IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

2 Коринфӕгтӕм 7 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд ӕмӕ нын Хуыцау уыдӕттӕй зӕрдӕ бавӕрдта, уӕд бавдӕлӕм ӕмӕ, буар ӕмӕ уд цӕмӕй фӕчъизи вӕййынц, уымӕй, Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ, ссыгъдӕг кӕнӕм нӕхи, алцӕмӕй дӕр Йӕ адӕм куыд суӕм, афтӕ.   2  Уӕ зӕрдӕты нын бынат раттут. Мах никӕй хъыджы бацыдыстӕм, никӕмӕн ракодтам знаггад, никӕмӕй ницы райстам.   3  Уӕ базылын кӕныны тыххӕй нӕ зӕгъын афтӕ. Амӕйразмӕ дӕр уын куы загътон: уыйбӕрц уӕ уарзӕм, ӕмӕ цӕттӕ стӕм уемӕ амӕлынмӕ дӕр ӕмӕ цӕрынмӕ дӕр.   4  Ӕз уыл тынг ӕууӕндын, тынг буц уӕ дӕн. Не стыр зынты дӕр ӕз дӕн ныфсджын ӕмӕ кӕрон нӕй мӕ цинӕн.   5  Уымӕн ӕмӕ мах Македонимӕ куы ӕрцыдыстӕм, уӕд ӕппындӕр ӕнцой нӕ зыдтам, уынгӕг рӕстӕг ныл скодта: нӕ алыварс – тох, нӕ зӕрдӕты – тас.   6  Фӕлӕ Хуыцау, зӕрдӕсӕстыты рӕвдауӕг, мах барӕвдыдта Титы ӕрцыдӕй,   7  Ӕмӕ ӕрмӕст йе 'рцыдӕй нӕ, фӕлӕ сымахӕй йӕ зӕрдӕ кӕй барухс, уымӕй дӕр. Уый нын радзырдта, мӕ фендмӕ кӕй бӕллут, уӕ хъыг куыд стыр у ӕмӕ разӕнгардӕй мӕ фарс кӕй стут, уый тыххӕй. Ӕмӕ уӕд ноджы бафтыди мӕ циныл.   8  Кӕд уӕ мӕ фыстӕгӕй зӕрдӕхъыджы бафтыдтон – фӕсмойнаг мын нӕу. Ӕз федтон: кӕд цыбыр рӕстӕгмӕ, уӕддӕр уын мӕ фыстӕг ӕрхаста зӕрдӕхъыг, ӕмӕ йыл хъынцъыймаг фӕдӕн.   9  Ныр та райын – зӕрдӕхъыджы кӕй бафтыдыстут, ууыл нӕ, фӕлӕ уӕ уыцы хъыг фӕсмон кӕй расайдта, ууыл. Уӕдӕ уын ницы зиан ӕрхастам, уымӕн ӕмӕ уӕ хъыг Хуыцауӕн фӕндон у.   10  Хуыцауӕн фӕндон хъыг расайы, фервӕзынмӕ чи ӕркӕны, ахӕм фӕсмон; ӕмӕ уый хъынцъыймаг нӕу. Дуне цы хъыг дӕтты, уый та мӕлӕт расайы.   11  Кӕсут-ма: Хуыцауӕн фӕндон хъыг уӕ куыд тынг ӕнувыд скодта, куыд зӕрдиагӕй уӕ бафӕндыд уӕ ном бахъахъхъӕнын, куыд тынг смӕсты стут, куыд егъау у уӕ тас, куыд иузӕрдион ныл разындыстут, куыд тынг разӕнгард стут азымджыны бафхӕрынмӕ! Сымах алцӕмӕй дӕр равдыстат, уыцы хъуыддаджы сыгъдӕг кӕй стут, уый.   12  Уӕдӕ уӕм ӕз иугӕр ныффыстон, уӕд ӕфхӕрӕджы сӕраппонд дӕр ӕмӕ ӕфхӕрд баййафӕджы сӕраппонд дӕр нӕ, фӕлӕ уын цӕмӕй Хуыцауы раз раргом уа, куыд ӕнувыд ныл стут, уый.   13  Ӕмӕ нӕ уымӕй барӕвдыдтат. Мах кӕй барӕвдыдтат, уымӕй фылдӕр та Титы циныл райӕм – сымах ын уеппӕт дӕр фестут удӕнцойы хос.   14  Уӕдӕ Титӕн цӕмӕйдӕрты сымахӕй кӕй раппӕлыдтӕн, уымӕй къӕмдзӕстыгӕй нӕ баззадтӕн. Мах уын цы дзырдтам, уый раст куыд у, афтӕ Титӕн цӕмӕйты раппӕлыдыстӕм, уыдон дӕр раст разындысты.   15  Иууылдӕр коммӕгӕс кӕй разындыстут, ӕмбӕлгӕ кад ын куы нӕ скӕнат, уымӕй тӕрсгӕйӕ йын кӕй фӕлӕууыдыстут фысым, уыдӕттӕ куы ӕрымысы, уӕд йӕ зӕрдӕйӕн свӕййут ноджы адджындӕр.   16  Ӕз цин кӕнын, алы хъуыддаджы дӕр мӕ сымахӕй ныфс кӕй ис, ууыл.