IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

2 Тимофеймӕ 3 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Зындгонд дын уӕд: рӕстӕджы кӕрон уыдзӕн уӕззау заман.   2  Уымӕн ӕмӕ адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарз, хиппӕлой, сӕрыстыр, маргӕвзаг, ныййарджытӕн ӕгоммӕгӕс, ӕбузныг, ӕнӕхуыцау, саузӕрдӕ,   3  Нӕбарон, хахуыргӕнӕг, ӕгъатыр; хиуыл хӕцын нӕ зондзысты, хорзӕй цы ис, уый сын уыдзӕн ӕнӕуынон,   4  Уыдзысты гадзрахат, сӕнтдзӕф, хъал, Хуыцауы уарзыны бӕсты фылдӕр уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ.   5  Сӕхи ӕвдисдзысты афтӕ, цыма Хуыцауы нымайынц, Йӕ хъаруйыл та Йын сӕхи атигъ кӕндзысты. Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу.   6  Уыдоны хуызӕттӕ ӕрбаирвӕзынц хӕдзӕрттӕм, ӕмӕ сӕ уацары бахауынц, тӕригъӕдты чи аныгъуылди, сӕ алы мондӕгты коммӕ чи кӕсы, ахӕм ӕнӕзонд сылгоймӕгтӕ –   7  Иудадзыг ахуыр чи кӕны, фӕлӕ ӕцӕгад базонын кӕй бон нӕу, ахӕмтӕ.   8  Ианний ӕмӕ Иамврий Моисейы ныхмӕ куыд лӕууыдысты, афтӕ уыцы адӕймӕгтӕ дӕр сты ӕцӕгады ныхмӕ, сӕ зонд ныззыгъуыммӕ, ӕцӕг уырнындзинадимӕ сын иумӕйагӕй ницы ис.   9  Фӕлӕ сын бирӕ нӕ бантысдзӕн. Алкӕмӕн дӕр раргом уыдзӕн, уыдон ӕнӕзонд кӕй сты, уый – уыцы дыууӕйы хабар куыд уыди, афтӕ.   10  Ды та дӕ цард сарӕзтай мӕ ахуырадмӕ гӕсгӕ; бафӕзмыдтай мӕ цардыуаг, мӕ бӕллицтӕ, мӕ уырнынад, мӕ уарзт, куыд фӕразон ӕмӕ хъӕддых дӕн, уый.   11  Ды мӕнимӕ бавзӕрстай, Антиохийы, Икони ӕмӕ Листрӕйы мӕ сӕр кӕй баййӕфта, уыцы ӕфхӕрд ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ. Цы фыдӕфхӕрд нӕ баййӕфтон! Ӕмӕ мӕ ӕппӕт уыдӕттӕй фервӕзын кодта Хицау.   12  Ӕниу, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрын ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иумӕ уӕвын кӕй фӕнды, уыдон сеппӕт дӕр ӕййафдзысты ӕфхӕрд.   13  Фыдзӕрдӕтӕ ӕмӕ фӕлитойтӕ та кӕндзысты ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр, сӕхӕдӕг фӕсайды уыдзысты ӕмӕ иннӕты дӕр сайдзысты.   14  Ды та цӕуыл сахуыр дӕ ӕмӕ фидарӕй цӕуыл баууӕндыдтӕ, уый хӕццӕ кӕн дарддӕр. Чи дӕ сахуыр кодта, уыдоны хорз зоныс;   15  Уыимӕ сабибонтӕй фӕстӕмӕ ды зоныс Сыгъдӕг Фыст – уымӕ ис дӕуӕн зонд раттыны тых, цӕмӕй Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны руаджы фервӕзай.   16  Ӕппӕт Сыгъдӕг Фыст Хуыцауӕй разӕнгардгондӕй ныффыстӕуыд, ӕмӕ ахъаз у ахуырӕн, багӕды кӕнынӕн, раст фӕндагмӕ раздахынӕн, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл хъомыл кӕнынӕн,   17  Хуыцауы адӕймаг алы хуызы ифтонг ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ куыд уа, афтӕ.