IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

Апостолты хъуыддӕгтӕ 13 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Антиохийы аргъуаны уыди пехуымпартӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ: Варнавӕ, Нигер кӕй хуындӕуыд, уыцы Симеон, кириниаг Луций, ӕлдариуӕггӕнӕг Иродимӕ чи хъомыл кодта, уыцы Манаин, ӕмӕ Савл.   2  Уыдон иухатт Хуыцаумӕ куы куывтой ӕмӕ ком куы дардтой, уӕд сын Сыгъдӕг Уд загъта: «Цы хъуыддагӕн сӕ сӕвзӕрстон, уый саразынӕн Мын раттут Варнавӕйы ӕмӕ Савлы».   3  Ком бадарыны ӕмӕ фӕкувыны фӕстӕ Варнавӕйыл ӕмӕ Савлыл ӕрӕвӕрдтой сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ афӕндараст кодтой.   4  Уыдон, Сыгъдӕг Удӕй ӕрвыстытӕ, ӕрцыдысты Селевкийы сахармӕ, уырдыгӕй та науы араст сты Кипрмӕ.   5  Бахӕццӕ сты Саламинмӕ ӕмӕ иудейаг синагогӕты амыдтой Хуыцауы ныхас. Семӕ ма ӕххуысгӕнӕгӕй уыд Иоанн дӕр.   6  Ахызтысты ӕппӕт сакъадахыл ӕмӕ бахӕццӕ сты Пафмӕ. Уым фембӕлдысты цавӕрдӕр иудейаг кӕлӕнгӕнӕг ӕмӕ мӕнгпехуымпарыл, йӕ ном – Вар-Йесо.   7  Вар-Йесо уыди сакъадахы хицау Сергий Павелы, зондджын лӕджы, ӕввахсдӕртӕй иу. Сергий Павел фӕдзырдта Варнавӕ ӕмӕ Савлмӕ, фӕндыд ӕй Хуыцауы ныхасмӕ байхъусын.   8  Фӕлӕ Вар-Йесо (хуыдтой ма йӕ Элима дӕр, ома, кӕлӕнгӕнӕг) уыди сӕ ныхмӕ ӕмӕ архайдта, цӕмӕй сакъадахы хицау уырнындзинадмӕ ма ӕрцӕуа.   9  Фӕлӕ Савл, хуыдтой ма йӕ Павел дӕр, схайджын Сыгъдӕг Удӕй, ӕдзынӕг ныккаст Элимамӕ   10  Ӕмӕ загъта: «О хӕйрӕджы хъӕбул, фӕлитой ӕмӕ налат, рӕстдзинады знаг! Хицауы раст фӕндӕгтӕй адӕмы галиумӕ здахыны куыст искуы ныууадздзынӕ ӕви нӕ?   11  Ныр дӕ Хицауы къух ӕрцӕвдзӕн, бакуырм уыдзынӕ ӕмӕ, цалынмӕ афон ралӕууа, уӕдмӕ хуры рухс нӕ фендзынӕ». Элимайыл ӕваст боны рухс батар, ӕмӕ алырдӕм рафтбафтгӕнгӕйӕ агуырдта, чи йӕ ахона, ахӕмы.   12  Цы ӕрцыд, уый Сергий Павел куы федта, уӕд Хицауы тыххӕй цы базыдта, уый йӕ бафтыдта стыр дисы, ӕмӕ баууӕндыд.   13  Павел ӕмӕ йе 'мбӕлццӕттӕ науы ацыдысты Пафӕй, ӕмӕ бахӕццӕ сты Памфилимӕ, Пергийы сахармӕ. Ам Иоанн фӕхицӕн уыдонӕй ӕмӕ ӕрбаздӕхт Иерусалиммӕ.   14  Уыдон та Пергийӕ араст сты дарддӕр ӕмӕ бахӕццӕ сты писидиаг сахар Антиохимӕ. Сабаты бацыдысты синагогӕмӕ ӕмӕ дзы ӕрбадтысты.   15  Ӕгъдауӕй ӕмӕ пехуымпарты чингуытӕй бакӕсыны фӕстӕ синагогӕйы хицӕуттӕ арвыстой уыдонӕн зӕгъынмӕ: «Ӕфсымӕртӕ, кӕд уӕм адӕмӕн зондамонӕн ныхас ис, уӕд ӕй зӕгъут».   16  Павел сыстад ӕмӕ, къухӕй бацамонгӕйӕ, загъта: «Байхъусут, израилӕгтӕ, стӕй Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон дӕр!   17  Ацы адӕмы Хуыцау, Израилы Хуыцау, сӕвзӕрста нӕ фыдӕлты. Израилӕгтӕ-ма Мысыры ӕцӕгӕлӕттӕй куы цардысты, уӕд сӕ скодта стыр адӕм, стӕй сӕ уырдыгӕй рахуыдта Йӕ домбай къухӕй.   18  Дыууиссӕдз азы бӕрц сын фӕлӕвӕрдта хойраг ӕдзӕрӕг бӕстӕйы.   19  Ӕмӕ Ханааны бӕстӕйы авд адӕмыхатты куы фӕцагъта, уӕд сын сӕ зӕхх радта израилӕгтӕн.   20  Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцыдысты иу цыппарсӕдӕ фӕндзай азмӕ. Уый фӕстӕ сын, Самуил-пехуымпары заманы онг, Хуыцау лӕвӕрдта тӕрхонгӕнджытӕ.   21  Фӕстӕдӕр уыдон сӕхицӕн куырдтой паддзах, ӕмӕ сын Хуыцау Вениамины хӕдзарвӕндагӕй радта Кисы фырт Саулы. Уый паддзахиуӕг кодта дыууиссӕдз азы.   22  Стӕй йӕ Хуыцау раппӕрста ӕмӕ сын паддзахӕй сӕвӕрдта Давиды. Хуыцау Йӕхӕдӕг Давиды тыххӕй загъта: „Ӕз ссардтон, Мӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, Мӕн цыдӕриддӕр фӕнды, уый чи бакӕндзӕн, ахӕм лӕджы – Иессейы фырт Давиды".   23  Хуыцау зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ Давиды байзӕддагӕй Израилӕн радта Ирвӕзынгӕнӕг Йесойы.   24  Йесойы ӕрцыды хӕдразмӕ Иоанн ӕппӕт израилаг адӕммӕ сидтис тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнынмӕ ӕмӕ аргъуыд райсынмӕ.   25  Иоанн йӕ куыст куы фӕци, уӕд загъта: „Кӕуыл мӕ нымайут? Нӕ, ӕз уый нӕ дӕн. Фӕлӕ мӕнӕ мӕ фӕстӕ ӕрцӕуы, ӕз Кӕй дзабыры бос райхалыны аккаг нӕ дӕн, Уый".   26  Ӕфсымӕртӕ, Авраамы байзӕддӕгтӕ, стӕй сымах, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон! Фервӕзыныл дзурӕг ацы уац махӕн ӕрвыст у.   27  Иерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕ Йесойы нӕ базыдтой, ӕмӕ нӕ бамбӕрстой, алы сабат дӕр кӕй фӕкастӕуы, пехуымпарты уыцы ныхӕстӕ. Ӕмӕ сӕ сӕххӕст кодтой мӕлӕты тӕрхон Ын рахӕссынӕй.   28  Амарыны аккаг азым Ӕм не ссардтой, фӕлӕ уӕддӕр Пилатӕй куырдтой Йӕ амарын.   29  Йесойы тыххӕй фыст цы уыд, ӕппӕт уыдӕттӕ куы сӕххӕст кодтой, уӕд Ӕй ӕристой дзуарӕй ӕмӕ Йӕ бавӕрдтой зӕппадзы.   30  Фӕлӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта.   31  Бирӕ бонты дӕргъы Йесо Йӕхи ӕвдыста Галилейӕ Иерусалиммӕ Йемӕ ӕрцӕуджытӕн. Ныр уыдон Йесойы тыххӕй ӕвдисӕн лӕууынц нӕ адӕмӕн.   32  Ӕмӕ уын мах ӕрхастам уыцы фарны уац: Хуыцау фыдӕлтӕн ныфс цӕмӕй бавӕрдта, уый радта махӕн, сӕ цотӕн, – Йесойы райгас кодта мӕрдтӕй,   33  Дыккаг псаломы куыд фыст у, афтӕ: „Ды Мӕ Фырт дӕ, Ды Мын абон райгуырдтӕ".   34  Хуыцау Ӕй мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, ӕмӕ Йын бамбийӕн кӕй нал уыдзӕн, уый тыххӕй та Хуыцау афтӕ загъта: „Ӕз уыл бафтаудзынӕн, Давидӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтон ӕмӕ кӕй нӕ аивдӕуыдзӕн, уыцы арфӕтӕ".   35  Уымӕ гӕсгӕ иннӕ ран загъд у: „Дӕ сыгъдӕджы нӕ бамбийын кӕндзынӕ ингӕны".   36  Фӕлӕ Хуыцау цы снысан кодта, Давид йӕ заманы уый куы сарӕзта, уӕд амард, ныгӕд ӕрцыд йӕ фыдӕлтимӕ ӕмӕ бамбыд.   37  Хуыцау Кӕй райгас кодта, Уый та нӕ бамбыд.   38  Уӕдӕ зонут, ӕфсымӕртӕ: Йесойы фӕрцы сымахӕн хъуыстгонд цӕуы уац тӕригъӕдтӕ ныббарыны,   39  Стӕй Моисейы Ӕгъдауы руаджы цӕмӕй не сраст уыдаиккат, ӕппӕт уыдӕттӕ ныххатыр кӕныны тыххӕй. Йесойы руаджы растгонд цӕуы алы уырнӕг дӕр.   40  Уӕдӕ уӕхи хизут, цӕмӕй уыл ма ӕрцӕуа пехуымпары ныхас:   41  „Кӕсут-ма, ӕнӕрвӕссонтӕ! Бадис кӕнут ӕмӕ фӕтары ут, уымӕн ӕмӕ уӕ заманы Ӕз сараздзынӕн ахӕм хъуыддаг, ӕмӕ уын ӕй исчи куы загътаид, уӕд уӕ нӕ бауырныдтаид"».   42  Павел ӕмӕ Варнавӕ синагогӕйӕ куы рацӕйцыдысты, уӕд сӕм хатыдысты, цӕмӕй уыдӕтты тыххӕй дзурой иннӕ сабаты дӕр.   43  Ӕмбырд куы рахӕлиу, уӕд дзӕвгар иудейтӕ, муртаттӕй иудейаг диныл чи ныххӕцыд, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ, ацыдысты Павел ӕмӕ Варнавӕйы фӕдыл. Павел ӕмӕ Варнавӕ ныхас кодтой семӕ ӕмӕ сӕм хатыдысты Хуыцауы хорзӕхыл фидар хӕцыны тыххӕй.   44  Иннӕ сабаты ӕгас сахар, искуы иуӕй фӕстӕмӕ, ӕрӕмбырд Хуыцауы ныхас хъусынмӕ.   45  Иудейтӕ та уыйбӕрц адӕм куы федтой, уӕд фырхӕлӕгӕй фӕцӕйтыдтой, дзырдтой Павелы ныхӕсты ныхмӕ ӕмӕ йӕ ӕлгъыстой.   46  Уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ ныфсджынӕй загътой: «Хуыцауы ныхас фыццаг сымахӕн хъуамӕ загъдӕуыдаид. Фӕлӕ йыл кӕй не 'рвӕссут ӕмӕ мыггагмӕйы царды аккагыл уӕхи кӕй нӕ нымайут, уымӕ гӕсгӕ цӕуӕм муртаттӕм.   47  Уымӕн ӕмӕ нын Хицау афтӕ бафӕдзӕхста: „Ӕз Дӕ радтон муртаттӕн рухсӕн, цӕмӕй ӕгас дуне фервӕза Дӕ фӕрцы"».   48  Уыцы ныхӕстӕ муртаттӕн ӕрхастой цин, кад кодтой Хицауы ныхасӕн, ӕмӕ Хуыцау мыггагмӕйы цардӕн кӕй сӕвзӕрста, уыдон иууылдӕр баууӕндыдысты.   49  Афтӕ Хицауы ныхас хӕлиу кодта ӕппӕт бӕстӕйыл.   50  Фӕлӕ иудейтӕ сардыдтой дингӕнӕг уӕздан сылгоймӕгты, стӕй сахары хицӕутты; Павел ӕмӕ Варнавӕйы фӕдыл райдыдтой зилын, ӕмӕ сӕ фӕтардтой уырдыгӕй.   51  Павел ӕмӕ Варнавӕ ацагътой сӕ къӕхты рыг ӕмӕ ацыдысты Иконимӕ.   52  Ахуыргӕнинӕгтӕ та уыдысты зӕрдӕрухс ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй хайджын.