1 Павел бахӕццӕ Дервимӕ ӕмӕ Листрӕмӕ. Уым царди иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном – Тимофей. Йӕ мад уыди Йесойыл баууӕндӕг иудей, йӕ фыд та – бердзенаг. 2 Листрӕйы ӕмӕ Иконийы Тимофейӕ тынг ӕппӕлыдысты ӕфсымӕртӕ. 3 Павелы бафӕндыд Тимофейы йемӕ акӕнын. Уым цы иудейтӕ царди, уыдоны тыххӕй Тимофейӕн скодта сунӕт, уымӕн ӕмӕ сеппӕт дӕр зыдтой, йӕ фыд бердзенаг кӕй уыд, уый. 4 Уыдон цыдысты иу сахарӕй иннӕмӕ ӕмӕ уырнджытӕн сӕххӕст кӕнынмӕ лӕвӕрдтой, апостолтӕ ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕ Иерусалимы кӕй рахастой, уыцы уынаффӕтӕ. 5 Ӕмӕ фидар кодта аргъуанты уырнындзинад, ӕрвылбон ӕфтыд уырнджыты нымӕцыл. 6 Ахызтысты Фригийыл ӕмӕ Галатийы бӕстӕйыл, уымӕн ӕмӕ сӕ Сыгъдӕг Уд нӕ бауагъта Хуыцауы ныхас Асийы амонынмӕ. 7 Мисийы арӕнмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд архайдтой Вифинимӕ ацӕуыныл, фӕлӕ сӕ Йесойы Уд нӕ бауагъта уырдӕм. 8 Уӕд ахызтысты Мисийыл ӕмӕ ӕрцыдысты Троадӕмӕ. 9 Ӕмӕ Павел уыцы ӕхсӕв йӕ цӕстылуайӕны федта: йӕ разы ӕрлӕууыд иу македониаг лӕг ӕмӕ йӕм хатыд: «Ӕрцу Македонимӕ ӕмӕ нын баххуыс кӕн». 10 Павелы цӕстылуайӕны хӕдуӕлвӕд нӕхи ӕрцӕттӕ кодтам Македонимӕ цӕуынмӕ – бамбӕрстам, Хуыцау нӕ уырдӕм фарны уац фӕхӕссынмӕ кӕй ӕрхуыдта, уый. 11 Араст стӕм Троадӕйӕ ӕмӕ ӕмраст бацыдыстӕм Самофракимӕ, уырдыгӕй дыккаг бон – Неаполмӕ, 12 Неаполӕй та – ромаг колони Филипптӕм, Македонийы уыцы хайы сӕйраг сахармӕ. Фестӕм дзы цалдӕр боны, 13 Сабаты та ацыдыстӕм фӕссахармӕ, цӕугӕдоны цурмӕ, мах куыд ӕнхъӕл уыдыстӕм, афтӕмӕй кувӕн бынат кӕм уыд, уырдӕм. Ӕрбадтыстӕм ӕмӕ ныхас кодтам, чи ӕрӕмбырд, уыцы сылгоймӕгтимӕ. 14 Ӕмӕ Фиатирӕйы сахарӕй Хуыцауы нымайӕг сылгоймаг, йӕ ном – Лидиа, сӕнтсырх хъуымац уӕйгӕнӕг, хъуыста ныхасмӕ. Хицау ын байгом кодта йӕ зӕрдӕ, Павел цы дзырдта, уыцы ныхӕстӕн. 15 Йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йын йӕ хӕдзаронтыл дӕр куы саргъуыдӕуыд, уӕд нӕм ӕрхатыд: «Хицауыл мӕ иузӕрдионыл кӕд банымадтат, уӕд рацӕут мӕ хӕдзармӕ ӕмӕ цӕрут мӕнмӕ». Ӕмӕ нӕ сразы кодта. 16 Иухатт кувӕн бынатмӕ куы фӕцӕйцыдыстӕм, уӕд ныл сӕмбӕлди, дӕсныфӕрсыныл ардауӕг ӕнӕзӕгъинаг кӕй ӕрцахста, ахӕм лӕггадгӕнӕг чызг. Дӕсныфӕрсынӕй йӕ хицӕуттӕн хаста стыр ӕфтиаг. 17 Павелимӕ-иу куы цыдыстӕм, уӕд-иу нӕ фӕдыл бафтыд ӕмӕ хъӕр кодта: «Ацы лӕгтӕ Дунедарӕг Хуыцауы цагъартӕ сты; фервӕзӕн цы амалӕй ис, уыдон уын уый тыххӕй дзурынц». 18 Афтӕ кодта бирӕ бонты дӕргъы. Павел, ӕппынфӕстаг, смӕсты, акаст фӕстӕмӕ ӕмӕ ӕнӕзӕгъинагӕн загъта: «Йесо Чырыстийы номӕй дын дӕттын бардзырд: рацу дзы». Ӕмӕ дзы уайтӕккӕ рацыд. 19 Се 'фтиагыл зӕрдӕ дарӕн кӕй нал ис, уый чызджы хицӕуттӕ куы федтой, уӕд ӕрцахстой Павел ӕмӕ Силӕйы, ӕмӕ сӕ лӕгдыхӕй акодтой сӕйраг фӕзмӕ сахары сӕргълӕуджытӕм. 20 Бакодтой сӕ сахары хицӕуттӕм ӕмӕ загътой: «Ацы лӕгтӕ иудейтӕ сты ӕмӕ змӕнтынц нӕ сахар. 21 Хӕлиу кӕнынц, махӕн, ромӕгтӕн, барвӕссинаг чи нӕу ӕмӕ нын ӕххӕст кӕнын кӕй не 'мбӕлы, ахӕм ӕгъдӕуттӕ». 22 Павелы ӕмӕ Силӕйы ныхмӕ ӕрӕмбырд бирӕ адӕм. Уӕд сахары хицӕуттӕ радтой бардзырд, цӕмӕй дыууӕйӕн дӕр сӕ дарӕс сӕ уӕлӕйӕ ӕррӕмудзой ӕмӕ сӕ лӕдзджытӕй фӕнӕмой. 23 Дзӕбӕх сӕ куы фӕнадтой, уӕд сӕ баппӕрстой ахӕстоны, ӕмӕ хъахъхъӕнӕгӕн бафӕдзӕхстой къӕрцхъусӕй сӕ хъахъхъӕнын. 24 Ахӕм бардзырд куы райста, уӕд сӕ баппӕрста ахӕстоны рӕбинаг хаймӕ ӕмӕ сын сӕ къӕхтыл бакодта хъадамантӕ. 25 Ӕмбисӕхсӕвмӕ хӕстӕг Павел ӕмӕ Силӕ куывтой, зарыдысты Хуыцауы кадӕн, ахӕстытӕ та сӕм хъуыстой. 26 Ӕваст зӕхх афтӕ тыхджын нынкъуысыд, ӕмӕ ахӕстон нызмӕлыд йӕ бындурмӕ. Уайтӕккӕ байгом сты ахӕстоны ӕппӕт дуӕрттӕ, ӕмӕ ахӕстытӕ иууылдӕр сӕ рӕхыстӕй суӕгъд сты. 27 Ахӕстоны хъахъхъӕнӕг куы райхъал ӕмӕ дуӕрттӕ гомӕй куы федта, уӕд фелвӕста йӕ кард ӕмӕ хъавыд йӕхи амарынмӕ; ӕнхъӕл уыд, ӕмӕ ахӕстытӕ алыгъдысты. 28 Фӕлӕ Павел ныхъхъӕр кодта: «Дӕхицӕн знаггад ма ракӕн! Мах неппӕт дӕр ам стӕм!» 29 Уӕд хъахъхъӕнӕг ӕрбахӕссын кодта цырагъ, базгъордта Павелмӕ ӕмӕ Силӕмӕ, ӕмӕ, тӕрсгӕ-ризгӕйӕ, йӕхи ӕрӕппӕрста сӕ къӕхтӕм. 30 Стӕй сӕ рахуыдта ӕддӕмӕ ӕмӕ сӕ бафарста: «Ме 'лдӕрттӕ, фервӕзынӕн мын цы гӕнгӕ у?» 31 Уыдон ын загътой: «Баууӕнд Хицау Йесойыл, ӕмӕ фервӕздзынӕ дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр». 32 Хъахъхъӕнӕгӕн ӕмӕ йеппӕт хӕдзаронтӕн Павел ӕмӕ Силӕ фӕцамыдтой Хицауы ныхас. 33 Хъахъхъӕнӕг сӕ ӕхсӕвы тӕккӕ уыцы сахатыл ракодта, цӕхсадта сын сӕ хъӕдгӕмттӕ, ӕмӕ ӕвӕстиатӕй аргъуыд райста йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йеппӕт хӕдзаронтӕ дӕр. 34 Павел ӕмӕ Силӕйы бахуыдта йӕ хӕдзармӕ, фынг сын ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ цин кодта йеппӕт хӕдзаронтимӕ, Хуыцауыл кӕй баууӕндыдысты, уый тыххӕй. 35 Куы сбон, уӕд сахары хицӕуттӕ се 'ххуысгӕнджыты арвыстой ахӕстонмӕ зӕгъынмӕ: «Рауадз уыцы лӕгты». 36 Хъахъхъӕнӕг уыцы ныхӕстӕ фӕхӕццӕ кодта Павелмӕ: «Сахары хицӕуттӕ ӕрбарвыстой уӕ рауадзыны бардзырд. Уӕдӕ ныр ацӕут фарнимӕ». 37 Фӕлӕ Павел ӕрвыст лӕгтӕн загъта: «Мах, ромаг граждӕнты, ӕнӕ тӕрхонӕй куы надтой ӕппӕт адӕмы раз, ӕмӕ нӕ ахӕстоны куы баппӕрстой, уӕд нӕ ныр сусӕгӕй уадзынц? Уымӕн уӕвӕн нӕй. Ӕрцӕуӕнт ӕмӕ нӕ сӕхӕдӕг ракӕнӕнт ардыгӕй». 38 Ӕрвыстытӕ уыцы ныхӕстӕ фӕхӕццӕ кодтой сахары хицӕуттӕм. Ромаг граждӕнтӕ кӕй сты, уый куы фехъуыстой, уӕд старстысты, 39 Ӕрцыдысты сӕм ӕмӕ сӕ хатыр ракуырдтой. Рахуыдтой сӕ ахӕстонӕй ӕмӕ сӕм хатыдысты, цӕмӕй ацӕуой сахарӕй. 40 Павел ӕмӕ Силӕ ахӕстонӕй ӕрцыдысты Лидиайы хӕдзармӕ. Уым фембӕлдысты ӕфсымӕртимӕ, ныфс сӕ бауагътой ӕмӕ араст сты дарддӕр.
