чи нӕ зоны, Эфесы сахар стыр Артемидӕйы кувӕндонӕн ӕмӕ йӕ уӕларвӕй ӕрхаугӕ фӕлгонцӕн кусӕг кӕй у, уый? 36 Ӕмӕ кӕд уый дызӕрдыггаг нӕу, уӕд хъуамӕ уат сабыр ӕмӕ сӕртӕг митӕй уӕхи бахизат. 37 Сымах та ӕрбакодтат, кувӕндон дӕр чи нӕ фӕкъахта ӕмӕ нын нӕ ус-хуыцауы дӕр чи нӕ фаудта, уыцы лӕгты. 38 Кӕд Димитри ӕмӕ иннӕ ӕрмдӕснытӕ искӕуыл хъаст кӕнынц, уӕд ис тӕрхондӕттӕ, ис хицӕуттӕ – уырдӕм хъаст кӕнӕнт кӕрӕдзийыл. 39 Кӕд уын уый фаг нӕу, уӕд, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, фарстайӕн алыггӕнӕн ис адӕмон ӕмбырды. 40 Махӕн тӕссаг у, абон цы змӕст ӕрцыд, уый тыххӕй нӕ куы фӕзылын кӕной, уымӕй. Ацы змӕстӕн ӕфсон нӕй ӕмӕ нӕхи сраст кӕнын нӕ бон нӕ бауыдзӕн». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ ауагъта адӕмы.
