IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

2 Коринфӕгтӕм 2 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Уымӕ гӕсгӕ хуыздӕрыл банымадтон сымахмӕ не 'рцӕуын, ногӕй та уын зӕрдӕхъыджы хос куыд нӕ разынон, афтӕ.   2  Хъыджы уӕ куы бафтауон, уӕддӕр мын мӕ зӕрдӕ чи барухс кӕндзӕн, хъыджы кӕй бафтыдтон, уыдоны йеддӕмӕ?   3  Фысгӕ дӕр уӕм уый тыххӕй ныккодтон, ӕмӕ уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд мӕ маст ма бауадзой, мӕ зӕрдӕ кӕмӕй хъуамӕ барухс уа, уыдон. Уырны мӕ: мӕ цин уеппӕты цин у.   4  Ӕз уӕм мӕстджынӕй ӕмӕ зӕрдӕрыстӕй, бирӕ цӕссыг калгӕйӕ, масты уӕ бафтауыны тыххӕй нӕ ныффыстон, фӕлӕ цӕмӕй сымах базонат, ӕз уӕ куыд бирӕ уарзын, уый.   5  Ӕмӕ кӕд исчи искӕйы маст бауагъта, уӕд уымӕй мӕн не смӕстджын кодта, фӕлӕ – ныхас ӕгӕр карз куыд нӕ рауайа, афтӕ – иуцасдӕр уеппӕты дӕр.   6  Уыцы адӕймагӕн ӕгъгъӕд фӕуӕд, уӕ фылдӕрӕй цы ӕфхӕрд баййӕфта, уый.   7  Ныр та уын хуыздӕр у уымӕн ныббарын ӕмӕ йӕ барӕвдауын, цӕмӕй йӕ хъыг ма фегӕр уа.   8  Уымӕ гӕсгӕ уӕ курын уӕ уарзт ӕм хъуыддагӕй равдисын.   9  Фысгӕ дӕр уӕм, алы хъуыддаджы дӕр коммӕгӕс стут ӕви нӕ, уый бафӕлварыны тыххӕй ныккодтон.   10  Кӕмӕн хатыр кӕнут, уымӕн ӕз дӕр хатыр кӕнын. Ӕз цы ныббарстон (кӕд уӕвгӕ исты ныббарстон), уӕд ӕй Чырыстийы раз уӕ сӕраппонд ныббарстон,   11  Цӕмӕй нын хӕйрӕг зиан ма ӕрхӕсса – йӕ фыдвӕндтӕ нын зындгонд сты.   12  Троадӕмӕ Чырыстийы тыххӕй фарны уац хъусын кӕнынмӕ куы ӕрцыдтӕн, уӕд мын уыцы куыстӕн кӕд Хицауӕй дуар гом уыди,   13  Уӕддӕр мӕ уд ӕнцой нӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ ме 'фсымӕр Тит уым нӕ разынди. Уымӕ гӕсгӕ сын хӕрзбон загътон ӕмӕ ацыдтӕн Македонимӕ.   14  Бузныг Хуыцауӕй – Уый мах, уӕлахиздзаутау, кӕддӕриддӕр хоны Чырыстийы фӕдыл. Чырыстийы уац, ӕхсызгон хӕрздӕфау, Хуыцау мах руаджы хӕлиу кӕны алы ран дӕр.   15  Уымӕн ӕмӕ махӕй цӕуы Чырыстийы уацы хӕрздӕф, ӕмӕ уый Хуыцауы кадӕн у. Уыцы хӕрздӕф ӕнхъӕвзы фервӕзыны фӕндагыл цӕуджытыл дӕр ӕмӕ сӕфты фӕндагыл цӕуджытыл дӕр.   16  Иутӕн уый у мӕлӕты тӕф мӕлынӕн, иннӕтӕн та – царды хӕрздӕф цӕрынӕн. Адӕмӕй исчи разындзӕн, мыййаг, ахӕм куысты аккаг?   17  Бирӕтӕ, цӕстфӕлдахӕг уӕйгӕнджытау, зыгъуыммӕ кӕнынц Хуыцауы ныхас. Мах уыдонӕй не стӕм – Хуыцауы номӕй ӕмӕ Хуыцауы раз дзурӕм сыгъдӕг зӕрдӕйӕ, Чырыстиимӕ ӕмудӕй.