IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

2 Коринфӕгтӕм 4 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Ахӕм куыст нын Хуыцауы хорзӕхы фӕрцы лӕвӕрд у, ӕмӕ нӕ ныфс нӕ сӕтты.   2  Махӕн иумӕйагӕй ницы ис, худинаджы тыххӕй кӕй фембӕхсынц, ахӕм митимӕ, нӕ архайӕм хинӕй ӕмӕ Хуыцауы ныхас нӕ зыгъуыммӕ кӕнӕм. Мах ӕргомӕй хъусын кӕнӕм ӕцӕгад, ӕмӕ нын Хуыцауы раз аргъгӕнӕг уӕд алы адӕймаг дӕр.   3  Мах кӕй хъусын кӕнӕм, уыцы фарны уац кӕд искӕмӕн нӕу ӕргом, уӕд ӕргом нӕу сӕфтыкъахыл лӕуджытӕн.   4  А дунейы хуыцау уыцы ӕнӕуырнджыты бакуырм кодта, ӕмӕ нӕ уынынц Чырыстийы, Хуыцауы Халдихы, намысыл дзурӕг фарны уацы тӕмӕнкалгӕ рухс.   5  Мах нӕхи тыххӕй нӕ хъусын кӕнӕм, фӕлӕ Йесо Чырысти Хицау кӕй у, уый тыххӕй; мах та Йесойы сӕраппонд уӕ цагъартӕ стӕм.   6  Уымӕн ӕмӕ афтӕ Чи загъта: «Талынгӕй сӕрттивӕд рухс», уыцы Хуыцау нӕ зӕрдӕты ссыгъта рухс, ӕмӕ мах базыдтам Хуыцауы намыс – уый ӕнхъӕвзы Йесо Чырыстийӕ.   7  Фӕлӕ уыцы хӕзна мах хӕссӕм ӕлыгӕй конд мигӕнӕнты – нӕ буӕртты, цӕмӕй бӕлвырд уа: ахӕм ӕгӕрон тых нӕхицӕй нӕу, Хуыцау ӕй дӕтты.   8  Мах ссӕндынц алырдыгӕй, фӕлӕ нӕ басӕттын нӕ фӕразынц; цы гӕнгӕ нын у, уый нал фӕзонӕм, фӕлӕ нӕ ныфс нӕ асӕтты;   9  Ӕфхӕрынц нӕ, фӕлӕ нӕ Хуыцау нӕ ныууагъта; ӕрыссӕндынц нӕ, фӕлӕ нӕ мӕлӕм.   10  Мах нӕ буары кӕддӕриддӕр хӕссӕм Йесойы мӕлӕт, цӕмӕй нӕ буары разына Йесойы цард дӕр.   11  Уымӕн ӕмӕ мах, удӕгӕстӕ, Йесойы сӕраппонд иудадзыг кӕсӕм мӕлӕты цӕстытӕм, цӕмӕй нӕ мӕлинаг буары разына Йесойы цард дӕр.   12  Мӕлӕт нӕ цух нӕ уадзы, цӕмӕй сымах цӕрат.   13  Сыгъдӕг Фыст афтӕ цы уырнындзинады тыххӕй зӕгъы: «Ӕз ӕууӕндыдтӕн, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ дзырдтон», нӕ удмӕ дӕр уыцы уырнындзинад ис, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мах дӕр ӕууӕндӕм ӕмӕ дзурӕм.   14  Мах зонӕм: Хицау Йесойы Райгасгӕнӕг Йесоимӕ райгас кӕндзӕни мах дӕр, ӕмӕ нӕ уемӕ ӕрлӕууын кӕндзӕн Йӕ разы.   15  Ӕппӕт уыдӕттӕ сты уӕ сӕраппонд, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх анхъӕвза бирӕ адӕмыл ӕмӕ расайа бирӕ арфӕтӕ Хуыцауы кадӕн.   16  Уымӕ гӕсгӕ нӕ ныфс нӕ сӕтты. Кӕд нӕ буар хӕррӕгъмӕ цӕуы, уӕд нӕ уд та бонӕй-бонмӕ ногдӕр кӕны.   17  Нӕ уӕлӕнгай хъизӕмӕрттӕ цыбыр рӕстӕгмӕ сты – уыдон махӕн ӕрхӕсдзысты, ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр мыггагмӕйы намыс.   18  Уымӕн ӕмӕ мах кӕсӕм, цӕстӕй цы уынӕм, уымӕ нӕ, фӕлӕ цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уымӕ. Цӕстӕй цы уынӕм, уый рӕстӕгмӕ у, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уый та у мыггагмӕ.