1 Иудейӕйӕ ӕрцыди чидӕртӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн райдыдтой амонын: «Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сунӕт куы нӕ скӕнат, уӕд нӕ фервӕздзыстут». 2 Павел ӕмӕ Варнавӕ семӕ не сразы сты ӕмӕ сӕм рауад стыр быцӕу. Уӕд бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй Павел, Варнавӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕй цалдӕр ацы хъуыддаджы фӕдыл ацӕуой апостолтӕм ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕм Иерусалиммӕ. 3 Аргъуан сӕ срӕвдз кодта фӕндагмӕ, ӕмӕ ацыдысты Финикийыл ӕмӕ Самарийыл. Сӕ фӕндагыл дзырдтой, муртаттӕ кӕй цӕуынц Хуыцаумӕ, ӕмӕ уымӕй ӕппӕт ӕфсымӕртӕн дӕр хастой стыр цин. 4 Иерусалиммӕ куы ӕрхӕццӕ сты, уӕд сыл ӕхсызгонӕй сӕмбӕлдысты аргъуан, апостолтӕ ӕмӕ хистӕртӕ. Павел ӕмӕ сын Варнавӕ радзырдтой, Хуыцау сӕ фӕрцы цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй. 5 Фӕлӕ сыстадысты Йесойыл баууӕндӕг фарисейтӕй чидӕртӕ, ӕмӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, муртаттӕ хъуамӕ кӕной сунӕт ӕмӕ сын хъӕуы бафӕдзӕхсын Моисейы Ӕгъдауыл хӕцын. 6 Апостолтӕ ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕ ӕрӕмбырд сты уыцы хъуыддаг равзарынмӕ. 7 Дзӕвгар ыл куы фӕбыцӕу кодтой, уӕд сыстад Петр ӕмӕ загъта: «Ӕфсымӕртӕ, сымах зонут, фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ Хуыцау сымахӕй мӕн сӕвзӕрста, цӕмӕй муртаттӕ мӕ дзыхӕй фехъусой фарны уац ӕмӕ баууӕндой. 8 Ӕмӕ Зӕрдӕзонӕг Хуыцау муртаттыл кӕй ауды, уый равдыста, махӕн Ӕй куыд радта, афтӕ уыдонӕн дӕр Сыгъдӕг Уд раттынӕй. 9 Хуыцау махмӕ дӕр ӕмӕ уыдонмӕ дӕр иу цӕстӕй кӕсы, уымӕн ӕмӕ сын уырнындзинадӕй ссыгъдӕг кодта сӕ зӕрдӕтӕ. 10 Ныр Хуыцауы цӕмӕн къахут? Нӕдӕр нӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр мах кӕй нӕ бафӕрӕзтам хӕссын, уыцы ӕфсондз ахуыргӕнинӕгты бӕрзӕйыл цӕмӕн ӕвӕрут? 11 Мах куы ӕууӕндӕм, мах дӕр ӕмӕ уыдон дӕр кӕй фервӕздзыстӕм ӕрмӕст Хицау Йесойы хорзӕхы руаджы». 12 Уӕд сеппӕт дӕр ныхъхъус сты, ӕмӕ хъуыстой Варнавӕ ӕмӕ Павелмӕ. Уыдон дзырдтой, Хуыцау сӕ фӕрцы муртаттӕм цы ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ сарӕзта, уый тыххӕй. 13 Сӕ ныхас куы фесты, уӕд райдыдта дзурын Иаков: «Ӕфсымӕртӕ, байхъусут мӕм. 14 Симон радзырдта, зӕгъгӕ, Хуыцау фыццаг хатт муртаттӕм ӕркаст, цӕмӕй дзы Йӕхицӕн сӕвзара адӕм. 15 Афтӕ амонынц пехуымпарты ныхӕстӕ дӕр. Фыст у: 16 „Уый фӕстӕ Ӕз раздӕхдзынӕн ӕмӕ сараздзынӕн Давиды хӕлд цатыр, йӕ хӕлддзӕгтӕ йын ӕрӕвӕрдзынӕн сӕ бынӕтты ӕмӕ йӕ сног кӕндзынӕн. 17 Цӕмӕй Хицаумӕ тырной иннӕ адӕм, Мӕ ном чи хӕссы, уыцы адӕмтӕ иууылдӕр. Афтӕ зӕгъы Хицау, 18 Ӕппӕт уыдӕттӕ тӕккӕ райдианӕй Чи ӕргом кӕны, Уый". 19 Уымӕ гӕсгӕ мӕ хъуыды у: муртаттӕй Хуыцаумӕ чи здӕхы, уыдоныл уӕлдай уаргъ ма ӕвӕрӕм. 20 Фӕлӕ сӕм ныффыссӕм, ӕмӕ сӕхи бахизӕнт, мӕнгхуыцӕуттӕн нывондӕн ӕрхӕссынӕй цы фелгъаг, уый хӕрынӕй, хӕтынӕй, хӕдмӕл ӕмӕ туг хӕрынӕй [ӕмӕ сӕ сӕхицӕн цы нӕ фӕнды, уый ма кӕнӕнт иннӕтӕн]. 21 Моисейы Ӕгъдау рагӕй-ӕрӕгмӕ алы сахары дӕр куы амонынц ӕмӕ йӕ синагогӕты алы сабат дӕр куы кӕсынц». 22 Уӕд апостолтӕ ӕмӕ хистӕртӕ ӕппӕт аргъуанимӕ сфӕнд кодтой аргъуанӕй цалдӕр лӕджы сӕвзарын ӕмӕ сӕ Павелимӕ ӕмӕ Варнавӕимӕ Антиохимӕ арвитын. Ӕмӕ сӕвзӕрстой, Варсава дӕр ма кӕй хуыдтой, уыцы Иудӕйы, ӕмӕ Силӕйы – ӕфсымӕрты ӕхсӕн дзырддзӕугӕты. 23 Ныффыстой ӕмӕ сын семӕ арвыстой ахӕм фыстӕг: «Апостолтӕй ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕй, уе 'фсымӕртӕй – Антиохийы, Сирийы ӕмӕ Киликийы муртаттӕй Хуыцаумӕ чи ӕрцыд, уыцы ӕфсымӕртӕм. Фӕрнджын ут. 24 Ӕрбайхъуысти нӕм, махӕй чи ацыд, уыдонӕй уӕ чидӕртӕ сӕ ныхӕстӕй фӕкъуыхцы кодтой ӕмӕ уын змӕнтынц уӕ зонд [сымах хъуамӕ кӕнат сунӕт ӕмӕ хӕцат Моисейы Ӕгъдауыл, зӕгъгӕ]. Фӕлӕ сын мах ахӕмӕй ницы бафӕдзӕхстам. 25 Уымӕ гӕсгӕ ӕмзӕрдӕйӕ бауынаффӕ кодтам цалдӕр лӕджы сӕвзарын ӕмӕ уӕм сӕ нӕ уарзон ӕфсымӕртӕ Варнавӕимӕ ӕмӕ Павелимӕ арвитын – 26 Уыцы дыууӕ сӕ цард снывонд кодтой нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номы сӕраппонд. 27 Уӕдӕ уӕм ӕрвитӕм Иудӕ ӕмӕ Силӕйы – уыдон уын лӕгӕй-лӕгмӕ ноджыдӕр радзурдзысты, мах уӕм цы ныффыстам, уый. 28 Сыгъдӕг Уд ӕмӕ мах алыг кодтам сымахыл ӕндӕр уаргъ нал ӕвӕрын, мӕнӕ ацы ахсджиагдӕртӕй фӕстӕмӕ: 29 Мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывондтӕ, туг ӕмӕ хӕдмӕл хӕрынӕй, стӕй хӕтынӕй хи бахизын [ӕмӕ уӕ уӕхицӕн цы нӕ фӕнды, уый иннӕтӕн нӕ кӕнын]. Уыдӕттӕй уӕхи куы хизат, уӕд раст бакӕндзыстут. Хӕрзбон». 30 Ӕрвыст ӕфсымӕртӕ ӕрцыдысты Антиохимӕ, ӕрӕмбырд кодтой уырнджыты ӕмӕ сӕм радтой фыстӕг. 31 Уыдон фыстӕг куы бакастысты, уӕд бацин кодтой – ацы хабар сӕ барӕвдыдта. 32 Иудӕ ӕмӕ Силӕ сӕхӕдӕг пехуымпартӕ уыдысты, бирӕ фӕныхас кодтой ӕфсымӕртимӕ, бауагътой сӕ ныфс ӕмӕ сын бафтыдтой сӕ уырнындзинадыл. 33 Уым фесты иуцасдӕр, стӕй сӕ ӕфсымӕртӕ фарнимӕ афӕндараст кодтой сӕ рарвитджытӕм. 34 [Фӕлӕ Силӕйы бафӕндыд уым баззайын.] 35 Павел ӕмӕ Варнавӕ та баззадысты Антиохийы, бирӕ ӕндӕртимӕ амыдтой адӕмӕн ӕмӕ хъусын кодтой Хицауы ныхас. 36 Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Павел загъта Варнавӕйӕн: «Ацӕуӕм ӕмӕ, Хицауы ныхас кӕдӕм ӕрхастам, ӕппӕт уыцы сахарты бабӕрӕг кӕнӕм не 'фсымӕрты, сӕ цард сын фенӕм». 37 Варнавӕйы фӕндыд, Марк дӕр ма кӕй хуыдтой, уыцы Иоанны йемӕ акӕнын. 38 Фӕлӕ Павел разы нӕ уыд, Памфилийы сӕ чи ныууагъта ӕмӕ семӕ кусын кӕй нӕ бафӕндыд, уыцы лӕджы акӕныныл. 39 Павелы ӕмӕ Варнавӕйы ӕхсӕн ахӕм быцӕу рауад, ӕмӕ фӕхицӕн сты. Варнавӕ Маркы акодта йемӕ ӕмӕ науыл ацыд Кипрмӕ. 40 Павел та ӕмбӕлццонӕн сӕвзӕрста Силӕйы, ӕфсымӕртӕ йӕ бафӕдзӕхстой Хицауы хорзӕхыл, ӕмӕ араст. 41 Павел цыди Сирийыл ӕмӕ Киликийыл, ӕмӕ йӕ фӕндагыл фидар кодта аргъуантӕ.
